Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 3021 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
БИРÆ ХЪÆУЫ, ЦЫМÆ, АДÆЙМАДЖЫ ЗÆХХ?

[Ратæлмацгæнæг — Плиты Харитон] 

 

I

 

Иухатт горæтæй хъæумæ хистæр хо æрцыди йæ кæстæр хомæ. Хистæр уыди къупецы ус æмæ царди горæты, кæстæр та уыди зæхкусæджы ус æмæ царди хъæуы. Дыууæ хойы цай куы цымдтой, уæд сын ныхас бацайдагъ. Хистæр хо йæхи бæрзонддæр æвæрдта æмæ байдыдта йæ цардæй æппæлын. 

— Махмæ, горæты, алцыдæр ис, цæрæм сыгъдæг, нæ сывæллæттæ — хорз арæзт, нæ хæринаг æмæ нæ нуазинаг хæрзад, алы хъæлдзæгдзинад — нæ къухы: куы дæ бафæнда, уæд дæхи аирхæфс, файтоны абад æмæ та театрмæ ацу. 

Кæстæр хомæ хардзау æркасти æмæ фауын байдыдта къупецаг цард, зæхкусæджы цард та уæлдæр иста. 

Уый дзырдта: 

— Мæ цард ницæй тыххæй баивдзынæн дæ цардыл. Max, кæд хуымæтæджы цард кæнæм, уæддæр нæ тас ницæмæй ис. Сымах та, кæд сыгъдæгдæр цæрут, уæддæр алы бон тасы бынаты стут, — уæ базайрагæй кæнæ бирæ фæпайда кæндзыстут, кæнæ бынтон фæзиан уыдзыстут. Уый тыххæй ахæм æмбисонд баззади: «базаргæнæгæн йæ ахсджиагдæр æфсымæр — йæ æфтиаг». Афтæ дæр рауайы: абон — хъæздыг, райсом та — фыдмæгуыр, искæй дуармæ зад. Max, зæхкусджыты цард та бындурон у. Зæхкусæджы гуыбын фæразон у, хъæздыг нæ уыдзыстæм, фæлæ нын стонгæй дæр тас нæу. 

Хистæр хо та йын райдыдта дзурын: 

— Кæд æфсæдгæ бакæнут, уæддæр — хуытимæ æмæ родтимæ. Нæ уæм æфснайддзинад ис, нæ — æгъдау! Цыфæнды куыст куы кæна дæ сæры хицау, уæддæр фаджысимæ архайгæйæ куыд цæрут, афтæ амæлдзыстут, æмæ уæ цот дæр уæхи хуызæн уыдзысты. 

— Æмæ цы? — зæгъы кæстæр хо, — махæн æндæр фадат нæй. Фæлæ нæ цард фидар у, лæгъстæйаг никæмæн стæм, никæмæй тæрсæм. Сымах та уæ цард æрвитут горæты, тæрсгæ æмæ ризгæйæ. Абон — хорз, райсом кæс, æмæ хæйрæг дæ быны фæмидæг уыдзæн, дæ сæры хицауы дын фæсайдзæн, йе — къамтæй, йе — нуæзтæй, йе — цавæрдæр рæсугъд æхсинæй, æмæ дæ цард рыгау æрбайсæфдзæн. Афтæ дæр рауайы. 

Пахом, кæстæр хойы мой, пецы сæр хуыссыди æмæ уырдыгæй хъуыста, дыууæ хойы куыд дзæнгæда цагътой, уымæ, æмæ загъта: 

— Уый иттæг раст у, мах чысылæй фæстæмæ змæнтæм нæ дарæг зæхх æмæ нæ зæрдæ æндæр ничердæм æхсайы, нæ мæт ма æрмæст уый у, æмæ нæм зæхх гыццыл кæй ис. Фæлæ нæм зæхх фаг куы уаид, уæд æз хæйрæгæн йæхицæй дæр ницæмæй фæтæрсин! 

Цай цымд фесты дыууæ хойы, дарæсты тыххæй дæр ма аныхас кодтой, тæбæгътæ бафснайдтой æмæ схуыссыдысты. 

Уæд хæйрæг пецы фæстæ бадти æмæ сын хъуыста сæ ныхæстæм. Бацин кодта, зæхкусæджы ус йæ лæджы раппæлыны фæндагыл кæй сарæзта: уый æппæлы, зæгъгæ, йын зæхх куы уаид, уæд ын хæйрæг дæр ницы кæндзæн. 

«Хорз, — хъуыды кæны хæйрæг, — схæснаг кæнæм демæ, æз дын зæхх афтæ бирæ ратдзынæн, æмæ дæ сыджыты хай дæр бакæндзынæн». 

 

II
 

Зæхкусджытæм хæстæг царди иу æхсин. Уымæ уыди 120 дæсæтины зæхх. Райдианы уый зыхкусджытимæ æнгом царди, ницæмæй сæ хъыгдардта. Фæлæ йæм фæстагмæ приказчикæй ныллæууыди, æфсадæй чи æрыздæхт, ахæм салдат, æмæ уый зæхкусджыты уд ласта æнауæрдон ивартæй. Пахом кæд йæхи хызта, уæддæр-иу: куы йæ сысджымæ бæх баирвæзти, куы цæхæрадонмæ йæ хъуг, куы та уыгæрдæнтæм йæ родтæ, — алцæмæн дæр ивартæ. 

Пахом фиддонтæй сфæлмæцыди æмæ бинонты æфхæрын æмæ нæмын райдыдта. Бирæ фыдбылызтæ йын скодта сæрды дæргъы уыцы приказчик. Пахомæн йæ зæрдæ барухс, зымæджы, йе стурты кæрты дарын куы байдыдта, уæд: кæд сын холлаг дæттын æвгъау кодта, уæддæр дзы тас нал уыди ивартæй. 

Зымæджы ахæм тауыс айхъуысти, зæгъгæ, дам, æхсин йæ зæхх уæй кæнын сфæнд кодта, æмæ йæ æлхæнынмæ хъавы иу фыд-зæрдæ кæртмæрзæг. Зæхкусджытæ уый куы фехъуыстой, уæд фæтарстысты, сæ къухтæ ауыгътой: «Йе-йе, ныр нæм бæрæг уыдзæн, — хъуыды кæнынц, — уыцы мæрзæджы къухы куы бафтæм, уæд нæ æхсинæй фылдæр уый иварты бын фæкæндзæн. Махæн дæрæн нæй æнæ уыцы зæхх, мах не ’ппæт дæр стæм уый фæрцы удæгас». 

Зæхкусджытæ æгас хъæуæй иумæ æрцыдысты æхсинмæ æмæ дзы куырдтой, йæ зæхх кæртмæрзæгæн куыннæ ауæй кæна, фæлæ йæ уыдонæн куыд ратта. Ныфс ын бавæрдтой фылдæр аргъ раттыны тыххæй. Æхсин сразы ис. Байдыдтой зæхкусджытæ иумæ уынаффæ кæнын, иу-дыууæ хатты ныхасмæ æрæмбырд сты, фæлæ сæ дзырд кæрæдзийыл не сбадти, æмæ сæ хъуыддаг не срæвдз ис. Хæйрæг сæ къуылымпы кæны æмæ никуыд разы кæнынц. Зæхкусджытæ хъуыддаг афтæ аскъуыддзаг кодтой, æмæ сæ алчидæр, кæмæн цас йæ бон суа, уыйбæрц хицæнæй куыд балхæна, ууыл æхсин дæр сразы ис. Пахом фехъуыста, йæ сыхаг 20 дæсæтины зæхх кæй балхæдта æхсинæй æмæ йын æмбис аргъ æрмæджы кæй бафыста, иннæ æмбис бафидынæн та йын цалдæр азы æмгъуыд радта. Пахоммæ хæлæг æркаст æмæ ахъуыды кодта: «Зæхх иууылдæр фæуыдзæн уæйгонд, æмæ дзы æз æнæ хайæ баззайдзынæн». Райдыдта йæ усимæ уынаффæ кæнын. 

— Адæм æлхæнынц, æмæ дзы мæнæн дæр мæ къухы иу-дæс дæсæтины уæддæр куы бафтид, уæд хорз уаид. Кæннод цæрын нал фæразын, йæ ивартæй мæ бабын кодта приказчик! 

Сæхинымæр бауынаффæ кодтой лæг æмæ ус зæхх æлхæныны тыххæй. Уыди сæм æвæрд æхца дæс туманы, ауæй кодтой сæ байраг, сæ мыдыбындзыты æмбис дæр, сæ фырты æххуырсты ныллæууын кодтой, ноджы ма хæс дæр райста Пахом йе ’мсиахсæй, æмæ сæм афтæмæй æрæмбырд ис æмбис аргъ. 

Пахом æхцатæ куы æрæмбырд кодта, уæд зæхх равзæрста æмæ дзы сбæрæг кодта 15 дæсæтины, иу чысыл дзы хъæд дæр уыди æмæ ацыди æхсинмæ æлхæнынмæ. Бафидыдта æхсинимæ 15 дæсæтиныл, радта йын фидауæггаг. Ацыдысты горæтмæ æмæ ныффыстой фидары гæххæтт. Пахом зæххы аргъæй æмбис уыцы сахат бафыста, иннæ æмбис та йын бафидинаг уыди дыууæ азы æмгъуыдмæ. 

Уыцы хуызæнæй Пахом зæхджын баци. Æфстау райста мыггаг æмæ байтыдта æлхæд зæхх. Хор тынг æрзад, æмæ Пахом иу азмæ йæ хæстæ иууылдæр бафыста, æхсинæн дæр æмæ йе ’мсиахсæн дæр. Афтæмæй Пахом йæхæдæг пъамещик сси: йæхи зæхх-иу бакодта æмæ тыдта, йæхи зæххыл уыди йæ хосгæрст, йæхи зæххæй ласта михтæ, йæхи зæххыл хызта йе стуртæ. Пахом-иу йæхи сæрмагонд зæхмæ куы рацыди, йе хуым кæнынмæ, йе æвзар бæрæг кæнынмæ, йе уыгæрдæн фенынмæ, уæд-иу сæм йæ цæст кæсынæй не ’фсæсти. Йæ зæрдæ дзы афтæ дзæбæх кодта, дыма йæ кæрдæг иннæтæй бæрæг хуыздæр зади, йæ дидинджытæ дæр цыма бæрæг æндæр хуызæн уыдысты. Арæх иу цыди уыцы зæххыл уый агъоммæ дæр Пахом, æмæ йæм уæд уыцы зæхх уадиссаг хорз нæ зынди, фæлæ йын ныр, бæстыл чи нæй, ахæм фестади. 

 

III
 

Цæры Пахом æмæ цин кæны. Йæ царды хъуыддаг æппæтæй дæр цыди хорз, æрмæст ын маст кодтой йæ сыхæгтæ, ce стуртæ дзæгъæл уагътой æмæ йын йæ хуымтæ æмæ йæ уыгæрдæнтæ сæфтой. Пахом сын лæгъстæ кодта дзæбæхæй, фæлæ йæ ницæмæ дардтой æмæ йæ мæстæй мардтой: куы-иу ын хъомгæстæ барæй бауагътой йæ уыгæрдæнтæм сæ хъомты, куы та-иу æхсæв сæ бæхтæ рæгъауæй баирвæзтысты йæ хуымтæм. Пахом-иу аздæхта йæ сыхæгты стурты, хатыр сын кодта, хъаст бакæнын та сыл йæ сæрмæ нæ хаста, фæлæ йæм фæстагмæ хардзау кæсын байдыдта æмæ сыл волосты къæнцылармæ бахъаст кодта. 

Пахом зыдта, сыхæгтæ йын фыдæнæн кæй нæ кæнынц, фæлæ ce стуртæ сæ къуындæг царды тыххæй кæй баирвæзынц, уый, æмæ йæхинымæр хъуыды кæны: «Ахæм хатыртæ кæнын мæ бон нал у, кæннод мын уыцы хуызæнæй мæ хуымтæ æмæ мæ уыгæрдæнтæ иууылдæр фесафдзысты. Сахуыр кæнын сæ хъæуы». 

Балæвæрдта тæрхондонмæ иуыл дæр æмæ иннæуыл дæр, æмæ сæ фæивар кæнын кодта. Уый сыхæгтæн æхсызгон нæ уыди. Пахоммæ дзæбæх зæрдæ нал дардтой æмæ йын сусæгæй фылдæр сафын байдыдтой йæ хуымтæ æмæ йæ уыгæрдæнтæ. Иу чидæр та баздæхти æмæ йын æхсæвыгон бахъуызыди йæ хъæды къохмæ, сусхъæд бæлæстæй дæс акалдта æмæ сын сæ цъæрттæ растыгъта. Пахом бацыди йæ хъæдмæ, — дардмæ ауыдта, цыдæр дзы урс кæй дары. Бахæццæ ис, æмæ йæ бæлæстæ калд, сæ цъæрттæ стыгъд, сæ бындзæфхæдтæ ныхъхъил сты. Уæд та уыцы фыд-зæрдæ адæймаг кæройнаг бæлæсты куы афæлдæхтаид, æхсæнмæ-æхсæнты æмæ дзы йæ тæккæ астæу æнæхъæн æрдуз куы нæ скодтаид. Тынг смæсты ис Пахом: «Гъæй-джиди, уый чи уыди, уый базон, уæд дзы мæ маст бæргæ райсин!» — «Чи уыдаид», — хъуыды кæнын байдыдта: «Семен йеддæмæ афтæ ничи бакодтаид мæнæн», — загъта йæхинымæр Пахом. Бацыди кæртмæ, йæ цæст ыл ахаста, фæлæ дзы ницы ссардта, æрмæст ма фæхыл сты. Пахомы тынгдæр бауырныдта, Семен йеддæмæ æндæр ничи уыдаид! Хъаст ыл балæвæрдта, тæрхондонмæ йæм басидын кодта. Тæрхон ыл байдыдтой, фæлæ йæм ницы ссардтой зылындзинадæй æмæ йæ сраст кодтой. Пахом фыдызнагæй тынгдæр смæсты: хъæуыхицау æмæ тæрхонгæнджытимæ дæр фæхыл: «Сымах, зæгъы, къæрныхты фарс стут. Уæхæдæг раст куы уаиккат, уæд æвзæргæнджыты не сраст кодтаиккат». Фæбыцæу ис сыхæгтимæ дæр. Басудздзыстæм дæ, зæгъгæ, йæм æртхъирæнтæ кæнын дæр байдыдтой. Пахом зæххы руаджы парахатæй цæрын байдыдта, фæлæ хъæубæсты æхсæн йæ цард фæкъуындæгдæр ис. 

Уыцы рæстæджы ахæм кой рацыди, адæм, дам, цæуынц ног цæрæнбынæттæм. Пахом йæхинымæры хъуыды кæны: «Мæнæн мæхи зæххæй никæдæм ис алидзæн. Фæлæ нæ хъæубæстæй исчитæ сæхи куы айсиккой, уæд махæн зæхх фæуæгъддæр уаид. Æз сын сæ зæхх мæхи бакæнин, мæ зæххимæ йæ баиу кæнин. Мæ цард фæхуыздæр уаид. Кæннод фыр къуындæгæй тыхсæм». 

Бады иухатт Пахом йæ хæдзары, æмæ йæм бафтыд иу бæлццон зæхкусæг. Æхсæвы йын фысым фæци, хорз æй суазæг кодта, ныхас сын бацайдагъ, — кæцæй дæ Хуыцау æрбахаста, зæгъгæ, уæд уазæг радзырдта, куыстагур кæй уыди Волгæйы фале. Ныхас ныхасы фæстæ, уазæг радзырдта, адæм уырдæм цæрынмæ куыд лидзынц. Раныхас кодта, нæхионтæй дæр, зæгъы, бирæтæ алыгъдысты уырдæм, сæхи ныффыссын кодтой, хъæуккаг баисты, æмæ сын бахай кодтой фæйнæ дæс дæсæтины алы удгоймагæн дæр. Сæ зæхх та, зæгъы, ахæм хорз у, æмæ дзы хлепа куы байтауай, уæд афтæ бæрзонд зайы, æмæ дзы бæх аныгъуылы, стæй афтæ бæзджын вæййы, æмæ дзы фондз дæстæджы та куырисваг вæййы, иу зæхкусæг, зæгъы, афтид армæй, бынтон мæгуырæй алыгъди уырдæм, æхсæз бæхы æмæ дыууæ хъуджы хиау баци. 

Уыцы ныхæстæм ссыгъди Пахомы зæрдæ æмæ асагъæс кодта: «Хуыздæр цардæн амал куы уа, уæд цы пайда y ацы къуындæджы цæрын æмæ мæгуыры хъиу-хъиу кæнын. Цæй, æмæ ауæй кæнон мæ зæхх дæр, æмæ мæ хæдзæрттæ дæр. Уым уыцы æхцатæй ног агъуыстытæ сараздзынæн æмæ æндæр æппæт царды фадæттæ дæр скæндзынæн. Ам та, ацы къуындæг бæсты, удхарæй мæлæм, æндæр ницы. Æрмæст æппæт хъуыддæгтæ раздæр хъуамæ мæхæдæг сбæрæг кæнон, хъуамæ зæхх фенон мæхи цæстæй». 

Пахом йæхи барæвдз кодта, æмæ сæрды араст ис балцы. Самарæйы онг Волгæйыл дæлæмæ науы ацыди, стæй уырдыгæй фистæгæй фæцыди 400 версты. Куы ныххæццæ ис, уæд разынди, бæлвырд куыд хъуыста, афтæ: цæрынц зæхкусджытæ парахатæй, алы удгоймагмæ дæр дзы дæс дæсæтины зæхх, æмæ уыимæ разæнгард сты кæйдæриддæр хъæуккаг скæныныл. Ноджы ма дæм æхца куы уа, уæд уæрст зæххæй уæлдай гæнæн ис, цас дæ фæнда, уыйбæрц бынæлхæд бакæнын æртыгай сомтæй, зæххæн йæ тæккæ хуыздæр раны; дæ бон у, цасдæриддæр дæ бафæнда, уыйас балхæнын! 

Сбæрджытæ кодта Пахом æппæт дæр, фæззæгмæ фæстæмæ раздæхти йæ хæдзармæ, æмæ йæ ис æмæ йæ бон уæй кæнын райдыдта. Ауæй кодта зæхх, йæ аргъ цы уыд, уымæй зынаргъдæрмæ, ауæй кодта йæ хæдзæрттæ, ауæй кодта йе стуртæ иууылдæр, ныууагъта йæ хъæубæстæ æмæ, уалдзæг куыддæр ’рбалæууыди, афтæ йæ бинонтимæ ног бæстæм араст. 

 

IV
 

Пахом йæ бинонтимæ æрцыди ног бæстæм, иу стыр хъæуы йæхи бакодта хъæуккаг. Зæрæдтæн ануазын кодта, æмæ йæ гæххæттытæ куыд æмбæлд, афтæ сарæзта. Хъæубæстæ сæхимæ райстой Пахомы, фондз удгоймагæн ын рахицæн кодтой алы рæтты фæндзай дæсæтины, уыдонæй уæлдай ма ноджы сæрвæты зæхх. 

Æрцарæзта Пахом йæхицæн хæдзар, фос скодта. Цы зæхх радтой Пахомæн, уый, зæронд хъæуы йæм цы уыди, уымæй æртæ хатты фæфылдæр ис. Уыимæ йæ зæхх дæр уыди хъæздыг. Иу дзырдæй, йæ ныры цард фыццаг цардæй дæс хатты хуыздæр фæци. Хуымзæхх дæр æмæ холлаг дæр — уæлдайджынтæй. Фос дæр цас фæнды, уыйас дар. 

Райдианы, цалынмæ Пахом йæхицæн агъуыстытæ арæзта æмæ æндæр цæрæн амал кодта, уалынмæ йæм дзæбæх касти, фæлæ куы æрбиноныг ис, уæд та йын ног бынаты дæр къуындæгад байдыдта. 

Пахом йæ зæххыл фыццаг аз байтыдта мæнæу, æмæ йын ыл тугыл аскъуыди. Афтæмæй фæцахуыр ис мæнæу кæныныл, æмæ йын йæ зæххы хай нал фаг кодта, зæххæй ма цы баззади, уый та бæззон нæ уыди. Мæнæу кодтой уым, æрмæстдæр хæмыцырихи (кæрдæг) арæх кæм зайы, кæнæ бакæнынц æмæ йæ стæй ныууадзынц, цалынмæ та баулæфа, уалынмæ. Ахæм зæхмæ та бирæтæ гæппæввонгæй бадынц, ce ’ппæтыл та æххæсгæ нæ кæны. Уый фæдыл сæхи мидæг арæх быцæу кæнынц; хъæздгуытæй алчидæр йæхæдæг хуым кæны хъæздыг зæххыл, мæгуыртæ та сæ хай хъалоны бæсты базаргæнджытæн раттынц. Бафæндыд Пахомы мæнæу фылдæр бакæнын. Иннæ аз куы ралæууыдис, уæд ацыдис æмæ иу къупецагæй аз æмгъуыдмæ балхæдта зæхх. Фылдæр бакодта хуым æмæ та йын æмбисондæн фесгуыхти, фæлæ йын дард уыдысты хъæумæ: иу-15 версты сæ хъуыди ласын. Кæсы зæхкусæг — къупецтæ хутортæй цæрынц æмæ хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæнынц. «Хорз хъуыддаг уаид, æвæдза! — хъуыды кæны Пахом йæхинымæры, — мæнæн дæр куы бафтид мæ къухы иу бынæлхæд зæххы гæбаз, уæд дзы æз дæр хутор саразин. Мæ кусинаг мæ алыварс уаид». Æмæ та сагъæсы бацыди, йæхинымæры уынаффæтæ кæны, зæхх бынæлхæд бакæныныл. 

Афтæмæй царди Пахом æртæ азы дæргъы. Амал кодта зæхх, æмæ-иу дзы байтыдта мæнæу. Азыхъæд-иу дзæбæх уыд, æмæ-иу мæнæуты æрзад диссагæн баззад. Фæзынди йæм æфснайд æхца дæр. Ницы хъуаг уыди Пахом, цæр æмæ цæр, фæлæ тыхстис алы аз дæр адæмæй зæхх æххуырсынæй, бирæ къуылымпы æййæфта: хорз зæхх-иу кæм уыди, уырдæм-иу сæхи ныккалдтой зæхкусджытæ æмæ-иу æй аххуырстой; дæ къухы нæ бафтыд зæхх баххуырсын, — уæд æнæ фæззыгæндæй баззайдзынæ. 

Æртыккаг аз баххуырста Пахом иу къупецимæ зæхкусджытæй иу ран сæрвæт, бакодтой дзы хуым, фæлæ зæхкусджытæ схъаугъа кодтой. Хъуыддаг тæрхондонмæ бацыди, æмæ сæ фæллой фесæфти. 

«Ныр мæхицæн зæхх фаг куы уаид, уæд лæгъстæйаг никæмæн уаин», — хъуыды кодта Пахом. 

Æмæ сфæнд кодта искуы зæхх бынæлхæд бакæнын æмæ агурын байдыдта. Сæмбæлди иу зæхкусæгыл. Уыцы зæхкусæгæй балхæдта 500 дæсæтины, тынг зиан фæци æмæ йæ ныр уæй кæны аслам аргъыл. Пахом йемæ дзурын байдыдта, бирæ фæдзырдта æмæ бафидыдта иу-мин сомыл, æмбис — æрмæджы, иннæ æмбис та — æмгъуыдмæ. Хъуыддаг алыгмæ цæттæ уыди, афтæмæй, иу хатт куы уыди, уæд Пахомы кæрты æрбалæууыди иу бæлццон къупец йæ бæхтæн исты ахæрын кæнынмæ. Цай бацымдтой æмæ аныхас кодтой. Къупецаг радзырдта, уыдтæн, дам, дард бæсты, башкиртæм. Уым, зæгъы, æз балхæдтон башкиртæй фондз мин дæсæтины зæхх, æмæ мын уый æдæппæт слæууыд æрмæст иу-мин сомы. 

Пахом бæлвырд рафæрстытæ кодта бæлццоны. Къупец радзырдта: 

— Æрмæст, — зæгъы, — зæрæдты зæрдæ цæмæйдæрты балхæдтон. Иу дæс туманы аргъ сын балæвар кодтон халаттæ, гауызтæ, стæй ма цайгæрдæг иу урс тасмачъийыдзаг æмæ, нуæзт чи нуæзта, уыдонæн сæн ануазын кодтон æмæ мын дæсæтин абазийæ фылдæр нæ сыстади. — Бæлццон равдыста йæ æлхæды гæххæтт дæр. — Зæхх та, — зæгъынц, — ис доны былтыл, быдыртæ та сты замманай цыллæйы хуызæн кæрдæгджын, хæмыцырихиимæ хæццæгонд. 

Пахом æй зæрдиагдæрæй байдыдта фæрсын, ома, куыд æмæ цы? 

— Башкиртæм, — зæгъы къупец, — уыйбæрц ис зæхх, æмæ йыл афæдзмæ дæр зылд нæ фæуыдзынæ. Сæ адæмыхъæд та — раст фысвосау æнæмбаргæ. Лæварæй сын дæхицæн райсдзынæ сæ зæххæй, цас дæ хъæуы, уыйбæрц. 

Уæд Пахом ахъуыды кодта: «Цæйнæфæлтау мæ мин сомæй ам 500 дæсæтины балхæнон æмæ ма иу уыйас та мæ зæрдæйыл хæс баззайа, фæлтау уым мин сомæй цæйбæрц зæххы хицау суыдзынæн!» 

 

V
 

Пахом бæстон æрфæрстытæ кодта къупецы, куыд æмæ цавæр фæндæгтыл цæуын хъæуы уырдæм, æмæ куыддæр къупецы фæраст кодта, афтæ йæхæдæг дæр срæвдз и фæндагмæ. Йæ хæдзар йæ усы бар бакодта, æмæ йе ’ххуырстимæ араст и. Сæ фæндаг горæтыл акодтой æмæ уым балхæдтой цайгæрдæг, лæвæрттæ, сæн, æмæ алцыдæр, къупецы дзырдтæм гæсгæйæ. Стæй уæд дарддæр араст сты æмæ фæцыдысты 500 версты. Къуырийы бонмæ ныххæццæ сты башкиртæм. 

Къупец куыддæриддæр дзырдта, иууылдæр афтæ разынди. Башкиртæ цардысты быдыры, доны былтыл, нымæттæй æмбæрзт чъибиткæты. Сæхæдæг хуым нæ кæнынц æмæ дзул нæ хæрынц. Сæ быдырты та лæууынц стурты æмæ бæхты рæгъæуттæ дзæгъæлæй. Чъибиткæйы фæстæ бастæй дарынц байрæгты æмæ сæм бон дыууæ хатты сæ мадæлты æрбатæрынц. Ефсыты дуцынц æмæ сын ce ’хсырæй хъуымыз аразынц. Сылгоймæгтæ хъуымыз сцæгъдынц æмæ дзы цыхт ахсынц, сæ лæгтæ та бынтон æнæмæт сты: хъуымыз нуазынц, цай цымынц, фысы фыд хæрынц æмæ уадындзæй уасынц. Бакæсгæйæ, ce ’ппæт дæр — хæрзхуыз, хъæлдзæг, æнæхъæн сæрд æнцад бадынц, бæрæгбонау. Сæ адæмыхатт — талынг, æнæмбаргæ, уырыссагау нæ зонынц, фæлæ — цинтæгæнаг. 

Куыддæр Пахомы ауыдтой, афтæ башкиртæ сæ чъибиткæтæй ракалдысты æмæ уазæджы алыварс æрбамбырд сты. Разынди сæм иу тæлмацгæнæг, зæхх агурæг кæй æрцыди, уый. Бацин кодтой башкиртæ, бахуыдтой Пахомы мидæмæ, чъибиткæмæ, гауызтыл æй æрбадын кодтой, йæ быны йын бакодтой фæлмæн пакъуы базтæ, сæхæдæг йæ алыварс æрбадтысты, цай æмæ йын хъуымыз æрбадавтой, кусарт ын акодтой æмæ йæ фысы фыдæй хорз федтой. Пахом райхæлдта, цы æрласта, уыдон, æмæ башкиртæн лæвæрттæ уарын райдыдта. Радта сын лæвæрттæ æмæ сын цайгæрдæг дæр байуæрста. Цинæй амардысты башкиртæ. Дыгъал-дыгъул фæкодтой сæ кæрæдзиимæ, стæй тæлмацгæнæгæн зæгъын кодтой: 

— Бауарзтам дæ, фæлæ махæн не ’гъдауы ис алцæмæй дæр уазæджы зæрдæ æлхæнын æмæ лæвармæ фæстæмæ лæвар ракæнын. Ды нын лæвæрттæ ракодтай, æмæ дын мах дæр хъуамæ раттæм исты лæвар, зæгъ нын, цы цæуы дæ зæрдæмæ æмæ цы лæвар домыс махæй? 

— Æппæтæй фылдæр мæ зæрдæмæ фæцыди уæ зæхх, — загъта Пахом. — Махæн нæ зæхх къуындæг у, хæрд зæхх æмæ мæгуыр, сымахмæ та зæхх бирæ ис, стæй уæ зæххы хъæд дæр хорз у. Æз ахæм зæхх мæ цæсты кæронæй дæр никуы федтон. 

Тæлмацгæнæг ын йæ дзырдтæ загъта башкиртæн. Уыдон сæхимидæг хъæрæй ныхас кæнынц, цыдæртæ дзурынц æмæ худынц. Цы дзырдтой, уый Пахом не ’мбæрста, фæлæ сæ цæстынгасæй бæрæг уыди, хъæлдзæг ныхас кæй кодтой, уый. Стæй банцадысты æмæ Пахоммæ ныккастысты. Тæлмацгæнæг дзуры: 

— Зæгъ, дам, ын, хорз зæрдæйы хицау дæ, хорз нын ракодтай, æмæ дын зæхх раттыныл разы стæм; æрмæст, цас дæ фæнды æмæ дæ чердыгæй хъæуы, уый бацамон дæ къухæй. 

Ноджыдæр ма дарддæр дзырдтой æмæ цæуылдæр быцæу ныхас кæнын байдыдтой. Пахом фæрсы тæлмацгæнæджы, цæуыл y сæ быцæу, æмæ йын тæлмацгæнæг загъта: 

— Сæ иутæ зæгъынц: зæххы тыххæй раздæр хъæуы бафæрсын хъæуыхицауы, æнæ уый хос нæй. Аннæтæ та зæгъынц, æнæ уый дæр хъуыддагæн саразæн ис. 

 

VI
 

Башкиртæ быцæу ныхас кæнынц, уалынмæ æрбазынд, рувасдзарм худ йæ сæрыл кæмæн уыд, ахæм лæг. Куы йæ ауыдтой, уæд сæ ныхас фæурæдтой æмæ сыстадысты. Тæлмацгæнæг загъта Пахомæн: 

— Уый хъæуыхицау у. 

Пахом тагъдгомау сыстади, систа хуыздæр чи уыди, уыцы халат æмæ йæ балæвар кодта хъæуыхицауæн, стæй ма йын радта ноджыдæр 5 джиранкайы цайгæрдæг. Хъæуыхицау райста лæвæрттæ æмæ хистæры бынаты æрбадти. Башкиртæ йын цыдæр ныхас кæнын байдыдтой. Хъæуыхицау фæхъуыста, фæхъуыста, стæй йæ сæрæй ацамыдта, цæмæй башкиртæ банцадаиккой, йæхæдæг Пахомæн уырыссагау загъта: 

— Зæхх бирæ ис, айс, дæ зæрдæмæ кæцы ран цæуы, уым. 

Пахом хъуыды кæны: «Ау, æмæ цас мæ фæнды, уыйбæрц куыд райсон. Хъуамæ исты хуызонæй уæддæр мæхиуыл æрцæуа фидаргонд. Кæннод мын æй искуы фæстæмæ куы байсой». 

— Уæ дзæбæх дзуаппы тыххæй уæ бузныг дæн, — загъта Пахом, — ай-гъай, сымахæн зæхх бирæ ис, фæлæ мæн бирæ нæ хъæуы. Æрмæст хъуамæ зонон мæхион. Искуыд æй уæддæр хъæуы сбарын, рахицæн кæнын æмæ мæ номыл ныффидар кæнын. Кæннод, лæг цæрын дæр æмæ мæлын дæр зоны. Сымах хорз адæм стут, дæттут мын зæхх, фæлæ искуы уæ цот куы рахъомыл уой, уæд мын æй фæстæмæ байсдзысты. 

— Раст y дæ ныхас, — зæгъы хъæуыхицау, — сфидар æй кæндзыстæм. 

Уæд ын Пахом райдыдта дзурын: 

— Фехъуыстон æз, сымахмæ уыди цавæрдæр къупец, æмæ уымæн дæр балæвар кодтат зæххы гæбаз, æлхæды гæххæтт дæр ын скодтат. Мæнæн дæр æй афтæ куы саразиккат! 

Хъæуыхицау хъуыддаг цæй мидæг уыд, уый бамбæрста æмæ загъта: 

— Уымæн гæнæн ис. Нæхимæ фыссæг ис, иумæ горæтмæ ацæудзыстæм æмæ гæххæттытыл уым мыхуыр дæр æрæвæрдзыстæм. 

— Уæд зæххæн йæ аргъ та цас уыдзæн? — фæрсы Пахом. 

— Аргъ махæн иу у: мин сомы иу боны аргъ. 

Нæ йæ бамбæрста Пахом: 

— Иу боны аргъ, зæгъыс, æмæ уый та цавæр барæн у? Цал дæсæтины дзы уыдзæн? 

— Max уый хынцын нæ зонæм. Фæлæ мах бонæй уæй кæнæм, иу боны дæргъы кæуылты æрзилай, уый дæу, æмæ йæ аргъ та y мин сомы. 

Фæдис кодта Пахом. Чысыл зæххыл не ’рзылдæуыдзæн æгас бон! 

Бахудти хъæуыхицау. 

— Цасфæнды уæд, иууылдæр уыдзæн дæу. Æрмæст иу бадзырд: кæцæй араст уай, уырдæм иу бон фæстæмæ куы нæ æрбахæццæ уай, уæд де ’хцатæ фесæфдзысты. 

— Æмæ кæуылты ацæуон, уый цæмæй бæрæг уыдзæн? — фæрсы Пахом. 

— Цы зæхх сæвзарай, уый кæрон мах иу ран лæудзыстæм æмæ ды уырдыгæй араст у, æмæ зиллакк æрзил. Демæ бел айс, кæм хъæуа, уым бæрджытæ кæн, фисынтыл дзыхъхъытæ къах æмæ нæууытæ кæрæдзи уæлæ æвæр, стæй иу дзыхъхъæй иннæ дзыхъмæ гутонæй ахахх кæндзыстæм. Куыд дæ фæнда, ахæм зиллакк райс, æрмæст кæс, цы ранæй араст уай, уырдæм фæстæмæ хурныгуылдмæ куыд æрбахæццæ уай, афтæ. Цасдæриддæр зæххыл æрзилай, уый иууылдæр уыдзæн дæу. 

Пахомы зæрдæ куыд нæ барухс уыдаид. Бауынаффæ кодтой, йæ райсомы сæумæцъæхæй быдырмæ куыд ацæуой. 

Бирæ ма фæныхас кодтой ноджыдæр, нуæзтой хъуымыз, бахордтой фысы фыд, стæй бацымдтой цай. Фæсахсæвæр сси. Пахомы схуыссын кодтой бумбули гобаныл, æмæ башкиртæ фæйнæрдæм апырх сты, бадзырдтой: райсомæй бон дзир-дзур кæнын куы байдайа, уæд куыд араст уой быдырмæ æмæ хурыскæсынмæ бынаты куыд сæмбæлой. 

 

VII
 

Схуыссыди Пахом фæлмæн бумбули хуыссæнтыл, фæлæ йæ хуыссæг нæ ахсы, иудадзыг дæр зæххы тыххæй хъуыдыты ацыд: 

«Ныры бон, зæгъы, йæхæдæг афæдз у. Фæлæуу, бауадз мæ, дзæбæх дзы æрбайсдзынæн æз. Фæндзай версты мидæг зæхх цас уыдзæн, цас! Æвзæрдæр зæхх ауæй кæндзынæн, кæнæ дзы зæхкусджытæ æрцæрын кæндзынæн. Хуыздæр та мæхицæн ныууадздзынæн æмæ йыл уæрæх æрбаддзынæн. Дыууæ гутоны æмæ галтæ скæндзынæн, дыууæ кусæджы баххуырсдзынæн. Сæдæйы æмбис дæсæтины хуым бакæндзынæн, иннæйыл та-иу мæ фос аздахдзынæн». 

Нæ бафынæй Пахом æнæхъæн æхсæв уыцы хъуыдытæй. Æрмæст бонырдæм чысыл арæдзæ-мæдзæ кодта. Йæ цæстытæ кæрæдзийыл куыддæр авæрдта, афтæ уыны фын: цыма, цы чъибиткæйы хуыссыди, уый æддейы чидæр кæл-кæл кæны. Уæд Пахом, цыма, сыстади æмæ æддæмæ рауади, чи худы, уый фенон, зæгъгæ. Кæсы æмæ уыны, чъибиткæйы раз бады башкирты хъæуыхицау, йæ дыууæ къухæй йæ гуыбыныл хæцы æмæ цæуылдæр дзыхыдзагæй худы. Уæд, цыма, йæ размæ бацыд æмæ йæ бафарста: «Цæуыл худыс?». Стæй йæм биноныгдæр бакасти æмæ уыны, уый хъæуыхицау нæу, фæлæ йæм уазæгуаты цы къупец уыди æмæ йын уыцы зæхх чи бацамыдта, уый фестади. Куыддæр, цыма, къупецмæ сдзырдта, рагæй ам дæ, зæгъгæ, афтæ та къупец нæ разынди, фæлæ ма бынаты куы уыди, уæд æм цы зæхкусæг уыди, уый хуызæн æм фæкасти. Ноджы бæлвырддæр бакасти Пахом, æмæ, цыма, зæхкусæг дæр нæ уыди, фæлæ разынди сыкъаджын хæйрæг, размæзæвæтджын, бады æмæ худы, æмæ йæ разы иу лæг лæууы бæгъæввадæй, афтид хæдоны æмæ хæлафы. Уæд Пахом биноныгдæр бакасти, уыцы лæг базоныны тыххæй. Кæсы, æмæ уыны: лæг æгас нæу, фæлæ мард, æмæ, цыма y Пахом йæхæдæг. Фæтарсти Пахом æмæ фыр тæссæй фехъал ис. «Цы нæ фендæуыдзæн фыны» — ахъуыды кодта Пахом. Ракасти йæ цæстытæй æмæ уыны, дуары зыхъхъыртæй рухс зынын кæй байдыдта. Сыстади Пахом, райхъал кодта йе ’ххуырсты æмæ йын бæхтæ сифтындзын кодта, йæхæдæг ацыди æмæ башкирты сыстын кодта. «Афон у, — зæгъы, — быдырмæ цæуынмæ, зæхх барынмæ». Сыстадысты башкиртæ, æрæмбырд сты, уалынмæ хъæуыхицау дæр æрбацыди. Байдыдтой та башкиртæ хъуымыз цымын. Пахомæн дæр цай æрæвæрдтой, фæлæ уый уæдмæ нал фæлæууыди æмæ загъта: 

— Кæд цæуинаг стæм, уæд цæуæм, афон у. 

 

VIII
 

Срæвдз сты башкиртæ, сбадтысты, чи бæхыл, чи уæрдоны æмæ араст сты. Пахом дæр йе ’ххуырстимæ бабадти йæ уæрдоны æмæ сæ фæдыл араст, йемæ айста бел дæр. Сæуæхсид куыддæр фæзынди, афтæ бахæццæ сты быдырмæ. Иу обауы сæрыл æрурæдтой. Рахызтысты сæ бæхтæй, сæ уæрдæттæй æмæ иу ранмæ æрбамбырд сты. Хъæуыхицау бацыд Пахомы цурмæ æмæ йын йæ къухæй амоны: 

— Мæнæ, дæ цæст кæуылты æххæссы, уый иууылдæр мах у. Равзар, кæмдæриддæр дæ фæнды, уым. 

Пахомæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Йæ разы замманай зæхх — æмвæз, раст армытъæпæны хуызæн, ранæй-рæтты лæнк бынæтты алыхуызон кæрдæг, йæ кæрдæг та — раст астæумæ. 

Систа хъæуыхицау йæ рувасдзарм худ æмæ йæ æрæвæрдта зæххыл. 

— Мæнæ ам, — загъта, — фæуæд нæ бæрæггæнæн. Ацырдыгæй араст y иуырдæм æмæ иннæрдыгæй æрбаздæх ардæм фæстæмæ. Цы зæххы алыварс æрзилай, уыцы зæхх иууылдæр уыдзæн дæу. 

Пахом систа йе ’хца æмæ сæ йæ худы æрæвæрдта, раласта йæ куырæт, баззади мидæггаг хæдоны, хæцъил рон йæ астæуыл æрбабаста, хызын дзулимæ йæ роны бакодта, доны куысыфтæг йæ роныл æрбаста, йæ цырыхъхъыты хъустæ æрбалвæста, бел райста æххуырсты къухæй, æмæ уыцы хуызæнæй йæхи срæвдз кодта. Сагъæсы бацыд, чердæм хъуамæ араст уа, алырдыгæй дæр зæхх уыди иттæг хорз. Ахъуыды кодта: «Иууылдæр æмхуызон у. Цæй, араст уон хурыскæсæны ’рдæм». Йæ æргом сарæзта хуры ’рдæм, йæ уæнгтæ аивæзтытæ кодта, æмæ æнхъæлмæ касти хурыскастмæ. Йæхинымæры хъуыды кæны: «Рæстæг дзæгъæлы нæ аивгъуыйын кæндзынæн. Сæууон уазалы цæуынæн дæр æнцондæр уыдзæн». Хур куыддæриддæр йæ был сдардта, афтæ Пахом бел йе уæхскыл авæрдта æмæ араст и. 

Цыди Пахом нæдæр тагъд, нæдæр сабыр. Иу верст куы ауад, уæд ныллæууыди, скъахта дзыхъхъ æмæ, цæмæй бæрæггæнæн дзæбæхдæр зына, уый тыххæй нæууытæ кæрæдзи уæлæ æрæвæрдта. Ацыди дарддæр. Фæгæрз ис цæуыныл, йæ санчъех фæфылдæр кодта. Ацыди ноджыдæр дарддæр æмæ та скъахта æндæр бæрæггæнæн дзыхъхъ. 

Фæстæмæ ракасти Пахом. Хурмæ дзæбæх зынди обау, адæм ыл лæууынц æмæ уæрдæтты цæлхыты æфсæйнæгтæ æрттывдтытæ калынц. Йæхинымæры абаргæйæ, Пахом ахъуыды кодта, иу-фондз версты бæрц кæй рауад, уый. Тæвд кæнын байдыдта, раласта йæ хæдон æмæ йæ йе уæхскыл сæвæрдта. Дарддæр араст ис. Æнтæф кæнын байдыдта. Скаст хурмæ, — аходæн хæрын афон уыди. 

«Иу æвæрд уал цыд фæдæн, — хъуыды кæны йæхинымæр Пахом. — Ахæмтæй бон цыппар саразын хъæуы, нырма раджы y базилынæн. Æрмæст уал мæ цырыхъхъытæ фелвасон». Æрбадти, сбæгъæввад кодта йæхи, йæ цырыхъхъытæ йæ роны нытътъыста æмæ дарддæр араст ис. Цæуынмæ йын фæрогдæр ис бæгъæввадæй. «Цæй, æмæ ма ацæуон иу-фондз версты, стæй баздæхдзынæн галиуырдæм, — ахъуыды кодта йæхинымæр Пахом, — æгæр хорз зæхх у, æвгъау y йæ ныууадзын. Куыд дарддæр — афтæ ноджы хуыздæр у». Ноджыдæр ма комкоммæ араст ис. Фæстæмæ ракасти Пахом: обау ма гыццыл зынди, йæ уæлæ адæм, мæлдзыджыты хуызæн, гæзæмæ дардтой, æмæ ма дзы цыдæр чысыл æрттывта. 

«Цæй, ныр æгъгъæд фæуæд, — ахъуыды та кодта Пахом, — ацырдæм æгæр раивгъуыдтон, базилын мæ хъæуы. Стæй æгæр æнтæф сдæн, æмæ мын дойны дæр у». Æрлæууыди, скъахта стырдæр дзыхъхъ, æрæвæрдта нæууытæ кæрæдзи уæлæ, райхæлдта йæ куысыфтæг, бануæзта дон æмæ галиуырдæм æмдзæхгæр базылди, цæуы, цæуы, замманай бæрзонд кæрдæджы астæуты æмæ тынг стæвд и. 

Пахом фæллайын байдыдта. Хурмæ скасти. Уыны: хур арвы бæрæгастæу лæууы, сихор хæрын афон у. «Цæй, зæгъы, иучысыл баулæфын хъæуы». Æрлæууыди æмæ æрбадти. Ахордта дзул, донимæ ахуыппытæ кæнгæйæ, фæлæ фæсхæрд æркъул кæнын нæ бауæндыди, куы афынæй уа, уымæй тæрсгæйæ. Иучысыл куы абадти, уæд уайтагъд фестади æмæ дарддæр цæуынмæ фæци. Хæрды фæстæ фæхъаруджындæр ис. Æрмæст фæлмæцы хурæй, хур æм комкоммæ ныккасти, йæ буар иууылдæр дон фестади, хуыссæг дæр æй ахсын байдыдта, фæлæ уæддæр цæуы размæ, æмæ йæхицæн зæрдæтæ æвæры: «Иу хатт зынæн дæр бафæразын хъæуы, æнусмæ æнцойæ цæрыны сæраппонд». 

Уыцы фарс дæр æгæр дард ацыди æмæ, галиуырдæм базилынмæ куыд хъавыди, афтæ фæкасти æмæ йæ размæ замманай лæнкау зæхх, æмæ йæм йæ ныууадзын æвгъау фæкасти, хъуыды кодта — гæн дзы хорз æрзайдзæн, зæгъгæ. Æмæ та дарддæр æмраст ацыди. Лæнкауæй куы фæдæлæ ис, уæд скъахта дзыхъхъ æмæ дыккаг фисыныл æрбазылди. Скаст Пахом обаумæ: йæ цæстытæ фыр æнтæфæй тартæ кæнынц, уæлдæфы цыдæр змæлы, æмæ обауыл адæм гæзæмæ зынынц. «Æнхъæлдæн, æгæр дæрддзæф æрбауадтæн фæзилæны, фæцыбыр кæнын хъæуы фæндаг». Æртыккаг фарсыл араст ис, йæ цыд фæтагъддæр кодта. Скасти та хурмæ, фæссихорæй аив гъуыдта, æмæ афтæмæй æртыккаг фарсыл дыууæ версты йеддæмæ нæма ацыди. Обаумæ та ма йæ цæуын хъæуы фынддæс версты. Ахъуыды кодта Пахом: «Батагъд кæнын мæ хъæуы обаумæ, кæд мæ зæххы арæнтæ зылын рацæудзысты, уæддæр. Комкоммæ цæуын хъæуы. Æгæр арф æрбаивгъуыдтон, зæхх мын ныр фаг бирæ уыдзæн». Тагъдгомау æркъахта Пахом дзыхъхъ, æмæ æмдзæхгæр фæзылди обауы ’рдæм. 

 

IX
 

Фæраст Пахом комкоммæ обауы ’рдæм. Фæлæ тынг сфæлмæцыди. Йæ хид донау калди, йæ къæхтæ бæгъæввадæй ныллыгтæ сты, æмæ йæ быны дыдæгътæ кæнын байдыдтой. Бæргæ йæ фæнды йæ фæллад суадзын, фæлæ йын нæй амал, тæрсы, мыййаг, куы нæ схæццæ уа хурныгуылдмæ. Хур та уымæ нæ лæууы, — тынгæй-тынгдæр къул кæны. «Цымæ, нæ фæрæдыдтæн, æгæр дæрдты не ’рзылдтæн? Ныр куы нæ схæццæ уон, мыййаг, уæд цы бакæндзынæн?» Адæргæй йæ размæ обаумæ акæсы, куы хæрдмæ скæсы, обау нырма дард у, хур ныгуылынмæ та бирæ нал ис. 

Пахом уæддæр йæ цыд кæны, тынг зын ын ссис цæуын, фæлæ уæддæр йæ цыдыл уæлдай санчъех æфтауы. Цæуы æмæ цæуы, фæлæ ма уæддæр йæ нысан дард у; асæпп кодта. Аппæрста йæ хæдон, йæ цырыхъхъытæ, йæ доны куысыфтæг, йæ худ дæр адыввытт ласта, æрмæст ма йæ белыл хæцы æмæ йыл хаттæй хатт фенцой кæны. «Охх, æнхъæлдæн, æгæр бафæлладтæн æмæ мæ фыр зыдæй мæ хъуыддаг бынтон фесæфтон, — хурныгуылдмæ нал бахæццæ уыдзынæн!» Фыр тæссæй Пахом улæфын дæр дзæбæх нал фæразы. Згъоры ма, йæ хæдон æмæ йæ хæлаф фыр хидæй йæ буарыл нындæгъдысты, йæ ком ныххус ис. Йæ риу, куырдадзы куынцау, ныддымсти, йæ зæрдæ йын, цыма исчи дзæбугæй хойы, йæ къæхтæ цыма йæхицæй нал уыдысты, уыйау йæ быны дыдæгътæ кæнынц. Стыр зындзинады бахаудта Пахом, сагъæс кæны: «Ацы тых цыдæй, мыййаг, куы фæхуыдуг уон». 

Тых цыдæй тæрсы амæлынæй. Фæлæ йæм уæддæр ныллæууыны зæрдæ нæй: «Уыйбæрц, зæгъы, фæдугъ кодтон, æмæ ныр куыд ныллæууон, цы зæгъдзысты адæм, æдылыйыл мæ банымайдзысты». 

Згъоры, згъоры Пахом, æрбахæстæг обаумæ: хъуысынц æм башкирты дыгъал-дыгъул, æмæ сæ хъæрæй йæ зæрдæ тынгдæр скъуыйы. Йæ фæстаг хъаруйæ ма йæм цы уыд, уый æрæмбырд кодта æмæ уыциу згъорд кæны, хур дæр йæ кæронмæ æрхæццæ кæны, æмæ мигъы бын фæци. Хуры стыр тымбыл зиллакк туджы хуызæн сырх-сырхидæй зыны. Æмæ мæнæ-мæнæ фæныгуылынмæ хъавы. Хур йæ ныгуылынмæ æрхæстæг ис, фæлæ нысан дæр дард нал у. Пахом дзæбæх уыны обауы дæр æмæ адæмы дæр, адæм æм сæ къухтæ тилынц, цæмæй батагъддæр кæна. Зынын æм байдыдтой уартæ рувасдзарм худ æмæ æхцатæ дæр худы уæлæ, кæсы, æмæ хъæуыхицау, йæ гуыбыныл хæцгæйæ, зæххыл тъæпæн бады. Пахомæн йæ зæрдыл æрбалæууыдис йæ фын. «Зæхх, — зæгъы йæхинымæры, — бæргæ бирæ рамбылдтон, фæлæ ма дзы исты пайда фендзынæн æви нæ, Хуыцау йæ зонæг. Охх, фыдæбойнаг фæдæн, æрбайсæфтон мæхи, æвæццæгæн, æмæ нал бахæццæ уыдзынæн мæ нысанмæ». 

Иу каст ма фæкодта Пахом хурмæ, уыны: хур зæххы æмхуызон æрхæццæ ис, йæ бинаг был фæныгъуылди, йæ уæллаг ма гæзæмæ зыны. Йæ бон æмæ йæм фæстаг хъаруйæ цас уыди, уымæй размæ тындзы Пахом, йæ къæхтæ ма тыххæй йæ фæстæ ласы, ныр æрхаудзæн, уæд æрхаудзæн кæны. Базгъордта Пахом обауы цурмæ æмæ æвиппайды талынггæрæттæ æрбаци. Ракаст, фæлæ хур нал зынди, аныгуылди. Пахомæн йæ зæрдæ æгасæй амарди. «Охх, фесæфтысты, зæгъы, мæ фæллæйттæ иууылдæр». Хъавыд æрлæууынмæ, æмæ дзæбæх хъусы башкирты ныхас, æмæ ахъуыды кодта, чи зоны, æмæ ам бынæй, кæд хур аныгуылди, уæддæр уым обауы сæрæй нырма кæд зыны, Пахом ма йæхи фæхъæбæр кодта, æмæ тыххæй сызгъордта обауы сæрмæ. Обауы сæрыл ма рухс уыди. Куы схæццæ ис, уæд уайтагъддæр худ ауыдта. Худы раз бады хъæуыхицау æмæ æнахуыр худт кодта, йæ къухтæй йæ гуыбыныл ныххæцыд, афтæмæй. Пахомæн йæ зæрдыл æрбалæууыди йæ фын, йæ дзыхыдзаг ма иу улæфт ныккодта, йæ къæхтæ йæ быны фæдыдагъ сты, размæ бахаудта æмæ ма йæ къухтæ худмæ бахæццæ сты. 

— О, сæрæнгуырд, бирæ зæхх бакодтай дæхи! — фæхъæр кодта хъæуыхицау. 

Базгъордта Пахоммæ йе ’ххуырст, схæцынмæ йыл хъавыди, фæлæ уымæн йæ хъæлæсæй туг кæлы æмæ мардæй лæууы. 

Башкиртæ йын дыгъалдыгъулгæнгæ тæригъæд кодтой. 

Æххуырст райста бел, Пахомæн йе ’мдæргъ скъахта ингæн, раст йæ сæрæй йæ къæхтæм цас бацахста зæхх, уыйбæрц, ома — æртæ адылийы æмæ йæ уым баныгæдта. 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»