Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 3115 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ÆРТÆ МАРДЫ

[Ратæлмацгæнæг — Брытъиаты Созырыхъо] 

 

I

 

Уыди фæззæг. Стыр фæндагыл сæппæй фæцæйцыдысты дыууæ экипажы. Раззаг къареты бадти дыууæ сылгоймаджы. Сæ иу уыди æхсин — къæсхуыр æмæ фæлурс. Иннæ та йæ лæггадгæнæг — сырхуадул æмæ йæ цармыдзаг сылгоймаг. Чи сивта, йæ уыцы худы бынæй æддæмæ разындысты цыбыр дзыккутæ. Скъуыд æрмкъухджын сырх къухæй сæ тагъдгомау æфснайдта. Кæлмæрзæнæй æмбæрзт бæрзонд риуæй æнæниз улæфт кодта, цæрдæг сау цæстытæ-иу куы згъоргæ быдыртыл афæлгæсыдысты къареты рудзынгæй, куы-иу нæуæндонæй æмæ биноныг ныккастысты æхсинмæ, куы та сæ-иу тыхсгæйæ ахаста къареты къуымтыл. Йæ тæккæ фындзыхъæлы акомкоммæ хызыл ауыгъдæй дзедзыкка кодта æхсины худ, йæ хъæбысы хуыссыди чысыл къæбыла, йæ къæхтæ та бæрзонд æвæрд уыдысты, къареты бын цы къоппытæ уыди, уыдоныл, æмæ къареты цæлхыты гыбар-гыбур æмæ рудзгуыты æвгты дзыгъал-мыгъулимæ иумæ кодтой барабан хойæгау. 

Къухтæ йæ уæрджытыл æрæвæргæйæ æмæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ, æхсин узæгау кодта, йæ фæсонтæм æвæрд чи уыд, уыцы базтыл. æмæ зына-нæзына, йæхи сæнцъылдтæ кæнгæйæ, æмыр хуыфыд. Йæ сæрыл уыди æхсæвхуыссæн худ, йæ буц фæлурс хъуыр та баст уыд æрвхуыз сæрбæттæнæй, худы бынæй зындысты йæ лæгъз æмæ помадæйæ сæрст бур дзыккутæ дыууæ дихæй. Сæры цармы урс уыди цыдæр хус æмæ мæрдонæнгас. Лæмæгъ æмæ иуцасдæр бурбын царм ын уæгъдæй æмбæрзта йæ цæсгомы лыстæг æмæ рæсугъд фæлгонц æмæ сырх дардта йæ уадултыл æмæ æхсæрвæрстыл. Йæ былтæ уыдысты хус æмæ æнæнцой. Йæ цæстыхаутæ уыдысты стæм. Сгæллад фæндаггон капот йæ мидæмæ хауд риуыл æнцъылдтытæй дæлæмæ æрзæбултæ, сылгоймагæн кæд йæ цæстытæ цъынд уыдысты, уæддæр йæ цæсгом æвдыста фæллад, маст æмæ, кæуыл фæцахуыр вæййынц, ахæм хъизæмардзинад. 

Лакей, йæ бандоныл æрæнцайгæйæ, рæдзæ-мæдзæ кодта бæхтæрæджы фарсмæ, уый та, цæрдæг хъæртæ кæнгæйæ, тардта хидæйдзаг стыр цыппар бæхы, æмæ-иу хаттæй-хатт фæстæмæ ракаст иннæ бæхтæрæгмæ, фæсте коляскæйы чи бадт, уымæ. Цæлхыты фæтæн фæд дыууæ тагæй ивæзти фæндаджы лæхъир цъыфы. Арв уыди фæныкхуыз æмæ уазал, уымæл сæлфынæг кодта быдыртыл æмæ фæндагыл. Къареты мидæг уыд æнуд æмæ дзы кодта одеколон æмæ рыджы тæф. Рынчын йæ сæр фæстæдæр акодта æмæ цæстытæ сындæггай байгом кодта. Йе стыр цæстытæ цæхæртæ калдтой, уæвгæ та уыдысты тынг рæсугъд тархуыз. 

— Ноджыдæр та, — загъта сылгоймаг, йæ рæсугъд къухæй лæггадгæнæг сылгоймаджы уæрæх палтойы фæдджи, йæ къахыл ын иучысыл чи аныдзæвыд, уый уыцы тыхсгæйæ асхойгæйæ, æмæ йæ дзых фыр рыстæй ныззылынтæ ис. Матрешæ йæ дыууæ къухæй февнæлдта, йæ палтойы фæдджийыл схæцыди, йæхиуыл схæцыд æмæ дарддæр абадт. Йæ хæрзхуыз цæсгом сырх-сырхид афæлдæхти. Рынчыны тынг рæсугъд тар цæстытæ цыбæлæй кастысты лæггадгæнæджы алы фезмæлдмæ дæр. Æхсин йæ дыууæ цонджы бадæнмæ ныббыцæу кодта, бæрзонддæр сбадынмæ хъавгæйæ, фæлæ йæ бон нæ баци. Йæ дзых та ныззылын, æмæ йæ цæсгом æгасæй дæр æвдыста зынæрвæссондзинад. «Уæд та мын ды куы феххуыс кодтаис!.. Ехх! Нæ хъæуы! Мæнæн мæхи бон дæр бауыдзæн, æцæг мыл дæ цавæрдæр дзæкъултæ ма æвæр, дæ хорзæхæй!.. Фæлтау мæм æвналгæ дæр ма кæн, кæд ахæм æнарæхст дæ, уæд!» 

Æхсин йæ цæстытæ бацъынд кодта, стæй та, уæлтъыфæлттæ цырд сисгæйæ, фæкаст Матрешæмæ. Матрешæ дæр æм каст æмæ æхсыдта йæ бинаг сырх был. Рынчыны риуæй сирвæзт уæззау улæфт, фæлæ уыцы улæфт нæма фæци, афтæмæй йын асайдта хуыфынмæ. Рынчын иннæрдæм азылди, цæсгом сæнцъылдтытæ кодта æмæ дыууæ къухæй фæлæбурдта йæ риумæ. Йæ хуыфынæй куы банцад, уæд та йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ та бадти фыццаджы хуызæн æнæзмæлгæйæ. Къарет æмæ коляскæ хъæумæ бацыдысты. Матрешæ кæлмæрзæны бынæй йæ цонг радардта æмæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. 

— Циу уый? — бафарста æхсин. 

— Станцæ, æхсин. 

— Дæхиуыл дзуæрттæ цæмæн æфтауыс, зæгъын? 

— Аргъуан, æхсин. 

Рынчын рудзынджы ’рдæм йе ’ргом аздæхта æмæ, къарет стыр хъæдын аргъуаны æддæты куы æрцæйзылд, уæд æм æдзынæг ныккаст æмæ йæхиуыл дзуæрттæ æфтауын байдыдта. 

Къарет æмæ коляскæ иумæ æрлæууыдысты станцæйы цур. Коляскæйæ рахызтысты рынчын усы лæг æмæ дохтыр æмæ къаретмæ бараст сты. 

— Куыд дæ? — бафарста дохтыр, сылгоймагæн йæ пульс сгаргæйæ. 

— Гъы, куыд дæ, мæ хур, нæ бафæлладтæ? — францусагау æй бафарста йæ лæг. — Рахизын дæ нæ фæнды? 

Матрешæ, тыхтонтæ æфснæйдтытæ кæнгæйæ, сæ ныхас сын куыннæ бахъыгдара, уый тыххæй йæхи къуыммæ балхъывта. 

— Ницы, куыд уыд, афтæ, — дзуапп радта рынчын ус. — Нæ ахиздзынæн. 

Лæг ма иучысыл алæууыди къареты цур, стæй бацыди станцæйы хæдзармæ. Матрешæ, къаретæй рагæпп кæнгæйæ, йæ къахфындзтыл кæрты дуарыл базгъордта цъыфы. 

— Æз рынчын дæн, зæгъгæ, уæд сымах та аходæн цæуылнæ хæрут, — зына-нæзына йæ мидбылты бахудгæйæ загъта рынчын къареты рудзынджы раз лæууæг дохтырæн. 

«Адонæй мæ хъуыддаг никæй ис, — йæхинымæр ма йæ ныхасыл афтыдта сылгоймаг, куыддæр дохтыр къаретæй ахицæн æмæ станцæйы асины къæхтыл сиргæйæ сызгъордта, афтæ. — Уыдонæн хорз уæд, уый йеддæмæ сын хъауджыдæр нæу! О! Me скæнæг Хуыцау!» 

— Гъы, Эдуард Иванович, куыд зæгъыс? — бафарста лæг, дохтырмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ æмæ хъæлдзæг мидбылхудынимæ къухтæ кæрæдзийыл сæрфгæйæ, — хæринæгты чырын дæр рахæссут сын загътон, куыд дæм фæкæсдзæн? 

— Æмæ цы кæны, — дзуапп радта дохтыр. 

— Куыд уыдзæн не ’фсин? — ныуулæфгæйæ загъта лæг, йæ ныхас фæсабырдæр кæнгæйæ æмæ æрфгуытæ уæлæмæ сисгæйæ. 

— Уый размæ дæр куы дзырдтон, Италимæ нæ, фæлæ Хуыцау зæгъæд, æмæ Мæскуымæ дæр ахæссæд. Уæлдайдæр та ахæм фæндагыл. 

— Уæдæ цы чындæуа! О, мæ Хуыцауы хай! О Хуыцау! — лæг йæ къухтæй йæ цæстытæ бамбæрзта. — Ардæм æй рахæсс, — загъта, хæринæгты чырын цы лæг æрбацæйхаста, уымæн. 

— Цæуын уæ нæ хъуыд, — йе уæхсчытæ базмæлын кæнгæйæ дзуапп радта дохтыр. 

— Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, мæ бон ын цы уыд? — йæ ныхасы ныхмæ йын сдзырдта лæг, — алцыппæтæй дæр архайдтон, кæд æй бауромин, зæгъгæ; нæ фæрæзты тыххæй дæр ын дзырдтон, кæй хъуамæ ныууагътаиккам, уыцы сывæллæтты тыххæй дæр, мæ хъуыддæгты тыххæй дæр, æмæ æппындæр ницæмæ хъусы. Фæсарæнты куыд цæрдзæн, уымæн, цыма, æнæниз адæймаг у, уый фæндтæ кодта. Йæ уавæры тыххæй йын æргомæй зæгъын амарынæй уæлдай нæу. 

— Æнæуи дæр мард у. Дæхæдæг æй зоныс, Василий Дмитрич. Адæймагæн рæуджытæ куы нæ уа, уæд ын цæрæн нæй, рæуджытæн та дыккаг хатт æрзайæн нæй. Хъыгаг у, стыр зын, фæлæ цы бачындæуа? Ам æз æмæ дæ бон ницыуал у. Амал æмæ гæнæн цас ис, уыйас хъуамæ æнцад уа. Ам сауджын хъæуы. 

— О Хуыцау! Йæ фæстаг фæндон ын йæ зæрдыл куы лæууын кæнон, уæд цы уавæры хъуамæ уон мæхæдæг, уый мын бамбарын кæн. Цыфæнды дæр уæд, уæддæр ын æй æз нæ зæгъдзынæн. Куыд фæлмæнзæрдæ у, уый куы зоныс... 

— Уæддæр йемæ баныхас кæнын бафæлвар, зымæгон фæндагмæ банхъæлмæ кæсыныл æй сразы кæн, — загъта дохтыр йæ сæр банкъусгæйæ, — кæннод фæндагыл йæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн... 

— Аксюшæ, уæ, Аксюшæ! — хъæр кодта станцæгæсы чызг, йæ сæрыл цыбыр кофтæ æрæппаргæйæ æмæ, кæрты ’рдыгæй цы цъыфæйдзаг тыргъ уыд, уым йæ мидбынаты къæхтæй цъæпп-цъæпп кæнгæйæ. — Цом, Ширкинскæйæ ’хсины фенæм, йæ тарнизы тыххæй, дам, æй, фæсарæнмæ ласынц. Чехоткæйæ куыд вæййынц, уый æз никуыма федтон. 

Аксюшæ къæсæрмæ рагæпп кодта, æмæ сæ дыууæ дæр, кæрæдзи къухтыл ныххæцгæйæ, кæрты дуарыл разгъордтой. Сæ цыд фæсабырдæр кæнгæйæ, къареты цурты араст сты æмæ, йæ авг дæлæмæ кæмæн уыд, уыцы рудзынгæй мидæмæ бакастысты. Рынчын сылгоймаг сæм йæ цæсгом разылдта, фæлæ сын сæ цымыдисдзинад куы ауыдта, уæд йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ иннæрдæм азылди. 

— О, мæ мады хай! — загъта станцæгæсы чызг, сæр фæстæмæ цырд фæзилгæйæ. — Цы диссаджы рæсугъд уыди, ныр та куыд у? Æбуæлгътæ. Федтай, федтай, Аксюшæ? 

— О, о! Цы къæсхуыр у, цы! — сразы Аксюшæ. —Цом та, цыма цъаймæ цæуæм, уыйау, фенæм та йæ. Кæсыс, йе ’ргом иннæрдæм куыд аздæхта, æз æй нырма нæма федтон. Цы тæригъæддаг у, Машæ! 

— Цы цъыф у! — дзуапп радта Машæ, æмæ сæ дыууæ дæр кæрты дуарыл фæстæмæ базгъордтой. 

«Æвæццæгæн æмæ æбуалгъы фыдуынд сдæн, — хъуыды кодта рынчын. — Æрмæст тагъддæр, тагъддæр фæсарæнмæ, уым уайтагъд адзæбæх уыдзынæн». 

— Куыд дæ, мæ хур? — загъта йын йæ лæг, къаретмæ бацæугæйæ æмæ йæ комдзаг æууилгæйæ. 

«Æдзухдæр уыцы иу фарст, — ахъуыды кодта рынчын, — йæхæдæг та хæргæ кæны!» 

— Ницы мын у, — дæндæгты ’хсæнты радзырдта рынчын. 

— Зоныс, мæ хур, ацы къæвдайы дын фæндагыл фыддæр куы уа, уымæй тæрсын. Эдуард Иваныч дæр афтæ зæгъы. Уæд та фæстæмæ раздæхæм, и? 

Ус мæсты каст кодта æмæ ницы дзырдта. 

— Рæстæджы хъæд фæхорз уыдзæн, чи зоны, æмæ фæндаг срæвдз уыдзæн, дæуæн дæр фенцондæр уыдзæн; не ’ппæт дæр иумæ уæд ацыдаиккам. 

— Бахатыр кæн. Æз дæм амæй размæ дæр куы нæ хъуыстаин, уæд афонмæ Берлины уыдаин æмæ бынтон æнæниз уаин. 

— Цы гæнæн ис, мæ зæды хай, амал нæ уыди, зоныс æй. Ныр та, иу мæй куы баззаис, уæд тынг барæвдз уыдаис, æз дæр мæ хъуыддæгтæ фæцадаин, æмæ сывæллæтты дæр немæ аластаиккам... 

— Сывæллæттæ æнæниз сты, æз та — нæ. 

— Бамбар æй, мæ хур, ахæм рæстæджы фæндагыл куы фæуæззаудæр уай, мыййаг, уæд хæдзары хуыздæр уæддæр у. 

— Æмæ хæдзары цы? Хæдзары амæлон? — сонт, фæмæсты уæвгæйæ, дзуапп радта рынчын. Фæлæ, амæлон, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд, æвæццæгæн, фæтарст æмæ лæгъстæгæнæгау æмæ фæрсæгау бакаст йæ лæгмæ. Уый та йæ сæр æруагъта дæлæмæ æмæ къуырмайæ лæууыди йæ цуры. Рынчыны дзых æвиппайды азылынтæ, сывæллоны дзых куыд азылынтæ уа, афтæ, æмæ йæ цæссыг æркалди. Лæг фындзыкæлмæрзæнæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ æнæдзургæйæ къаретæй иуварс ацыди. 

— Нæ, æз цæугæ кæнын, — загъта рынчын ус, цæстытæ арвмæ систа, къухтæ иу иннæйыл æрæвæрдта æмæ, кæрæдзийыл баст чи нæ уыд, ахæм дзырдтæ сусу-бусу байдыдта... — Мæ Хуыцау! Уæд цæй тыххæй? — дзырдта ус, æмæ йæ цæссыг тыхджындæрæй мызти. Бирæ æмæ зæрдиагæй фæкуывта, фæлæ йæ риу фыццаджы хуызæн рысти æмæ йын улæфт нæ фаг кодта; арв, быдыртæ æмæ фæндаг дæр уыдысты уыцы иухуызон æгъуыз æмæ асæст, фыццаджы хуызæн æрæнцад фæндаджы цъыфы, уæлхæдзæрттыл, къаретыл дæр æмæ бæхтæрджыты кæрцытыл дæр, бæхтæрджытæ та, кæрæдзиимæ тыхджын, хъæлдзæг хъæлæсæй ныхас кæнгæйæ, сæрстой æмæ фæндагмæ рæвдз кодтой къарет... 

 

II
 

Къарет уыди цæттæ, фæлæ ма бæхтæрæг фæстиат кодта. Уый бацыди бæхтæрджыты уатмæ. Уым уыд æнтæф, æнуд, талынг æмæ уæззау, цæрæнуаты тæф кодта, цыди ногконд дзулы, къабускайы æмæ уæлдзæрмтты тæф. Уаты уыди цалдæр бæхтæрæджы, хæринаггæнæг сылгоймаг архайдта уырыссаг пецы цур, пецы сæр та уæлдзæрмттыл хуыссыди рынчын лæг. 

— Хведор, уæ Хведор, — загъта æрыгон лæппулæг, бæхтæрæг, йæ уæлæ уæрæх кæрц, ехс та йæ роны тъыст, афтæмæй, уатмæ бахизгæйæ æмæ рынчынмæ дзургæйæ. 

— Цы дæ хъæуы, къулбадæг, Федькæйы цæмæн фæрсыс? — сдзырдта бæхтæрджытæй иу, — нæ уыныс, къареты дæумæ æнхъæлмæ кæсынц! 

— Цырыхъхъытæ дзы ракурон, мæхионтæ баихсыдысты, — дзуапп радта лæппу, сæрыхъуынтæ уæлæмæ сæппаргæйæ æмæ фæстейы йæ роны сагъд æрмыкъухтæ дзæбæхтæгæнгæйæ. — Æви фынæй у. Уæ Хведор? — фæдзырдта та ноджыдæр, пецмæ бараст уæвгæйæ. 

— Циу? — тыххæй райхъуысти лæмæгъ ныхас, æмæ бурхил мæллæг цæсгом æрзынди пецы сæрæй. Фæтæн, хæрз мæллæг æмæ фæлурс къух, хъуынтæй æмæхгæд, зæронд уæлæфтауæй æмбæрзта цыргъ мæллæг уæхск. — Дон-ма мын авæр, æфсымæр, цы кæныс? 

Лæппу йæм хъæзын къусы дон сдардта. 

— Федя, — загъта лæппу, куы иу къахыл æрæнцайгæйæ, куы — иннæуыл, — хъуамæ дæ ныр дæ ног цырыхъхъытæ ницæмæнуал хъæуой: ратт-ма мын сæ, ды сæ, æвæццæгæн, даргæ дæр нæ кæндзынæ. 

Рынчын, йæ фæллад сæрæй æрттиваг хъæзын къусыл ныддæлгом уæвгæйæ, йæ тæнæг зæбул рихитæ тарбын доны тулгæйæ, лæмæгъ æмæ цыбæлæй нуæзта. Йæ хæмпæл зачъе сыгъдæг нæ уыди, цæстытæ бахаудысты, нал æрттывтой æмæ зынæй бакаст лæппуйы цæсгоммæ. Донæй куы фæхицæн, уæд хуылыдз былтæ асæрфыны тыххæй йæ цонг сисынвæнд акодта, фæлæ йæ бон нæ баци æмæ йæ ныббыцæу кодта уæлæфтауы дысмæ. Æнæдзургæйæ æмæ уæззау улæфыди фындзæй, афтæмæй комкоммæ касти лæппуйы цæстытæм, йæхиуыл тыххæй хæцгæйæ. 

— Кæд сæ искæмæн зæрдæ бавæрдтай, мыййаг, — загъта лæппу, — уæд хæрз дзæгъæлы. Хъуыддаг ууыл у, æмæ æддейы y цъыф, уымæл, мæн та кусынмæ цæуын хъæуы. Æмæ, зæгъын, цæй æмæ Федькæйæн йæ цырыхъхъытæ ракурон, уый, зæгъын, хъуамæ хъæугæ дæр нæ кæнынц. Кæд, мыййаг, дæхи хъæуынц, уæд зæгъ... 

Рынчыны риуы цыдæр ракæл-бакæл æмæ хъуыр-хъуыр кæнын байдыдта; пецы сæрæй æргуыбыр кодта æмæ дæргъвæтин, æнæскъуынгæ хуыфæгæй хуыдуг кæнын байдыдта. 

— Хъæугæ та йæ кæм кæнынц, — загъта æвиппайды мæстыйæ хæринаггæнæг ус, æмæ æнæхъæн хæдзар дæр йæ хъæрæй байдзаг кодта, — дыккæгæм мæй пецæй дæлæмæ нæ хизы. Нæ кæсыс, куыд хурхæй мæлы, куыддæр æй фехъусын, афтæ мæхи хуылф дæр риссын байдайы. Цæмæн ма йæ хъæуынц цырыхъхъытæ дæр? Ног цырыхъхъыты йæ ныгæнгæ, мыййаг, нæ кæндзысты. Афон та йын раджы уыди, Хуыцаумæ мын тæригъæд ма фæкæсæд. Нæ кæсыс, куыд хурхæй мæлы. Науæд та йæ æндæр агъуыстмæ ахастæуа, æви цы! Ахæм рынчындæттæ, зæгъынц, горæты ис; кæннод уый цавæр хъуыддаг у, æнæхъæн къуым æрцахста, æмæ йын ацу æмæ ды исты зæгъ! Æппындæр дзы фезмæлæн нæй! Афтæмæй та сыгъдæгдзинад домынц... 

— Ей, Серегæ! Цæугæ, сбад, æлдæрттæ дæм æнхъæлмæ кæсынц,— дуарæй æрбахъæр кодта посты старостæ. 

Серегæ фæцæйцæуынмæ ахъавыди, дзуапп нæ райсгæйæ, фæлæ йын рынчын хуыфгæ-хуыфын цæстытæй амыдта, дзуапп раттын æй кæй фæнды, уый. 

— Цырыхъхъытæ ахæсс, Серегæ, — загъта, йæ хуыфæг бауромгæйæ æмæ иучысыл йæ фæллад суадзгæйæ. — Æрмæст, хъусыс, дур мын-иу балхæн, куы амæлон, уæд, — хуыр-хуыргæнгæйæ бафтыдта йæ ныхасыл. 

— Бузныг, Хведор, ахæсдзынæн сæ, уæдæ, дур дæр балхæндзынæн, сомы дын кæнын. 

— Гъе, лæппутæ, фехъуыстат, — зæгъгæ ма рынчынæн йæ бон сдзурын баци, стæй та пецы сæрæй æргуыбыр кодта æмæ та тыхджын хуыфтæй хуыдуг кæнын байдыдта. 

— Хорз, фехъуыстам æй, — загъта бæхтæрджытæй иу. — Цæугæ, Серегæ, сбад, кæннод та уартæ старостæ æрбазгъоры. Зоныс, Шинкинскæйæ, æхсин, рынчын у. 

Серегæ цырд феппæрста йæхи скъуыд æмæ æбуалгъ егъау цырыхъхъытæ æмæ сæ бандоны бынмæ базыввытт ласта. Федоры ног цырыхъытæ йын разындысты, куыддæриддæр хъуыди, раст афтæ, — йæ къæхты аккаг; æркæс-æркæс сæм кодта æмæ къаретмæ барасти. 

— Уыдон цырыхъхъытæ сты, гъе! Æри-ма, æз дын сæ айсæрдон, — загъта, йæ къухы сæрдæн кæмæн уыд, уыцы бæхтæрæг, куыддæр Серегæ йæ бынатмæ схызт æмæ бозитæ иста, афтæ. — Лæвар дын сæ радта? 

— Хæлæг кæныс, æви? — дзуапп радта Серегæ, йæ бынатæй стгæйæ æмæ йæ уæлæфтауы фæдджитæ йæ къæхты алыварс дзæбæхтæ кæнгæйæ. — Афтæ фод! Ей, хайуантæ! — ахъæр кодта бæхтыл æмæ сæм ехсæй февзыста. Афтæмæй къарет æмæ коляскæ, цы адæм дзы бадт, уыдонимæ, чемодантимæ æмæ бæстытимæ, фæззыгон фæныкхуыз мигъы ныгъуылгæйæ, цырд атылдысты хуылыдз фæндагыл. 

Рынчын бæхтæрæг баззад æнуд хæдзары, пецы сæр, æмæ, йæ хуыфт нæма фæци, афтæмæй тыхтæ-амæлттæй иннæ фарсмæ азылд æмæ ныхъхъус и. 

Бон-изæрмæ адæм дыууæрдæм кодтой, куы-иу æрбацыдысты мидæмæ, хæдзармæ, куы цыдысты æддæмæ, куы та хордтой сихор, фæлæ рынчынæн йæ хъæр æмæ йæ цъист дæр нал цыди. Æхсæвы размæ хæринаггæнæг сылгоймаг пецмæ схызт æмæ йын йæ къæхты сæрты уæрæх кæрц райста. 

— Ды мæм мæсты ма кæн, Настасья, — сдзырдта рынчын, — рæхджы дын суæгъд кæндзынæн дæ къуым. 

— Хорз, хорз, цавæр у, ницы кæны, — схъуыр-хъуыр кодта Настасья. — Рисгæ дæ цы кæны, рисгæ, Федор? Зæгъ æй. 

— Мæ хуылфæй сфæлмæцыдтæн. Хуыцау зоны, цы у. 

— Æвæццæгæн, дæ хъуыр дæр фæриссы, хуыфгæ куы фæкæныс, уæд? 

— Алы ран дæр риссы. Мæ мæлæт æрхæццæ — æндæр цы. Ох, ох, ох! — ныхъхъæрзьцщ рынчын. 

— Дæ къæхтæ æмбæрзгæ уæд та æркæн, мæнæ афтæ, — загъта Настасья, цæугæ-цæуын ыл йæ уæлæфтау æмбæрзгæйæ æмæ пецæй дæлæмæ хизгæйæ. 

Уыцы ’хсæв хæдзары дыдзы рухс кодта алагæнаг цырагъ. Настасья æмæ бæхтæрджытæ иу-дæсæй, хуырхуыргæнгæйæ, хуыссыдысты зæххыл æмæ даргъ бандæттыл. Æрмæст пецы сæр Федор лæмæгъ хъæрзыди, хуыфыд æмæ рафт-бафт кодта. Бонырдæм бынтондæр ныссабыр и. 

— Ацы ’хсæв æнахуыр диссæгтæ уыдтон мæ фыны, — дзырдта хæринаггæнæг yс райсом сæумæцъæхæй, талынг ма уыд, афтæмæй куы райхъал æмæ йæхи куы ивæзта, уæд.— Кæсын, цыма, дын, Хведор пецæй æрхызт æмæ ацыди суг сæттынмæ. Æри, зæгъы, Настя, аххуыс дын кæнон. Æз та йын — цæй сугтæ сæттыны бон дæ ис, зæгъын. Уый дын фæрæтмæ уыциу лæбурд фæкодта æмæ суг сæттынмæ февнæлдта, уыимæ афтæ тагъд-тагъд саста, æмæ ce схъистæ алырдæмыты тахтысты. Уый куыд у, зæгъын, рынчын куы уыдтæ. Нæ, зæгъы, æнæниз дæн. Æмæ мæм фæрæтæй куы февзыста, уæд фæтарстæн. Ныхъхъæр кодтон æмæ фехъал дæн. Ma амæлæд, æцæг? Хведор, уæ Хведор! 

Федор дзуапп нæ лæвæрдта. 

— Кæд, æцæг, амарди, мыййаг? Фенын æй хъæуы, — загъта бæхтæрджытæй иу. 

Пецæй æрзæбул мæллæг, бур хилтæй æмбæрзт цонг, уый уыди уазал æмæ фæлурс. 

— Цон, станцæгæсæн фехъусын кæнын хъæуы, æнхъæлдæн, амарди, — загъта бæхтæрæг. 

Федорæн хæстæджытæ нæ уыди — дардæй æрбафтгæ лæг уыди. Дыккаг бон æй баныгæдтой ног уæлмæрдты, къохы фале, æмæ Настасья цалдæр боны дæргъы алкæмæн дæр дзырдта, цы фын федта, уый дæр, стæй, æппæты фыццаг Федоры мард кæй базыдта, уый дæр. 

 

III
 

Æрцыди уалдзæг. Горæты уымæл уынгты фаджысджын ихы къæрттыты ’хсæнты хæл-хæл кæнын байдыдтой цæрдæг саха дæттæ; дарæсы хуыз æмæ цæуæг адæмы ныхасы мырты уынæр уыди ирд. Быруты мидæгæй чысыл дыргъдæтты тыппыр кæнын байдыдтой бæлæсты къуыбæрттæ, сæ къалиутæ та сын зына-нæзына змæлын кодта рог дымгæ. Алы ран дæр калдысты æмæ тагъдысты рæсуг æртæхтæ... Сырддонцъиутæ æдзæлгъæд чъыр-чъыр кодтой æмæ-иу сæ чысыл базыртæй спæр-пæр кодтой. Хурварсы бырутыл, хæдзæрттыл æмæ бæлæстыл алцыдæр змæлыд æмæ æрттывта. Хъæлдзæг, æрыгон уыди арвыл дæр, зæххыл дæр, адæймаджы зæрдæйы дæр. 

Сæйрагдæр уынгтæн сæ иуы, æлдары стыр хæдзары размæ æрытыдтой сыгъдæг хъæмп; хæдзары та уыди, фæсарæнмæ чи тагъд-тагъд кодта, уыцы уæззау рынчын сылгоймаг. 

Ссыд дуары цур лæууыдысты рынчыны лæг æмæ иу ацæргæ сылгоймаг. Диваныл бадти сауджын, цæстытæ дæлæмæ ’руадзгæйæ, йæ къухы та епитрахилы тыхт цыдæр. Къуымы, вольтераг къæлæтджын бандоны æркъул кодта рынчыны мад æмæ зæрдæхалæн куыд кодта. Йæ фарсмæ лæууыд лæггадгæнæг сылгоймаг, йæ къухы — сыгъдæг фындзыкæлмæрзæн, зæронд ус æй кæд бацагурдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, иннæ кусæг сылгоймаг цæмæйдæр сæрфта зæронд усы къæмисæнтæ æмæ йын йæ худы бынмæ йæ урс дзыккутыл фу кодта. 

— Цæй, дæ хорзæхæй, мæ хæлар, — дзырдта лæг, йемæ дуары цур цы ацæргæ ус лæууыд, уымæн, — уый дыл тынг æууæнды, йемæ афтæ хорз дзурын зоныс, æмæ йæ сразы кæн, мæ зæрдæдарæны, дæ хорзæхæй, цæугæ. — Дуар ын байгом кæна, зæгъгæ, раст æй уæд йæ кузинæ фæурæдта, кæлмæрзæн цалдæр хатты цæстытыл авæрдта æмæ йæ сæр атылдта. 

— Ныр, æнхъæлдæн, кæугæ кодтон, уый нал зыны, — загъта æмæ, дуар байгом кæнгæйæ, мидæмæ барасти. 

Рынчыны лæг тынг тыхст уыди æмæ, цыма бынтондæр сдзæгъæл, афтæ зынд. Исдугмæ зæронд усмæ бауайынвæнд акодта, фæлæ йæм цалдæр къахдзæфы нæ бахæццæ, афтæмæй фæстæмæ фæзылд, уатыл араст æмæ сауджыны цур æрлæууыди. Сауджын æм бакаст, цæстытæ арвмæ систа æмæ ныуулæфыд. Йæ бæзджын халас зачъе базмæлыд. 

— О, мæ Хуыцау! О, мæ Хуыцау! — загъта рынчыны лæг. 

— Цы бачындæуа? — ныуулæфгæйæ загъта сауджын, æмæ та йе ’рфгуытæ ’мæ йæ зачъе базмæлыдысты. 

— Йæ мад дæр ам ис! — тынг тыхстæй сдзырдта лæг. — Уыцы уæззаудзинадæн нæ бафæраздзæн. Уый йæ куыд уарзы, уый йæ куыд уарзы... нæ зонын. Уæд та йын ды куы зæгъис, мæ фыдыхай, куы бафæлварис йе сразы кæныныл — цæмæй ардыгæй ацæуа, ууыл. 

Сауджын сыстад æмæ зæронд усмæ бараст. 

— Афтæ, афтæ, мады зæрдæйæн фаг аргъ скæнын ничи базондзæн, — загъта сауджын, — фæлæ Хуыцау тæригъæдгæнаг у. 

Зæронд усы цæсгом æваст стъæлфынтæ байдыдта, æмæ йын йæ фыр тыхстæй хæкъуырццæг бацайдагъ. 

— Хуыцау тæригъæдгæнаг у, — сауджын йæ ныхас кодта дарддæр. — Æз дын зæгъдзынæн: мæ приходы иу рынчын уыд, æмæ Мария Дмитриевнæйæ бирæ фыддæр. Æмæ цы зæгъай: иу хуымæтæджы лæг æй цыбыр рæстæгмæ кæрдæджытæй сдзæбæх кодта. Уыцы лæг ма йæхæдæг ныртæккæ дæр Мæскуыйы ис. Æз дзырдтон Василий Дмитриевичæн — бафæлварын æй хъæуы. Æппынфæстаг рынчынæн йæхицæн бирæ æнцондæр уыдаид. Хуыцауы бон алцыдæр у. 

— Нæ, уымæн нал ис фæцæрæн, — сдзырдта зæронд ус, — мæн айсыны бæсты Хуыцау уый исы.— Уæд йæ тыхсты хæкъуырццæг афтæ стыхджын, æмæ йæ зæрдæ бахъарм и. 

Рынчыны лæг йæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ уатæй разгъордта. 

Къæлидоры æппæты фыццаг кæуыл амбæлд, уый уыди æхсæзаздзыд лæппу, йæ тых, йæ бонæй йæ кæстæры, чысыл чызджы, чи сырдта, уый. 

— Сывæллæттæн сæ мады размæ бакæнæн ис? — бафарста няня. 

— Нæ, сæ фенын æй нæ фæнды. Стыхсдзæн. 

Лæппу иу чысыл фæлæууыд, йæ фыды цæсгоммæ лыстæг скасти, стæй фæчъыллипп кодта æмæ, хъæлдзæг хъæртæ кæнгæйæ, азгъордта дарддæр. 

— Папæ, уый та цыма сау бæх у, уыйау! — йæ фыдмæ ныхъхъæр кодта чысыл лæппу, йæ хомæ амонгæйæ. 

Кузинæ та раст гъе уæд иннæ уаты бадти рынчын усы фарсмæ, æмæ рынчынæн æнæ амæлгæ кæй нæй, уыцы хъуыдыйыл фæцахуыр уа, зæгъгæ, йемæ кодта аразгæ ныхас. Иннæ рудзынджы цур та лæууыди дохтыр æмæ змæста цавæрдæр нуазгæ хос. 

Рынчыныл уыди урс капот, йæ алырдыгæй — базтæ, афтæмæй сынтæджы бадт æмæ æнæдзургæйæ каст йæ кузинæмæ. 

— Ох, мæ хæлар, — загъта рынчын, æвиппайды йын йæ ныхас фæурæдта, афтæмæй, — цæттæ мæ ма кæн. Сывæллон, мыййаг мæ ма хон. Æз чырыстон сылгоймаг дæн. Алцыдæр зонын. Бирæ нал фæцæрдзынæн, зонын æй. Фæлæ мæм мæ лæг раздæр куы байхъуыстаид, уæд Италийы уыдаин, æмæ, хъуамæ, æнæниздæр ма суыдаин, бæлвырд, гъе уый дæр зонын. Уыдæттæ йын иууылдæр дзырдтой. Фæлæ цы чындæуа, æвæццæгæн, æмæ Хуыцауы афтæ фæндыд. Max не ’ппæт дæр тæригъæдджын бирæ цæмæйдæрты стæм, зонын æй. Фæлæ мæ зæрдæ дарын Хуыцауы хорзæхыл, — се ’ппæтæн дæр хатыргонд æрцæудзысты, хъуамæ, ce ’ппæтæн дæр хатыргонд æрцæудзысты...Фæлгъауын мæхи бамбарыныл. Мæнмæ дæр бирæ тæригъæдтæ ис, мæ хур. Фæлæ уыйбæрц та цас фæхъизæмар кодтон, цас! Мæ хъизæмардзинæдтæ хæссын куыд фæразон, ууыл хъардтон мæхи... 

— Уæдæ сауджынмæ бадзурон, мæ хур! Дæхи куы бафæдзæхсай, уæд дын æнцондæр уыдзæн, — загъта кузинæ. 

Рынчын йæ сæр æркъул кодта, ома, разы дæн, зæгъгæ. 

— Хуыцау! Бахатыр мын кæн, тæригъæдджынæн, — сабырæй загъта рынчын. 

Кузинæ уатæй рацыд æмæ сауджынæн цæстытæй ацамыдта. 

— Уый зæд у, зæд! — загъта рынчыны лæгæн, йæ цæстытæ доны разилгæйæ. Лæг скуыдта, сауджын дуарыл мидæмæ бахызти, зæронд ус та ма уадзыгæй лæууыд, æмæ фыццаг уат бынтондæр ныссабыр. Иу-фондз минуты фæстæ сауджын дуарыл рахызт æмæ, епитрахиль сисгæйæ, йæ сæрыхъуынтæ дзæбæхтæ кодта. 

Кузинæ æмæ лæг рацыдысты. Рынчын сабырæй куыдта, дзуары нывмæ кæсгæйæ. 

— Арфæ дын кæнын, мæ хур, — загъта йын йæ лæг. 

— Арфæгонд у! Куыд æнцон мын y ныр, куыд æнахуыр диссаджы адджындзинад мыл æртыхсти, — дзырдта рынчын, — æмæ йæ тæнæг былтыл рахъазыди рог мидбылты бахудт. — Куыд хæрзаудæг y Хуыцау! Æцæг, куыд хæрзаудæг y? — Æмæ та цæссыгæйдзаг цæстытæй ноджыдæр тæригъæддаг лæгъстæимæ дзуары нывмæ кæсын байдыдта. 

Стæй цыма æваст йæ зæрдыл цыдæр æрбалæууыди, уыйау йæ лæгмæ фæдзырдта, сæрæй ацамонгæйæ. 

— Æз дæ цы фæкурын, уый мын никуы баххæст кæныс, — загъта йын лæмæгъ æмæ æнæразыйæ. 

Лæг æм, йæ къубал баивазгæйæ, коммæгæсæй хъуыста. 

— Цы, мæ хур? 

— Цал æмæ дын цал хатты дзырдтон, ацы дохтыртæ ницы ’мбарынц, зæгъгæ... Хуымæтæджы хосгæнджытæ ис... уыдон сдзæбæх кæнынц... Мæнæ сауджын дæр иу ахæм лæджы кой кодта... Арвит æм. 

— Кæмæ, мæ хур? 

— О Хуыцау! Бамбарын дæр æй ницы фæнды!.. — æмæ рынчын йæхи сæнцъылдтæ кодта, цæстытæ æрцъынд сты. 

Дохтыр æм хæстæг бацыд æмæ йын йæ къух райста. Пульс цавта куыдфæстæмæ бæрæг лæмæгъдæр. Цæстæй ацамыдта рынчыны лæгæн. Рынчын уыцы фезмæлд ауыдта æмæ тарст хуызæй фæкасти. Кузинæ иннæрдæм азылд æмæ скуыдта. 

— Ma ку, дæхи дæр æмæ мæн дæр удхарæй ма мар, — дзырдта рынчын, — уый мын мæ фæстаг сабырдзинад фæсурдзæн. 

— Ды зæд дæ! — йæ къухæн ын ба кæнгæйæ, загъта кузинæ. 

— Нæ, ам мын аба кæн, æрмæст мæрдтæн ба кæнынц сæ къухтæн. О, мæ Хуыцау! О, мæ Хуыцау! 

Рынчын тæккæ уыцы изæр амарди æмæ чырыны мидæг лæууыди стыр хæдзары залы. Стыр уаты, йæ дуæрттæ æхгæд, афтæмæй бадт иунæг диакъон æмæ йæ фындзы бын уыцы иухуызон хъæлæсæй касти Давиды зарджытæ. Бæрзонд æвзист цырагъдарæнты мыдадзын цырæгътæ ирд сыгъдысты. Сæ рухс хауд мард усы фæлурс ныхмæ, йæ уæззау мыдадзæнгæс къухтæм æмæ йæ уæрджытыл, стæй, къæхты фындзтыл уæлæмæ æвирхъау тынг чи фæцыд, уыцы æмбæрзæнты дурдзавд æнцъылдтытæм. Диакъон, цы дзуры, уыдон йæхæдæг дæр не ’мбаргæйæ, барстæй каст æмæ каст, æмæ сабыр уаты мидæг йæ дзырдтæ хъуыстысты æмæ-иу æнахуыр куыддæр æрмынæг сты. Хаттæй-хатт-иу дарддæр уатæй æрбайхъуысти сывæллæтты ныхæстæ æмæ уынæр. 

«Дæ цæсгом бамбæхсай, æмæ ныкъкъæмдзæстыг вæййынц, — амыдта псалтырь, — сæ уд сын айсай, — мæлгæ акæнынц æмæ та зæхх фестынц. Дæ уд арвитай — сырæзынц æмæ зæххы цæсгом сног кæнынц. Хуыцауæн мыггагмæ кад уæд». 

Мард сылгоймаджы цæсгом уыди карз, сабыр æмæ цæсты ахадгæ. Йæ сыгъдæг уазал ныхыл дæр, йæ фидар æхгæд былтыл дæр змæлгæ ницы кодта æппын. Ус æппæтæй дæр уыд æнцад, цыма истæмæ хъуыста, уыйау. Фæлæ цымæ ныр æмбæрстаид уыцы стыр ныхæстæ? 

 

IV
 

Мæйы фæстæ усы ингæныл фæзынди дурæй амад чысыл аргъуангонд. Фæлæ ма бæхтæрæджы ингæныл дур дæр нæма уыд; адæймаг кæй цард, уымæн йæ иунæг нысан чи ’вдыста, æрмæст гъе уыцы ингæныл æрзади фæлурсбын кæрдæг. 

— Тæригъæд дын уыдзæн, Серегæ! — загъта йын иу хатт станцæйы хæринаггæнæг сылгоймаг, — Хведорæн дур куы нæ балхæнай, уæд. «Зымæг у, зымæг у», куы кодтай, уæд дæ ныр иу ныхас дæр куы нал хауы? Уæвгæ та мæ цуры куы уыди. Иу хатт дæм куы ’рбацыди курынмæ, нæ йын балхæндзынæ, æмæ та дæм дыккаг хатт дæр æрбацæудзæн, дæ хурхыл дын бахæцдзæн. 

— Æмæ, мыййаг, исты зæгъын, — дзуапп радта Серегæ, — дур балхæндзынæн, куыд загътон, афтæ, балхæндзынæн, сом æмæ æрдæджы аргъ дæр балхæндзынæн. Рох мæ нæу, фæлæ йæ æрбаласын хъæуы. Горæтмæ куыддæр афтон, афтæ йæ балхæндзынæн. 

— Цырт ыл уæддæр сæвæрдтаис, — загъта зæронд бæхтæрæг, — кæннод æцæг æвзæр у. Йæ цырыхъхъытæ йын куы дарыс. 

— Æмæ йæ кæм ссардзынæ цырт та? Суджы лыггагæй йæ нæ самайдзынæ. 

— Цы загъдæуа? Суджы лыггагæй йæ нæ самайдзынæ, фæлæ фæрæт демæ айс æмæ райсомæй раджы бауай хъæды къохмæ, гъемæ уым самайдзынæ. Кæрз бæлас исты акалдзынæ. Æмæ дын уый — цырт. Кæннод та дæ хъæдгæсæн арахъхъ дарæн дæр кæм ис! Æз æрæджы даргъ хъил асастон, хъæды ракодтон æндæр — тынг хорз хъил, æмæ мын ныхас дæр ничи загъта. 

Райсом раджы, сæумæцъæхæй, Серегæ фæрæт райста æмæ къохмæ араст и. Алы ран дæр ма уыди уазал æртæх, хур кæмæ нæма ’ркаст, ахæм. Хурыскæсæн сындæггай-сындæггай бæрæгдæр кæнын райдыдта, йæ лæмæгъ рухс зынди, арвы къуырф чи бамбæрзта, уыцы тæнæг æврæгътыл. Иу кæрдæджы хал дæр бынæй, иунæг сыфтæр бæласы уæллаг къабазыл дæр нæма змæлыди. Æрмæст-иу хаттæй-хатт хъæды тарфæй райхъуысти маргъы базырты уынæр, кæнæ та цавæрдæр сыбар-сыбур зæххыл. Хъæды сабырдзинад æндæр ницæмæй хæлди. Æваст, дын, æрдзæн æцæгæлон чи у, ахæм æнахуыр хъæр фæцыд, æмæ ныссабыр и хъæды кæрон. Фæлæ та хъæр фехъуысти дыккаг хатт æмæ ногæй æмæ ногæй хъуысын байдыдта иу æнцадлæууæг бæласы бынæй. Бæласы цъуппытæй иу батыбар-тыбур кодта æнахуыр, йæ донджын сыфтæртæ цыдæр сыбар-сыбур кодтой æмæ чъырттым, къалиутæн сæ иуыл чи бадт, уый æхситгæнгæ дыууæ хатты апæррæст кодта иу ранæй иннæ ранмæ æмæ, йæ къæдзил фелвас-фелвас кæнгæйæ, иннæ бæласыл абадти. 

Фæрæт бынæй, бæласы зæнджы цур, хъæр кодта æмырдæрæй-æмырдæр, урс-урсид уымæл æхснырфтæ тахтысты æртæхджын кæрдæгмæ, æмæ фæрæты цæфты фæстейæ райхъуысти рог къæрцц. Бæласы буар æппæтæй дæр фестъæлфти, акъул æмæ цырд сраст и фæстæмæ, йæ уидагыл тарстхуызæй дзойтæ кæнгæйæ. Иу уысм хъæд ныссабыр и, фæлæ та бæлас акъæдз, йæ зæнгæй та къæрцц фехъуысти, стæй къалиутæ сæтгæйæ, æмæ йæ цæнгтæ дæлæмæ æруадзгæйæ, æрхаудта уымæл зæххыл. Фæрæты æмæ къахдзæфты уынæр ныссабыр сты. Чъырттым сæхситт кодта æмæ бæрзонддæр стахти. Йæ базыртæй цы къалиуыл бандзæвыд, уый иуцасдæр рæстæг азмæлыди, стæй иннæты хуызæн йæ сыфтæ æппæтимæ ныссабыр и. Бæлæстæ уыцы ног парахат раны ce ’нæзмæлгæ къалиутимæ разындысты ноджы рæсугъддæрæй. 

Хуры фыццаг тынтæ, тæнæг æврæгътыл хизгæйæ, ферттывтой арвыл, стæй азгъордтой зæххыл. Мигъ уылæнтæй цыди къуырфыты, æртæх, цæхæртæ калгæйæ, хъазын байдыдта кæрдæгыл. Тæнæг, чи афæлурс, уыцы æврæгътæ, тагъд-тагъд кæнгæйæ, цъæхгæнгæ арвы къуырфыл алырдæм згъорынтæ байдыдтой. Мæргъты хъæлæба цыди хъæды тарфæй. Цыма цыдæр ссардтой, уыйау цъыбар-цъыбур кодтой. Сойджын сыфтæртæ бæлæсты цъуппытыл хъæлдзæгæй æмæ сабырæй сыбар-сыбур кодтой, æмæ цардæгас бæлæсты къалиутæ сæрыстырæй змæлыдысты мард æмпылд бæласы сæрмæ. 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»