Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 2830 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ХОДЫНКÆ

[Ратæлмацгæнæг — Брытъиаты Созырыхъо]
 

— Дæ хивæнддзинад дын не ’мбарын. Райсом дын æдыхстæй дæ мады хо Верæимæ павильонмæ цæуæн куы ис, уæд дæхи æнæ хуыссæг цæмæн кæныс — «адæмы астæумæ» цæмæн цæуыс? Уым алцыдæр фендзынæ. Куы дын дзырдтон, Берг мын зæрдæ сæвæрдта, кæй дæ акæндзæн, уымæй. Науæд дæхæдæг нæ бацæудзынæ, фрейлинæ куы дæ. 

Афтæ йæ 23-аздзыд чызг Александрæйæн, «Ринæ», зæгъгæ, кæй схуыдтой, уымæн дзырдта кънйаз Павел Голицын, уæздæтты ’хсæн пижонæй кæй зыдтой, уый. 

Уыцы ныхас æрцыди Мæскуыйы, 1896-æм азы 17 майы, изæрæй, коронацийы адæмон бæрæгбоны хæд агъоммæ. Хъуыддаг та афтæ уыд, æмæ рæсугъд, хъаруджын чызг бакастæй Голицынты æнгæсæн уыд. Йæ фындз цæргæсы гуыбыр фындзы хуызæн. Уый ныр бæрзонд уæздæтты кафтизæртæм нал цыди фыццаджы хуызæн, æмæ уыди, раст дæр та йæхи нымадта раззагдæр сылгоймæгтыл æмæ уыди народниктæй. Уыд иунæг чызг. Йæ фыд æй бирæ уарзта, æмæ йæ цыдæриддæр фæндыд, уый кодта. Ныртæккæ та, йæ фыды загъдау, йæ зæрды æрæфтыд йæ кузенимæ адæмы бæрæгбонмæ ацæуын, бонрæфты паддзахы галуаны адæмимæ нæ, фæлæ хуымæтæг адæмимæ, хæдзары кæртгæс æмæ бæхтæрæджы æххуысгæнæгимæ иумæ. Уыдон та хæдзарæй тынг раджы араст кæнынвæнд скодтой. 

— Папæ, адæммæ кæсын нæ, фæлæ цæмæй семæ уон, уый мæ фæнды. Кæддæра æрыгон паддзахмæ цы цæстæй кæсынц. Иунæг хатт мын уый бакæнæн куыннæ ис... 

— Цæй, цы дæ фæнды, уый кæн, дæ хивæнддзинад дын зонын. 

— Хъыг дын ма уæд, мæ уарзон папæ. Дзырд дын дæттын, мæхи кæй хъахъхъæндзынæн, уый тыххæй, стæй Алек мемæ уыдзæн, уæгъд мæ не суадздзæн. 

Уыцы хъуыддаг фыдмæ кæд цыфæнды æнахуыр æмæ хъæддаг ми каст, уæддæр ма йын цы гæнæн уыд æмæ сразы. 

— Ацу йыл, кæй зæгъын æй хъæуы, — коляскæйы ацæуон, зæгъгæ, йæ чызг куы бафарста, уæд, — Ходынкæйы онг ыл ацæудзынæ æмæ йæ фæстæмæ рарвитдзынæ. 

— Цæй, уæдæ, афтæ фæуæд. 

Чызг йæ фыдмæ бацыд. Уый йыл, æгъдаумæ гæсгæ, дзуар бафтыдта, чызг ын йе стыр урс къухæн аба кодта. Æмæ фæйнæрдæм ацыдысты. 

Раст уыцы бон изæрæй, зындгонд Мария Яковлевнæ бапъирозтæгæнæн фабричы кусджытæн цы фатер лæвæрдта, уым дæр ныхас цыди райсомы тезгъойы тыххæй. Ягоднæй Емельяны фатермæ бауадысты йе ...’мбæлттæ, æмæ, кæд хъуамæ араст уой, ууыл ныхас кодтой. 

— Куы не схуыссæм, уæддæр, хъæлæкк, ницы кæнид, кæннод æгæр куы афынæй уæм, мыййаг, — дзырдта хъæлдзæг лæппулæг Яшæ, хъæдкъулы æдде чи цард, уый. 

— Схуыссын та цы хъыгдары, — дзуапп лæвæрдта Емельян. — Сæумæцъæхæй араст уыдзыстæм. Фæсивæд дæр афтæ загътой. 

— Цæй, кæд хуысгæ, уæд — хуысгæ. Æрмæст-иу мæ, Семеныч, исты куы уа, уæд райхъал кæн. 

Емельян ын зæрдæ бавæрдта, йæхæдæг стъолы лагъзæй цыллæ ’ндæхтæ систа, цырагъ æрбахæстæгдæр кодта æмæ йæ сæрдыгон палтойы хъуаг цæппæр хуыйыныл балæууыди. Уый фæстæ йæ хуыздæр дзауматæ срæвдз кодта, даргъ бандоныл сæ æрæвæрдта, цырыхъхъытæ ныссыгъдæг кодта, стæй скуывта: «Хуыцау», «Мадымайрæм», цæмæн хъæуынц, уый æмбаргæ дæр нæ кодта, æниу сæ бамбарыныл дæр никуы тыхсти, стæй, йæ цырыхъхъытæ æмæ хæлаф раласгæйæ, æркъул кодта хъинцгæнæг сынтæджы æууæрстытæ гобаныл. 

«Чи зоны? — хъуыды кодта. — Куыннæ вæййы амондджын адæм дæр! Чи зоны, æмæ мæм æцæг æрбафтдзæн æмбулæг билет». (Адæмыл атауыс кодтой, лæвæрттæй уæлдай ма æмбулæг билеттæ дæр уардзысты, зæгъгæ). «10 мины та кæм... Иу-фæндзай туманы уæддæр куы уаид. Æвæдза, цы хъуыддæгтæ дзы бакæнин: зæрæдтæн дзы æрвыстаин, усы йæ куыстæй систаин. Кæннод цæй цард y хицæнтæй. Адæмы мыггаг сахат дæр балхæнин. Кæннод дæ гæндзæхтæ цæгъдыс æмæ цæгъдыс, уæддæр зынвадатæй фервæзыны амал нæй! 

Æмæ мæнæ йæ цæстытыл уайын байдыдта, йæ усимæ Александры цæхæрадоны куыд фæцæуы, æмæ йæ асæрды цы городовой æрцахста, расыгæй кæй æлгъыста, уый тыххæй, уыцы городовой дæр, цыма, городовой нал у, фæлæ инæлар, æмæ йæм уыцы инæлар худы æмæ йæ трактирмæ органы цагъдмæ байхъусынмæ хоны. Æмæ орган цæгъды ’мæ цæгъды, раст цыма сахаты цæфтæ сты, уыйау. Семеныч фехъал æмæ хъусы, — сахат сыф-сыф кæны æмæ цæвы, хæдзары ’фсин та, Мария Яковлевнæ, æдде хуыфы, рудзынджы дæр зноны хуызæн талынг нал у. 

«Æгæр ма афынæй уон, мыййаг». 

Емельян сыстади, бæгъæввадæй бараст хъæдкъулы фалæмæ, хъал кæны Яшæйы, йæ дзауматæ кæны, сæрыхъуынтæ сойæ сæрды, фасы сæ, чысыл саст айдæнмæ кæсы. 

«Ницы мын у, хорз дæн. Чызджытæ дæр мæ уыйас уарзынц. Фæлæ мæм хынджылæг кæнын нæ цæуы...» 

Бацыди хæдзары хицаумæ. Знон куыд баныхас кодтой, уымæ гæсгæ дзæкъулы мидæг райста дыууæ айчы, цæхджын фыд, авджы дзаг арахъхъ æмæ, куыддæр боныцъæхтæ кæнын байдыдта, афтæ Яшæимæ рахызти кæртæй æмæ араст сты Петры парчы ’рдæм. Уыдон иунæг не сты. Сæ разæй дæр цæуынц, фæсте дæр сæ æййафынц, алырдыгæйты фæцæуынц æмæ сиу вæййынц, нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр æмæ сывæллæттæ дæр, иууылдæр хъæлдзæгæй, хæрзарæзтæй цæуынц уыцы иу фæндагыл. 

Æмæ, дын, мæнæ бахæццæ сты Ходынкæйы быдырмæ. Уым адæмæй сау адардта. Алы рæттæй цæуы фæздæг. Боныцъæхтыл уазал уыди, æмæ-иу адæм сæхицæн самал кодтой къалиутæ, сугтæ æмæ æртытæ бандзæрстой. 

Емельян йе ’мбæлттимæ баиу; уыдон дæр арт скодтой, æрбадтысты, систой къæбæр, нозт. Уæдмæ скасти хур дæр, сыгъдæг æмæ ирдæй. Æмæ схъæлдзæг сты. Зарынц, ныхæстæ кæнынц, хъуысынц хъазæн ныхæстæ, худынц, алцæуыл дæр цин кæнынц, цинмæ æнхъæлмæ кæсынц. Емельян йе ’мбæлттимæ ануæзта, тамако сдымдта, æмæ ноджы тынгдæр схъæлдзæг. 

Иууылдæр уыдысты арæзт. Фæлæ арæзт кусджытæ æмæ сæ устыты æхсæнмæ-æхсæнты фенæн уыди хъæздгуытæ æмæ къупецты дæр сæ устытæ ’мæ сæ сывæллæттимæ, сæмбæлæн сыл уыд адæмы астæу. Уæд Ринæ Голицына йе ’фсымæр Алекимæ æртыты æхсæн рацу-бацу кодта. Æхсызгон ын уыди, йæ бæллиц йæ къухы кæй бафтыд, æмæ адæмы æхсæн кæй ис, уый, цин кодта, адæм, паддзах йæ бынаты кæй ис, уый кæй бæрæг кодтой, ууыл. 

— Бæрæгбоны арфæ уын кæнын, зæрдæхæлар æхсин, — хъæрæй загъта фабричы æрыгон кусæг, æмæ агуывзæ йæ дзыхмæ схаста. — Барвæсс нын нæ цæхх, нæ кæрдзыныл. 

— Бузныг. 

— Хæлар дæхицæн, — фæкодта Алек, адæмы ’гъдæуттæ зоны, уымæй йæхицæй бузныг уæвгæйæ, æмæ дарддæр араст сты. 

Фыццаг бынæттæ ахсыныл ахуыр уæвгæйæ, адæмы астæуты ацыдысты быдыры. Размæ зын цæуæн сси (адæм дзы афтæ бирæ æрæмбырд, æмæ кæд ирд бон уыд, уæддæр сæ улæфынæй быдыры сæрмæ бæзджын мигъ æрбадт), æмæ ce ’ргом павильонмæ сарæзтой. Фæлæ сæ уырдæм пъæлицæйæгтæ нæ бауагътой. 

— Тынг хорз. Дæ хорзæхæй, уырдæм та цом, — загъта Ринæ. Æмæ та фæстæмæ æрбаздæхтысты адæмы æхсæнмæ. 

— Сайы, — загъта Емельян йе ’мбæлттимæ, зæххыл гæххæтты уæлæ сæ къæбæр, сæ нозты алыварс бадгæйæ, сæ зонгæ кусæг сæм куы ’рбацыд æмæ дæттынц, зæгъгæ, куы радзырдта, уæд. — Сайы... 

— Æз дын зæгъын. Закъонмæ гæсгæ нæу, фæлæ дæттынц. Мæхæдæг æй федтон. Фæцæйхаста иу тыхтон æмæ агуывзæ. 

— Артельщиктæ фæлитойтæ сты, уый чи нæ зоны! Уыдонæн та цы у... Кæмæн сæ фæнды, уымæн дæттынц. 

— Æмæ уый куыд. Закъоны ныхмæ афтæтæ гæнæн та куыд ис? 

— Гæнæн куыннæ ис, нæ кæсыс! 

— Цом-ма, лæппутæ. Цы сæм кæсæм. 

Ce ’ппæт дæр сыстадысты. Емельян йæ арахъхъы авг бафснайдта, арахъхъ ма дзы чысыл аззад, афтæмæй, æмæ йе ’мбæлттимæ размæ ацыди. 

20 къахдзæфы дæр нæма акодтаиккой, афтæ сæ уыйас тыхджын æрбалхъывтой, æмæ сын цæуын сзын ис. 

— Кæдæм бырыс? 

— Æмæ уæд ды та кæдæм бырыс? 

— Иунæг ды дæ, мыййаг? 

— Æгъгъæд фæуæд. 

— Оу, мамæ, ныцъцъист мæ кодтой, — райхъуысти сылгоймаджы цъæхахст. Иннæрдыгæй хъуысти сывæллоны кæуын. 

— Дæ тæккæ мадыл... 

— Цы кæныс? Æви дæу йеддæмæ никæй хъæуы. 

— Иууылдæр сæ фæйнæрдæм аскъæфдзысты. Багъæц, æз сæм бахæццæ уон. Хæйрæджытæ, дæлимонтæ! 

Уый уыд Емельяны хъæр. Йæ домбай фæтæн уæхсчытæ цъæтты хуызæн ныттынг кæнгæйæ, рæмбыныкъæдзтæ ныппака кодта, йæ бон цас уыд, уыйас фæйнæрдæм ссывта æмæ размæ бырсыныл йæ уд хъардта. Размæ цæмæн бырсы, уый зонгæ дæр нæ кодта, фæлæ иннæтæ дæр бырсынц, зæгъгæ, уыдонмæ гæсгæ. Стæй йæм афтæ касти, цыма йæ размæ æнæмæнг бабырсын хъæуы. Йæ фæстæ, йæ дыууæ фарсмæ дæр уыд адæм, æмæ йæм уыдон æнхъæлмæ кастысты. Йæ разæй цы адæм уыд, уыдон та змæлгæ дæр нал кодтой æмæ йæ размæ нæ уагътой. Адæм æнæрæнцайгæйæ хъæр кодтой æмæ кодтой, уынæргъыдысты, хъæрзыдысты, æмæ оххытæ сарæх сты. 

Емельян, дæндæгтæ фидар сæлхъивгæйæ æмæ æрфгуытæ ныттар кæнгæйæ, хъыпп-сыпп нал кодта, фæлæ размæ тырныдта, йæ ныфс нæ фæкъаддæр уæвгæйæ, йæ тых нæ саст, раззæгты схуыстытæ кодта. Æмæ чысылгай, фæлæ уæддæр размæ цыди. Æвиппайды адæм сæнкъуыстысты æмæ, уыцы æмхуызон адзой кæнгæйæ, ныххæррæтт ластой размæ æмæ фессæстой рахизырдæм. Емельян уырдæм фæкаст æмæ ауыдта, цыдæр кæй атахт иу хатт, аннæ хатт, æртыккаг хатт æмæ адæмы астæумæ кæй æрхаудысты, уый. Цы уыд, уый нæ бамбæрста, фæлæ йæ фарсмæ чидæр ныхъхъæр кодта: 

— Æлгъыст дæлимонтæ, — адæмыл сæ зыввытт кæнын куыд байдыдтой! 

Æмæ, лæвæртты чысыл дзæкъултæ кæдæм тахтысты, уыцырдыгæй хъуысти хъæртæ, кæл-кæл, кæуын æмæ хъæрзын. Чидæр Емельянæн йæ фарс тыхджын сцавта. Уый ноджы тынгдæр смæсты æмæ ныттар. Йæ рис нæма фенцад, афтæ та йын чидæр йæ къахыл фæлæууыд. Йæ палто, йæ ног палто цæуылдæр фæхæцыд æмæ æрфаринтæ. Йæ зæрдæйы мидæг маст февзæрд, æмæ йæ тых, йæ бонæй раззæгтыл анцой кодта, размæ сæ асхуыста. Фæлæ, дын, æвиппайды æрцыд æнахуыр цыдæр. Цы, уый бамбарын йæ бон нæ баци. Уæд йæ развæндаг æхгæд уыд, адæмы фæсонты йеддæмæ дзы ницы уыдта, ныр та æваст фегом и æгасæй дæр. Лæвæрттæ цы палаткæтæй хъуамæ уæрстаиккой, уыдон ауыдта. Æмæ бацин кодта. Фæлæ йæ цин иунæг минутæй фылдæр нæ ахаста. Уымæн æмæ, йæ разæй цы уыд, уый афтæ æваст уымæн федта, æмæ ce ’ппæт дæр къанаумæ бахæццæ сты. Йæ разæй чидæриддæр уыд, уыдонæй чи лæугæйæ, чи та тулгæйæ, къанаумæ нызгъæлдысты. Емельян дæр хауы уырдæм, адæмыл, йæхиуыл та иннæтæ хауынц, фæстæгтæ. Æмæ ам фæтарст æппæты фыццаг. Емельян ахауд. Уæле йыл æрхауд иу ус, гауызгонд кæлмæрзæнджын. Емельян йæхи бауыгъта æмæ йæ йе ’ккойæ аппæрста, раздæхон ма бæргæ загъта, фæлæ йæ фæстейы æлхъывтой æмæ йæ хъару нал уыд. Уæд тындзын байдыдта размæ, фæлæ йæ къæхты бын уыди адæмæй фæлмæн. Йæ къæхтæм-иу ын фæлæбурдæуыди æмæ хъæр кодтой. Емельян уынгæ дæр ницы кодта, хъусгæ дæр, æмæ адæмыл йæ цыды куыст кодта размæ. 

— Æфсымæртæ, айсут сахат, сыгъзæрин сахат. Æфсымæртæ, фервæзын мæ кæнут, — йæ фарсмæ хъæр кодта иу лæг. 

«Сахатмæ мæ ныр нал æвдæлы», — ахъуыды кодта Емельян æмæ архайдта къанауæн иннæрдæм схизыныл. 

Емельяны зæрдæйы уыди дыууæ ’нкъарæны, уыимæ сæ дыууæ дæр утæхсæйнæгтæ: иу — тас дзы кæй бацыд, йæ цардæн кæй старст, иннæ та — чи ссæлхæр, цъист æй чи кодта, уыцы адæмæн ce ’ппæтмæ дæр кæй смæсты, уый. Афтæмæй та, æппæты фыццаг йæ зæрдæйы цы фæнд уыди, — ома, палаткæтæм бацæуын æмæ лæвæртты дзæкъул райсын, йæ хуылфы æмбулæг билет, афтæмæй, уыцы фæнд æй ласта æмæ ласта размæ. 

Мæнæ зынынц палаткæтæ дæр. Палаткæтæм бафтын кæмæн бантыст, уыцы артельщикты хъæртæ дæр хъуысынц. Разæй цы адæмы къорд уыди, уый нынныхсти фæйнæгæй конд бацæуæны, хъуысти фæйнæджыты къæр-къæр. 

Емельян йæхи ныттынг кодта. Ссæдз къахдзæфæй фылдæр æй нал хъуыд, афтæ, дын, йæ къахы бынæй уыдаид, кæнæ та хъуамæ йæ сагæхтæй, æвиппайды айхъуыста сывæллоны цъæхахстæй кæуын. Емельян йæ къæхты бынмæ фæкасти. Бæгъæмсар чысыл лæппу, скъуыдтæ хæдоны, уæлгоммæ хуыссыди æмæ йын, цъæхахст кæнынæй не ’нцайгæйæ, лæбурдта йæ къæхтæм. Емельянæн æвиппайды йæ зæрдæ æрбауынгæг. Йæхицæн нал тарсти — тас адæлдзæх. Æрбайсæфт, адæммæ цы маст дардта, уый дæр. Тынг ын фæтæригъæд кодта лæппуйæн, йæ астæуыл ын фæхæцыди, фæлæ фæстæгтæ афтæ бырстой æмæ, чысыл ма бахъæуа, ма ахауа. Лæппу йын феуæгъд, фæлæ та иу цæстыфæныкъуылдмæ, йæ хъару æрбамбырдгæнгæйæ, ногæй фелвæста æмæ йæ йе уæхскмæ сæппæрста. Адæм фæсте фыццаджы хуызæн нал æлхъывтой, æмæ Емельян лæппуйы ахаста. 

— Ардæм-ма йæ æри! — ныхъхъæр кодта, Емельяны хæд æмбуар чи уыд, уыцы бæхтæрæг. Бæхтæрæг лæппуйы райста æмæ йæ адæмы сæрмæ систа. 

— Згъоргæ адæмы сæртыл. 

Æмæ-иу Емельян фæстæмæ куы фæкаст, уæд-иу лæппуйы ауыдта. Лæппу, куы адæмы ’хсæн аныгъуылгæйæ, куы та сæ сæрмæ фæзынгæйæ, адæмы сæртыл æмæ уæхсчытыл цыди дарддæрæй-дарддæр. 

Емельян йæ цыды куыст кодта. Æдзæугæ дæр ын нал уыди. Фæлæ ныр лæвæрттæ йæ зæрды кæрон дæр нал уыдысты; палаткæтæм æй цæуын хъæуы, уый дæр дзы айрох и. Хъуыды кодта лæппуйыл, Яшæ цы фæци, ууыл, стæй къанауы саппыл цæугæйæ цы цъист адæмы федта, уыдоныл. Палаткæтæм куы бахæццæ, уæд райста чысыл дзæкъул æмæ агуывзæ, фæлæ сыл нал цин кодта. Адæм дзы кæрæдзи кæй нæ цъист кодтой, уый йын фыццаг фехсызгон. Улæфæн дæр дзы уыди æмæ цæуæн дæр. Фæлæ та уыцы цин дæр уайсахат айсæфт, ам цы федта, уымæй. Уынгæ та дзы фæкодта иу сылгоймаджы, йæ уæлæ дæргъытæ, скъуыдтæ къаба, йæ дзыккутæ — пыхцыл, йæ къæхтыл та — цæппузырджын батинкæтæ. Сылгоймаг хуыссыд кæрдæгыл уæлгоммæ, йæ къæхтæ уæлæмæ ныхъхъил сты. Йæ иу къух лæууыди кæрдæгыл, йе ’ннæ та, æнгуылдзтæ тыхт, афтæмæй æвæрд уыд йæ риутæй дæлдæр. Йæ цæсгом фæлурс нæ уыд, фæлæ фæлурс цъæхбын, æрмæст мæрдтæн куыд вæййы, афтæ. Цы усы мæлæтдзаг цъист ныккодтой æппæты разæй, стæй йæ ардæм раппæрстой, быруйы æддемæ, паддзахы павильоны размæ. 

Емельян æй куы федта, уæд йæ уæлхъус лæууыди дыууæ городовойы æмæ сæ пъæлицæйаг цыдæр кæнын кодта. Тæккæ гъе уæд сæм бахæццæ сты бæхджын хъазахъхъæгтæ, хицау сын цыдæр загъта, æмæ сæхи ныццавтой Емельяныл æмæ ма, йемæ уым чи лæууыд, уыдоныл, æмæ сæ фæстæмæ атардтой. Емельян та адæмы æхсæнмæ бахауди. Цъист кæнын та йæ байдыдтой, фыццагæй ноджы тынгдæр. Хъæртæ та, цъæхахст, сылгоймаджы æмæ сывæллæтты кæуын, адæмæй та иутæ ссæндынц иннæты, æмæ сын æнæ ссæндгæ гæнæн дæр нæ уыди. Фæлæ ныр Емельян йæхицæн нал тарсти, чи йæ цъист кодта, уыдонмæ дæр мæсты нал уыди. Æрмæст æй иунæг хъуыддаг фæндыд: ардыгæй ацæуын, аирвæзын, куыд сæ фæхицæн уа, йæ зæрдæйы цы фæзынд, уыдонмæ лыстæг æркæсын, тамако бадымын æмæ бануазын. Æмæ йæ фæнд сæххæст кодта: уæгъд ранмæ рахызти, тамако сдымдта æмæ арахъхъ банызта. 

Алек æмæ Ринæйы хъуыддаг афтæ нæ рауади. Ницæмæ ’нхъæлмæ кæсгæйæ, дзыгуыртæ-дзыгуыртæ бадæг адæмы ’хсæнты, устытимæ æмæ сывæллæттимæ ныхас кæнгæйæ, цыдысты размæ, артельщиктæ закъонмæ гæсгæ нæ уарынц лæвæрттæ, зæгъгæ, куы айхъуыст, уæд адæм сæхи уыцы иу æппæрст акодтой палаткæты ’рдæм. 

Ринæйæн фæстæмæ фæкæсын дæр нæма бантыст, афтæмæй йæ Алекæй ассывтой, æмæ йæ адæмы ивылæн йемæ кæдæмдæр ахаста. Æбуалгъ тас бацыд йæ зæрдæйы. Бæргæ архайдта йæхиуыл хæцыныл, фæлæ кæм уыдис йæ бон, æмæ-иу фæтæригъæд кæныны тыххæй ныхъхъæр кодта, лæгъстæ кодта, фæлæ тæригъæдгæнæг нæ уыд, æлхъывтой йæ тынгæй-тынгдæр, скъуыдтой йын йæ къаба, йæ худ фæтахти кæдæмдæр. Фидар æй нæ зыдта, фæлæ йæм афтæ фæкасти, цыма йын йæ сахат арæдывтой æд рæхыс. Ринæ тыхджын чызг уыд æмæ ма бафæрæзтаид йæ къæхтыл лæууын, фæлæ йæ зæрдæйы тас уыйбæрц æгæрон уыд, ахæм хъизæмар кодта, æмæ йæ бон улæфын дæр нал уыди. Бырæгътæй1, æнцъылдтытæ æмæ æууæрстæй ма тыхамæлттæй лæууыд йæ къæхтыл. Фæлæ хъазахъхъ адæмыл сæхи куы ныццавтой атæрыны тыххæй, раст гъе уæд Ринæйæн йæ хъару асаст, æмæ йæ хъару куыддæр асаст, афтæ алæмæгъ æмæ йæ зæрдæ бахъарм. Зæххыл æрхауд æмæ бауадзыг. 

Чызг куы æрчъицыдта, уæд уæлгоммæ хуыссыди кæрдæгыл. Цавæрдæр лæг, мастеры хуызæн, чысыл зачъе йын, скъуыдтæ палто йыл, йæ цуры дзуццæджы бадт æмæ йын йæ цæсгомыл дон пырх кодта. Ринæ йæ цæстытæй куы ракаст, уæд лæг йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта æмæ ма, йæ дзыхы цы дон баззад, уый ачъыртт кодта. Уый уыд Емельян. 

— Кæм дæн ай? Ды чи дæ? 

— Ходынкæйы. Æз чи дæн? Адæймаг дæн æз. Мæн дæр аууæрстой. Фæлæ мæ хуызæттæ алцæмæн дæр фæразынц, — загъта Емельян. 

— Æмæ уæд ай та циу? — Ринæ бацамыдта, йæ гуыбыныл цы æрхуы ’хца уыд, уымæ. 

— Уый та — адæм æнхъæл уыдысты амардтæ, зæгъгæ, æмæ — баныгæнынæн. Æз та дæм æркæстытæ кодтон æмæ зæгъын: нæ, æгас ма у. Гъемæ дæ донæй пырх кæнын байдыдтон. 

Ринæ йæхимæ æркæстытæ кодта æмæ федта, йæ дарæс. куыд бырæгътæ у, риу гом кæй у. Æмæ фефсæрмы. Лæг æй фæфиппайдта æмæ йæ æрæмбæрзта. 

— Ницы кæны, чызг, цæрдзынæ. 

Ноджыдæр ма сæм адæм бацыди. Городовой дæр. Ринæ рабадт æмæ, кæй чызг у, кæм цæры, уый загъта. Емельян та файтонмæ ацыди. Уæдмæ сыл æрæмбырд бирæ адæм. Емельян файтоны куы ’рбацыд, уæд Ринæ сыстади. Сбадынмæ йын феххуыс кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ йæхæдæг сбадт. Æрмæст, йæ дзаумæттæ скъуыдтæ кæй уыдысты, уымæй æфсæрмы кодта. 

— Уæд де ’фсымæр та кæм и? — бафарста Ринæйы иу ус. 

— Нæ зонын. Нæ зонын, — катайгæнгæйæ фæкодта Ринæ. (Ринæ сæхимæ æрбацæйцæугæйæ Алечы сæрæгасæй æрбаййæфта. Адæм куы схъопала сты, кæрæдзи ссæндын куы байдыдтой, уæд Алекæн адæмы ’хсæнæй раирвæзын йæ къухы бафтыд æмæ бынтон æнæ хъыгдардæй сæхимæ æрбаздæхти). 

— О, мæнæ мæ ацы лæг фервæзын кодта, — дзырдта Ринæ. — Уый куы нæ уыдаид, уæд, чи зоны, æмæ цы фæцадаин. Дæ ном та куыд у? — бафарста Емельяны. 

— Мæнæй зæгъыс? Мæ ном куыд у? 

— Кънйазы чызг у, къниазы чызг, — загъта йын иу ус, — хъ-æ-æздыг у. 

— Цом мемæ мæ фыдмæ. Уый дын раарфæ кæндзæн. 

Æмæ Емельянæн æвиппайды йæ зæрдæйы æнахуыр тыхджын цыдæр фæзынд, æмæ йæ нæ баивтаид дыууæсæдæ мин сомы рамбулыныл дæр. 

— Уый та цæмæн? Нæ, хорз чызг, фæндараст у. Уый та ма дзы цæмæн хъæуы? 

— Нæ, нæ. Мæ зæрдæ не ’рæнцайдзæни. 

— Хæрзбон, æхсин, Хуыцау дын хорз ракæнæд. Æрмæст мын мæ палто демæ ма алас. — Æмæ йæ мидбылты бахудти урсдæндаг цины худтæй. 

Уыцы цау-иу йæ царды тæккæ зындæр минутты йæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд ын-иу уыди стыр ныфсæвæрдау. 

_____________________________________ 

 

1 Бырæгътæ — бызгъуыртæ, хæррæгътæ (уырыс. лохмотья). 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»