Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 3022 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
КАВКАЗАГ УАЦАЙРАГ

[Ратæлмацгæнæг — Плиты Харитон] 

 

I

 

Кавказы афицерæй службæ кодта иу æлдар. Йæ ном хуынди Жилин. Иу хатт йæ хæдзарæй фыстæг райста. Фыссы йæм йæ зæронд мад: «Базæронд дæн, æмæ мæ фæнды мæ мæлæты агъоммæ мæ уарзон хъæбулы фенын. Æрцу мæм æмæ мын фæндараст зæгъ, баныгæн мæ, гъе стæй Хуыцау де ’мбал, æмæ-иу фæстæмæ дæ бынатмæ ацу. Æз дын ам усаг дæр бацагуырдтон: зондджын дæр у, рæсугъд дæр, зæхх æмæ йæм фæллой дæр ис. Кæд дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд æй, чи зоны, ракурай æмæ уæд ам баззайай». 

Жилин дæр хъуыдытыл фæци: «Æцæг раст у, базæронд мæ мад, мыййаг æй куынæуал фенон. Ацæуон, кæд, кæй мын амоны, уый мæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд æй, чи зоны, кургæ дæр ракæнон». 

Бацыди булкъонмæ, баулæфыны рæстæг дзы ракуырдта, йе ’мбæлттæн хæрзбон загъта, фæндарасты тыххæй цыппар ведрайы арахъхъ балхæдта йæ салдæттæн æмæ йæхи барæвдз кодта цæуынмæ. 

Кавказы уыцы рæстæджы цыди хæст. Фæндæгтыл æдасæй нæдæр бон, нæдæр æхсæв цæуæн уыд. Уырыссæгтæй-иу фидарæй чысыл исчи йе бæхыл, йе фистæгæй куы фæиппæрд ис, уæд-иу æй тæтæр кæнæ маргæ акодтой, кæнæ та-иу æй хохмæ уацары ахастой. Уымæ гæсгæ-иу къуыри дыууæ хатты иу фидарæй иннæ фидармæ цыдысты хъахъхъæнæг салдæттæ бæлццæттимæ. Салдæттæ-иу цыдысты адæмæн сæ разæй æмæ сæ фæстæ. 

Хъуыддаг уыди сæрдыгон. Сæумæраджы чырæ æрæмбырди фидары фæстæмæ, рацыдысты хъахъхъæнæг салдæттæ, æмæ ce ’ппæт дæр фæндагыл араст сты. Жилин уыд саргъы бæхыл, йæ дзаумæтты уæрдон та чырæимæ цыди. 

Цæуын сæ хъуыди фондз æмæ ссæдз версты. Чырæ цыди сабыргай: куы-иу æрлæууыдысты салдæттæ, куы та-иу чырæйæ искæмæн йæ цалх рахаудта, кæнæ-иу бæх нал цыди, æмæ-иу уæд сегас дæр ныллæууыдысты æмæ иу сæм æнхъæлмæ кастысты. 

Хур акъул, фæлæ чырæ уæддæр æрдæг фæндагæй фылдæр нæма ацыд. Рыг, æнтæф, хур судзы, хи баууонгæнæн дæр никуы ис. Бæгънæг тыгъд быдыр: нæдæр дзы бæлас, нæдæр — къудзи. 

Жилин разæй ацыд, æрлæууыд æмæ чырæмæ æнхъæлмæ кæсы. Уалынмæ фæсте фехъуыст уадындзы уаст, æмæ та ныллæууыдысты. Уæд Жилин ахъуыды кодта: «Уæд та мæхæдæг иунæгæй ацæуин æнæ салдæттæй, замманай бæхыл куы бадын, — тæтæрыл куы сæмбæлон, уæддæр аирвæздзынæн. Æви ма ацæуон?» 

Æрлæууыд æмæ хъуыдытыл фæци. Уалынмæ йæм æрбаввахс æндæр афицер, Костылин, æд топп æмæ йын зæгъы: 

— Цæуæм, Жилин, нæхæдæг. Мæ бон нал у, сыстонг дæн, стæй тынг æнтæф бон у. Хидæй донласты хуызæн ныддæн. — Костылин уыд стæвдтæарæзт, сырхцъар æмæ йæ хид æртахгай калд. Жилин ахъуыды кодта æмæ йæ афарста: 

— Æмæ дæ топп ифтыгъд у? 

— Ифтыгъд у. 

— Цæй, цæуæм уæдæ. Æрмæст ахæм дзырдæй — нæ кæрæдзийæ куыд нæ фæиппæрд уæм. 

Æмæ сæ фæндагыл дыууæйæ араст сты размæ. Цæуынц быдыры, ныхас кæнынц æмæ сæ цæст дарынц сæ алфамбылаймæ. Сæ разы æппæт дæр уыцы дзæбæх зынд. 

Куыддæр быдыр фæци, афтæ фæндаг дыууæ хохы астæуты комы бацыд. Æмæ Жилин дзуры: 

— Рагъмæ суайын æмæ уырдыгæй афæлгæсын хъæуы, науæд хохæй куыд рагæппытæ кæндзысты, уый уынгæ дæр нæ фæкæндзынæ. 

Костылин ын дзуапп радта: 

— Цæмæ кæсыс? Размæ цом. 

Нæ йæм байхъуыста Жилин. 

— Нæ, — зæгъы уый, — ды мæм ам бынæй банхъæлмæ кæс, æз акæсон. 

Йæхæдæг йæ бæх галиуырдæм хохмæ фездæхта. 

Жилинæн йæ бæх тæлтæг уыди (байрагæй йæ рæгъауы дæс туманæй балхæдта æмæ йæ хæсгæ дæр йæхæдæг скодта); рагъмæ йæ уыциу скъæфт скодта. Рагъмæ куы схæццæ, уæд кæсы, æмæ раст иу дæсæтин æддæдæр йæ бакомкоммæ бæхтыл бадынц иу-æртын тæтæйраджы. Уый сæ ауыдта æмæ, йæ бæх фæстæмæ куыд фæзылдта, афтæ йæ тæтæйрæгтæ ауыдтой æмæ йæ фæстæ сæ бæхтыл фæцагайдтой, тæхгæ-тæхын сæ топпытæ сæ агъудтæй фелвæстой. Жилин йæ бæхы уыцы иу скъæрд ракодта фæзмæ æмæ Костылинмæ хъæр кæны: 

— Сæргъæв дæ топп! — йæхæдæг йæ бæхмæ фемдзаст æмæ хъуыды кæны: «Мæ дарæг, аирвæзын мæ кæн, дæ къах ма скъуыр; куы фæкæлай, уæд фесæфтæн. Топмæ куы баирвæзон, уæд мæхи нæ ратдзынæн». 

Костылин та, куыддæр тæтæры ауыдта, афтæ йе ’мбалмæ фæлæууыны бæсты фидары ’рдæм йæ бæх цыппæрвадыгæй фæцагайдта. Ехс атыхсы бæхæн куы йæ иу фарсыл, куы йæ иннæуыл. Æрмæст ма-иу рыгæй фæзынди бæхæн йæ къæдзил. 

Йæ хъуыддаг æвзæр кæй у, уый Жилин æмбæрста. Костылин топп ахаста, æмæ ма Жилин иунæг æхсаргардæй цы бакæндзæн! Фæстæмæ салдæтты ’рдæм йæ бæх фездæхта, — аирвæзынмæ хъавыд. Фæлæ йæ размæ сæ бæхтыл æрбатæхынц æхсæз тæтæйраджы. Жилинæн йæ бæх кæд хорз уыд, уæд уыдон бæхтæ та ноджыдæр хуыздæр уыдысты. Уайынц æм æмдзæхгæр. Уый афæнд кодта фæстæмæ фæзилын, фæлæ бæх стæвд ис æмæ ма йæ кæм уромы, — тæхы раст сæ комкоммæ. Кæсы, æмæ йæм иу сырхзачъе тæтæйраг æрбаввахс цъæх бæхыл. Уыцы тæтæйраг хъæрахст кæны, йæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта, топп ифтыгъдæй дары. 

«Цæй, — хъуыды кæны Жилин, — зонын уæ, хæйрæджытæ; лæг сæм удæгасæй куы бахауа, уæд æй уæрмы ныппардзысты æмæ йæ ехсæй нæмдзысты. Удæгасæй мæхи ницы хуызы ратдзынæн!» 

Жилин кæд асæй бæрзонд нæ уыд, уæддæр уыд хъæбатыр. Йе ’хсаргард фæцъортт ласта, йæ бæх комкоммæ баскъæрдта сырхзачъе тæтæйрагмæ æмæ хъуыды кæны йæхинымæр: «Кæнæ йæ мæ бæхы бын ныссæнддзынæн, кæнæ та йæ ме ’хсаргардæй скæрддзынæн». 

Жилины ма иу-фондз санчъехы куыд хъуыди бурхилмæ, афтæ йæ фæстæрдыгæй æрбагæрæхтæ кодтой, æмæ йæ бæх фæцæф ис. Бæх æвиппайды æрхауд. Жилины къах йæ быны фæци. 

Жилин сыстынмæ куыд хъавыди, афтæ дыууæ тæфгæнаг тæтæйраджы йе ’ккой абадтысты æмæ йын йæ къухтæ фæстæрдæм бæттыныл фесты. Жилин йæхи атыдта. Фехста тæтæйрæгты йе ’ккойæ, фæлæ йæм уæдмæ бахæццæ сты иннæ тæтæйрæгтæ, бæхтæй рагæппытæ кодтой, базгъордтой йæм æмæ йын топпыты сыдзтæй йæ сæр нæмын байдыдтой. Жилинæн йæ цæстытæ атартæ сты æмæ бадзой-дзой кодта. Уæд тæтæр уæлдай æхтæнгтæ сæ сæргътæй феуæгъд кодтой, йæ къухтæ йын йæ фæсонтæм бабастой æмæ йæ саргъмæ зæххыл баластой. Фелвæстой йын йæ худ, йæ цырыхъхъытæ йын раластой, йæ уæлæдарæс ын ныппырх кодтой, йе ’хцатæ æмæ йын йæ сахат айстой. Жилин ма йæ бæхмæ ракаст. Уый, мæгуыр, йæ фарсыл куыд æрхауд, афтæмæй фæрсылæй баззад, æрмæст ма йæ къæхтæ цагъта, фæлæ йын зæхмæ нæ хæццæ кодтой, йæ ных — цæф, æмæ йæ сау туг лæсæнтæ кæны, йæ алыварс иу адылийы бæрц рыгимæ сызмæсти. 

Бæхмæ иу тæтæйраг бацыди, йæ саргъ ын исы, бæх ма зæвæтдзæгъдæн кодта. Тæтæйраг йæ хъама фелвæста æмæ йын æй йæ хурхыл æрбауагъта. Туг фемæхсти æмæ сæххæтт кодта хурхæй. 

Тæтæр бæхæн йæ саргъ æмæ йæ дзауматæ систой. Сырхзачъе тæтæйраг йæ бæхыл абадти, иннæтæ та йын Жилины йæ фæсарцмæ баргъæвтой æмæ, Жилин цæмæй ма ахаудаид, уый тыххæй ма йæ барæджы ронмæ гæрзæй æрбалхъывтой æмæ йæ афтæмæй хæхты ’рдæм ахастой. 

Жилин бады тæтæйраджы фæсарц, дзой-дзой кæны, йæ цæсгом тæфгæнаг тæтæйраджы чъылдымы ’рдæм. Æрмæст дæр уыцы тæтæйраджы сæвджын фæсонтæ, нуарджын бæрзæй æмæ худы бынæй зыны йæ даст къæбут. Жилинæн йæ сæр цæф у, æмæ йæ туджы æртæхтæ йæ ныхыл ныхъхъæбæр сты. Нæдæр ын фезмæлæн ис, нæдæр йæ туг асæрфæн. Къухтæ афтæ тынг здыхт сты æмæ ма суанг йæ бæхбæттæн стджытæ дæр риссынц. 

Бирæ фæцыдысты, доныл цæхгæрмæ бахызтысты, фæндагмæ бафтыдысты æмæ комы фæцæуынц. 

Жилины фæндыдис, цы фæндагыл æй хæссынц, уый базонын, фæлæ йæ цæстытæ уыдысты тугæй ахуырст æмæ йæ кæсæн нæ уыд. 

Талынг кæнын райдыдта: иу къаннæг доны сæрты ма ахызтысты, фæхæрд кодтой иу дурджын хохыл, фæздæджы тæф сыл сæмбæлди, срæйдтой куыйтæ. Æрхæццæ сты иу хæххон хъæумæ. 

Сæ бæхтæй æрхызтысты тæтæйрæгтæ, æрбакалдысты тæтæры сывæллæттæ, æртыгуыр сты Жилины алыварс, хъæрахст кæнынц, цин кæнынц, дуртæ йыл цæвынц. 

Тæтæйраг сывæллæтты иуварс асырдта, раргъæвта бæхæй Жилины æмæ фæсидти йæ кусæгмæ. Уадулджын ногъайаг æрбауад афтид хæдоны мидæг. Йæ хæдон скъуыдтæ, йæ риуыкъæй æгасæй дæр гом. Цыдæр ын афæдзæхста тæтæйраг. Кусæг æрбаскъæфта хъадаман: дыууæ тулдз къуыдыры æфсæйнаг цæгтыл конд, иу цæгыл дзы гуыдыр æвæрд. 

Жилинæн йæ къухтæ райхæлдтой, хъадаман ыл сæвæрдтой, акодтой йæ сарамæ, басхуыстой йæ уырдæм æмæ йыл дуар сæхгæдтой. Жилин фаджысыл æрхауд. Иу чысыл афтæмæй фæци, стæй талынджы æрæсгæрста æмæ, фæлмæндæр кæм уыд, уым æрхуыссыд. 

 

II
 

Уыцы æхсæв суанг бонмæ нæ бафынæй Жилин. Æхсæвтæ цыбыр уыдысты. Уыны — дуары зыхъхъырæй рухс кæлын байдыдта. Сыстад Жилин, зыхъхъыр ракъахта, фæегъаудæр æй кодта æмæ уырдыгæй кæсы. 

Зыхъхъырæй йæм зыны, фæндаг коммæ куыд ныццыди, уый, рахизырдыгæй тæтæйраг хæдзар, йæ фарсмæ дыууæ бæласы. Иу сау куыдз хуыссы къæсæрыл, сæгъ йæ сæныччытимæ разил-базил кæны, сæ къæдзилтæ тилгæйæ. Жилин уыны, комæй ссæуы иу æрыгон тæтæйраг чызг, хуызджын хæдоны ронбæгъдæй, даргъ хæлаф æмæ цырыхъхъыты мидæг, йæ сæрыл та — стыр гогон донимæ. Цæуы, йе уæнгтæ базмæлынц, ратас-батас кæнынц, йæ къухыл хæцгæйæ та кæны иу дастсæр сывæллоны афтид хæдоны мидæг. Чызг хæдзармæ баивгъуыдта донимæ, æддæмæ рацыди сырхзачъе тæтæйраг зæлдаг куырæты, йæ астæуыл æвзист хъама баст, йæ къæхтыл басмахъхъытæ æнæ цъындатæй, йæ сæрыл бæрзонд сау фысдзарм худ, фæстæрдæм састæй. Рахызти, йæхи аивæзтытæ кодта, йæ сырхзачъе адаудта. Алæууыд, кусæгæн цыдæр афæдзæхста æмæ кæдæмдæр араст. 

Уый фæстæ Жилины цурты дыууæ лæппуйы сæ бæхты дон дарынмæ ракодтой. Бæхтæн сæ хæмхудтæ уымæл. Разгъордтой ма къаннæг дастсæр лæппутæ, ce ’ппæт дæр æнæ хæлæфтæй афтид хæдæтты, æрбатыгуыр сты, бацыдысты сарайы размæ, райстой уисы къалиу æмæ йæ зыхъхъырæй мидæмæ тъыссынц. Жилин сыл фæхъæр кодта. Лæппутæ сцъæхахст кодтой æмæ лидзынмæ фесты, æрмæст сæ гом уæраджы сæртæ æрттивынц. 

Жилинæн тынг дойны у, йæ ком ныххус. Хъуыды кæны: уæд та мæм бæрæг кæнынмæ куы æрцæуиккой. Йæ хъустыл ауад, сарайы дуар кæй гом кæнынц. Æрбацыд сырххил тæтæйраг, йемæ та иу æндæр ныллæггомау, саулагъз лæг, йæ цæстытæ сау, ирд, сырхуадул, цыбырæлвыд зачъеджын. Йæ цæсгом — хъæлдзæг, худæндзаст. Саулагъз хуыздæр арæзт у: цъæх зæлдаг куырæт ыл — хæрдгæбыдтæ хуыд. Йæ роныл стыр æвзист хъама баст, йæ басмахъхъытæ сырх сæракæй конд, уыдоныл дæр хæрдгæбыдтæ уагъд. Тæнæг басмахъхъыты æдде æндæр бæзджын басмахъхъытæ конд. Бæрзонд, урс фысдзарм худ йæ сæрыл. 

Æрбахызти сырххил тæтæйраг, цыдæртæ сдзырдта, цыма хыл кæны æмæ æрлæууыд, йæ рæмбыныкъæдзæй æрæнцой кодта дуарыл, йæ хъамайæ архайы, бирæгъау бакæсы Жилинмæ йæ дыууæ æрфыджы бынæй. Саулагъз та — цæрдæг, удæгас, раст цыма хъандзæлттыл конд у, — бацыди Жилинмæ, æрбадти дзуццæджы, бахудти, æрхоста йын йæ уæхск, тагъд-тагъд цыдæртæ сæхирдыгонау адыгъал-дыгъул кодта, йæ цæстытæ æрныкъуылдта, йе ’взагæй цъыччытæ кæны æмæ дзуры. «Корошо, урус! Корошо, урус!» 

Жилин ницы бамбæрста æмæ йæм дзуры: «Дон мын нуазынæн раттут, дон!» 

Саулагъз худы. «Корошо, урус!» — зæгъгæ, та йæм йæхирдыгонау дыгъал-дыгъул кæны. 

Уæд Жилин йæ былтæ æмæ йæ къухтæй ацамыдта, цæмæй йын дон радтой. 

Саулагъз æй бамбæрста, бахудти, дуармæ ракасти, кæмæдæр фæхъæр кодта: «Динæ!» 

Æрбазгъордта лыстæг, мæллæггомау, æртындæсаздзыд чызг, цæсгомæй саулагъзы хуызæн. Бæрæг у, йæ чызг кæй у, уый. Уымæн дæр йæ цæстытæ сатæг сау, ирд, йæ цæсгом — рæсугъд. Йæ уæлæ даргъ уæрæх дысджын цъæх къаба, æнæ ронæй. Къабайæн йæ фæдджитыл, йæ риуыл æмæ йæ дыстыл сырх хъуымацы уадздзæгтæ хуыд. Йæ уæлæ даргъ хæлаф, йæ къæхтыл басмахъхъытæ, уыдоны æдде та æндæр бæрзондзæвæтджын басмахъхъытæ, йæ хъуырыл уырыссаг сомырдджыты хал, фæрдгуыты бæсты, йæ быд сау дзыккутыл лент баст, лентыл та ауыгъд — згъæр сыф æмæ æвзист сом. 

Йæ фыд ын цыдæр афæдзæхста. Чызг азгъордта æмæ та фæстæмæ фездæхт, æрбахаста гогон. Балæвæрдта дон, йæхæдæг дзуццæджы æрбадти, йæхи афтæ ныкъкъæдзтæ кодта æмæ йæ уæхсчытæ йæ уæрджытæй фæдæлдæр сты. Йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта, афтæмæй бады æмæ, Жилин дон куыд нуазы, уымæ кæсы, сырдмæ кæсæгау. 

Жилин æм фæстæмæ гогон балæвæрдта, æмæ чызг æвиппайды сæгуыты гæпп аласта иуварсмæ. Йæ фыд дæр ма бахудтис. Ноджы ма йæ кæдæмдæр арвыста. Уый гогон йемæ айста, азгъордта, æрбахаста ног конд кæрдзын тымбыл фæйнæгыл æмæ та æрбадти, йæхи та æркъæдз кодта, йæ цæстытæ дзы нæ исы, кæсы йæм. 

Тæтæйрæгтæ дуар сæхгæдтой æмæ ацыдысты. Чысыл фæстæдæр Жилинмæ æрбаздæхт уыцы ногъайаг æмæ йæм дзуры: 

— Айда, хозяин, айда! 

Уый дæр уырыссагау нæ зыдта. Фæлæ йæ Жилин бамбæрста, кæдæмдæр æй кæй цæуын кæны, уый. 

Араст и Жилин, йæ хъадаман йæ уæлæ, афтæмæй, къуылых цæуы, нæй йын æрлæууæн, йæ къах зулмæ исы. Рахызти ногъайаджы фæдыл, уыны тæтæйраг хъæу, ис дзы дæс хæдзары бæрц æмæ сæ мæзджыт æд мæсыг. Иу хæдзары раз лæууынц æртæ бæхы саргъæвæрдæй. Лæппутæ сын сæ идоны рохтыл хæцынц. Уыцы хæдзарæй рахызт саулагъз тæтæйраг, йæ къух Жилинмæ фæтылдта, цæмæй йæм бацæуа, уый тыххæй. Йæхæдæг худы æмæ сæхирдыгонау цыдæртæ дзуры, стæй мидæмæ бахызт. Жилин хæдзармæ бацыд. Уат уыд аив, йæ къултæ æлыгæй лæгъз сæрст. Раззаг къулы раз сынтæгыл бумбули гобæттæ, хъулон цъæртты мидæг, къултыл зынаргъ гауызтæ ауыгъд, гауызтыл топпытæ, дамбацатæ, æхсаргæрдтæ — иууылдæр æвзист доны тылд. Иу къулы дзы зæххы æмвæз къаннæг пец. Хæдзар y зæхбын, мусау сыгъдæг, йæ раззаг къуым y иууылдæр нымæттæй тыд, нымæтты уæлæ гауызтæ, гауызты уæлæ та бумбули базтæ. Гауызты уæлæ бадынц айдагъ басмахъхъыты мидæг тæтæр. Саулагъз, сырхзачъе æмæ ма æртæ уазæджы. Алкæмæн дæр сæ фæсонты фæстæ бумбули базтæ æвæрд, сæ разы та тымбыл фæйнæгыл еууæй конд лауызтæ, къусты мидæг царв, дурыны та тæтæйраг бæгæны. Уыдон хæрынц ce ’нгуылдзтæй æмæ ce ’нгуылдзтæ сты сойæдзаг. 

Фæгæпп ласта саулагъз æмæ загъта, цæмæй Жилины гауызыл нæ, фæлæ йæ иуварс зæххыл сбадын кæной, сбадти та йæхæдæг гауызыл æмæ уазджыты хынцы лауызтæй æмæ бæгæныйæ. Кусæг Жилины фæсвæд æрбадын кодта, йæхæдæг раласта йе ’ддаг басмахъхъытæ, æрæвæрдта сæ фæсдуар иннæ басмахъхъыты фарсмæ æмæ нымæтыл æрбадти хицæуттæм æввахсдæр, кæсы сæм, куыд хæрынц, уымæ æмæ йæ комыдæттæ асæрфы. 

Тæтæр лауызтæ бахордтой, æрбацыд сæм иу æрыгон тæтæйраг сылгоймаг, ууыл дæр, чызгыл цы къаба æмæ хæлаф уыд, ахæмтæ; йæ сæрыл — кæлмæрзæн. Ахаста царв, лауызтæ, балæвæрдта сæм хорз тæгæна æмæ уынгæгхъуыр хъуывгъан. Тæтæйрæгтæ сæ къухтæ цæхсадтой, стæй сæ сæ риутыл дзуарæвæрд скодтой, сæ зонгуытыл слæууыдысты, азылдысты алырдæмты æмæ скуывтой. Сæхирдыгонау аныхæстæ кодтой, æмæ уый фæстæ тæтæйраг уазджытæй иу Жилины ’рдæм разылди æмæ йæм уырыссагау дзурын райдыдта: 

— Дæу, зæгъы, æркодта цагъары Хъази-Мæхæмæт, — йæхæдæг амоны сырхзачъе тæтæйрагмæ, — æмæ дæ радта Абдул-Муратæн, — амоны саулагъз тæтæйрагмæ. — Ныр Абдул-Мурат y дæ хицау. 

Жилин сыбыртт нæ кæны. Сдзырдта Абдул-Мурат, æнæрæнцойæ амоны Жилинмæ йæ къухæй, худы æмæ дзуры: «Салдат, ypуc, урус, корошо». Тæлмацгæнæг ын зæгъы: «Уый дын уæхимæ фыстæг фыссын кæны, цæмæй дын дæ балхæнæггаг æхца æрæрвитой. Куыддæр дын æхца рарвитой, афтæ дæ ауадздзæн». 

Жилин ахъуыды кодта æмæ загъта: 

— Æмæ æлхæнæггаг бирæ куры? 

Тæтæйрæгтæ ныхас кодтой; тæлмацгæнæг ын зæгъы: 

— Æртæ мин сомы. 

— Нæ, — зæгъы Жилин, — уыйбæрц бафидын мæнæн мæ бон нæу. 

Абдул фесхъиудта, райдыдта йæ къухтæ тилын, цыдæр дзуры Жилинæн — æнхъæл у, зæгъгæ йæ бамбардзæн. Тæлмацгæнæг раивта, зæгъы: «Цас, дам, ратдзынæ ды?» Жилин ахъуыды кодта æмæ загъта: 

— Фондзсæдæ сомы. 

Уæд тæтæйрæгтæ æмхуызонæй сдзырдтой. Абдул хъæр кæнын райдыдта сырхзачъеджыныл, афтæ тагъд дзырдта æмæ-иу йæ сæт йæ дзыхæй ракалд. 

Сырхзачъеджын ма йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта æмæ йе ’взагæй цъыбар-цъыбур кæны. 

Уыдон басабыр сты, тæлмацгæнæг дзуры: 

— Хицауæн фондзсæдæ сомы чысыл сты, йæхæдæг дыл дыууæсæдæ сомы бафыста, Хъази-Мæхæмæт дзы даргæ кæны. Йæ хæсмæ дæ райста. Æртæ мин сомы, уымæй къаддæрыл дын ауадзæн нæй. Кæд нæ ныффыссай, уæд та дæ уæрмы ныппардзысты æмæ дæ ехсæй нæмдзысты. 

«Ехх, — хъуыды кæны Жилин, — адонæй цас тынгдæр тæрсай, уыйас — фыддæр». 

Йæ къæхтыл алæууыд æмæ дзуры: 

— Ды та йын, уыцы куыдзæн зæгъ, кæд мæ тæрсын кæнынмæ хъавы, уæд ын иу капекк дæр нæ ратдзынæн æмæ фысгæ дæр нæ кæндзынæн, куыйтæ. 

Тæлмацгæнæг сæ раивта, æмæ та æвиппайды æмхуызонæй сдзолгъо-молгъо кодтой. 

Бирæ фæрадзур-бадзуры фæстæ уыцы саулагъз фæгæпп ласта æмæ Жилинмæ бацыд. 

— Урус, — зæгъы, — джигит, джигит урус! 

Джигит уыдонырдыгонау «сæрæн» хуыйны; уæд йæхæдæг худы, цыдæртæ загъта тæлмацгæнæгæн, æмæ тæлмацгæнæг дæр сдзырдта: 

— Мин сомы, дам, æри. 

Жилин ныллæууыд йæхи ныхасыл: «фондзсæдæ сомæй фылдæр нæ ратдзынæн. Маргæ мæ куы акæнат, уæд та исгæ ницыуал акæндзыстут». 

Тæтæр аныхæста кодтой. Арвыстой кæдæмдæр кусæджы, сæхæдæг куы дуармæ, куы та Жилинмæ бакæстытæ кæнынц. Кусæг æрбацыд, йæ фæдыл æрбахызт цавæрдæр лæг, бæрзонд, ставд, бæгъæввад, скъуыдтæ дзаумæтты; уымæн дæр йæ къæхтыл хъадаман æвæрд. 

Жилин джихæй аззад, базыдта Костылины. Уый дæр æрцахстой. Фæрсæй-фæрстæм сæ сбадын кодтой; сæ кæрæдзийæн сæ хабæрттæ дзурын райдыдтой, тæтæр та æнцад лæууынц æмæ сæм кæсынц. Жилин рахабар кодта, куыд æй æрцахстой, уый. Костылин дæр радзырдта, йæ бæх йæ быны куыд ныллæууыди, йæ топп куыд фæсыкк и, æмæ йæ мæнæ уыцы Абдул куыд баййæфта æмæ йæ куыд ракодта, уыдæттæ. 

Фæгæпп кодта Абдул, ацамыдта Костылинмæ æмæ цыдæртæ дзуры. Тæлмацгæнæг ын йæ ныхæстæ раивта, зæгъгæ, ныр дыууæ ахæсты дæр иу хицауы къухы кæй сты, æмæ дзы раздæр æлхæнæггаг чи бафида, уый раздæр уагъд кæй æрцæудзæн. 

— Ды æдзухдæр мæсты кæныс, — зæгъы Жилинæн, — фæлæ де ’мбал сабыр у; уый сæхимæ фыстæг ныффыста, æмæ йын фондз мины сæрвитдзысты, хæринагæй йæм хорз зилдзысты, хъыг дæр æй нæ дардзысты. 

Уæд Жилин загъта: 

— Me ’мбалæн йæ бар йæхи, уый, чи зоны, æмæ хъæздыг у, æз та хъæздыг нæ дæн. Æз куыд загътон, афтæ уыдзæн. Кæд уæ фæнды — амарут мæ, уымæй уыл ницы бафтдзæн, фондзсæдæ сомæй фылдæрыл та фысгæ нæ ныккæндзынæн. 

Ныссабыр сты. Æвиппайды Абдул фæтæррæст кодта, æрбадавта иу къаннæг чырын, систа дзы сис, гæххæтты гæбаз æмæ чернилæ, Жилины къухты сæ фæсагъта, йæ уæхск ын æрхоста æмæ йын амоны: «фысс», зæгъгæ. Фондзсæдæ сомыл сразы ис. 

— Фæлæуу-ма, — дзуры Жилин тæлмацгæнæгæн, — зæгъ ын, хорз нæм куыд зила, уæлæдарæс æмæ къахыдарæс ныл куыд æмбæлы, афтæ куыд скæна, иумæ нæ куыд дара, хъæлдзæгдæр нын уыдзæн, нæ хъадамантæ дæр нын куыд рафтауа. — Йæхæдæг йæ хицаумæ кæсы æмæ худы. Хицау дæр худы. Байхъуыста йæм æмæ загъта: 

— Дарæсæй сын æппæты хуыздæр ратдзынæн: цухъхъа уæд, цырыхъхъытæ, устытæ дæр-ма ракурæнт, æлдæртты хуызæн сæм зилдзынæн. Кæд сæ иумæ цæрын фæнды, уæд сарайы цæрæнт. Хъадамантæн та æфтауæн нæй — афардæг уыдзысты. Æрмæст-иу сын сæ æхсæв рафтаудзынæн. — Æрбауад æмæ Жилины уæхск æрхоста: «Твоя хорош, моя хорош!» 

Ныффыста Жилин фыстæг, фæлæ йæ адрис барæй раст нæ ныффыста, — цæмæй ма фæхæццæ уа. Йæхæдæг хъуыды кæны: «Æз алидздзынæн». 

Акодтой Жилины Костылинимæ сарамæ, уырдæм сын æрбахастой нартхоры хæтæлтæ, дурыны дон, кæрдзын, дыууæ зæронд цухъхъайы æмæ скъуыдтæ салдатаг цырыхъхъытæ. Мард салдæттæй сæ кæй раластой, уый бæрæг уыд. Æхсæвы сын сæ хъадамантæ рафтыдтой æмæ сыл сарайы дуар сæхгæдтой. 

 

III
 

Гъе, афтæ царди Жилин йе ’мбалимæ æгас мæйы дæргъы. Хицау фæхуды: «Твоя, Иван, хорош, — моя, Абдул, хорошо», фæлæ сын хæрын æвзæр кодта, лæвæрдта сын æрмæст еууы ссадæй лауызгæндтæ, кæнæ та хом хыссæ. 

Костылин ноджыдæр арвыста сæхимæ фыстæг, æдзух æнхъæлмæ касти æхцамæ æмæ хъыг кодта. Бон-изæрмæ бады сарайы æмæ бонтæ нымайы, кæд æрхæццæ уыдзæн фыстæг; кæнæ та фынæй фæкæны. Жилин та йæ зонгæ кодта, йæ фыстæг кæй нæ фæхæццæ уыдзæн, уый, æмæ дыккаг нал ныффыста. 

«Кæм ссардзæн, — хъуыды кодта Жилин, — мæ мад уыйбæрц æхца, мæн балхæныны тыххæй? Йæхæдæг дæр, мæгуыр, æз ын кæй æрвыстон, уымæй куы царди. Уый фондзсæдæ сомы куы æрæмбырд кæна, уæд бынтон гæвзыккæй куы баззайдзæн; цæй, кæд Хуыцауы фæнда, уæд мæхæдæг аирвæздзынæн». 

Йæхæдæг алырдæм йæ цæст дардта æмæ æппæт дæр бæрджытæ кодта, цæмæй алидза, уый тыххæй. Хъæуыл зилы æмæ æхситт кæны, кæнæ та бады æмæ исты архайы — куы æлыгæй куклатæ аразы, кæнæ уистæй гыццыл каутæ бийы, Жилин къухæй алы куыстмæ дæр тынг дæсны уыди. 

Иу хатт æлыгæй кукла скодта: фындз, къухтæ æмæ йын къæхтæ сарæзта, йæ уæлæ та йын тæтæйраг хæдон скодта æмæ йæ уæлхæдзар сæвæрдта. Тæтæйраг чызджытæ донмæ фæцæйцыдысты. Йæ хицауы чызг Динæ ауыдта куклайы æмæ йе’мбæлттæм фæдзырдта. Уыдон сæ гогонтæ æрæвæрдтой, кæсынц æмæ худынц. Жилин райста кукла æмæ сæм æй дæтты. Чызджытæ худынц, фæлæ йæ райсын нæ уæндынц. Уый кукла уым ныууагъта, ацыди сарамæ æмæ аивæй кæсы, кæддæра цы кæндзысты? Базгъордта Динæ, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, фелвæста кукла æмæ алыгъд. 

Дыккаг бон Жилин райсомæй кæсы æмæ уыны, Динæ сæумæраджы йæ куклаимæ дуармæ рацыди, куклайыл сырх хæцъилтæй дарæс скодта æмæ йæ сывæллоны уызт кæны, йæхæдæг ын сæхирдыгонау зары. Рацыди зæронд ус, хæцыд æм, раскъæфта йын йæ кукла, асаста йæ æмæ Динæйы кæдæмдæр кусынмæ арвыста. 

Сарæзта Жилин æндæр кукла æмæ йæ радта Динæйæн. Иу хатт Динæ гыццыл дурын æрбахаста, æрæвæрдта йæ, сбадти æмæ йæм кæсы, йæхæдæг худы, дурынмæ амонгæйæ. 

«Цæуыл цин кæныс?» — хъуыды кæны Жилин. Систа дурын æмæ нуазы. Æнхъæлдта, дон у, фæлæ дзы æхсыр уыд. Æхсыр банызта. Хорз, зæгъгæ йын загъта. Уæд Динæ дæр сцин кодта! 

— Хорз, Иван, хорз! — фæгæпп ласта, йæ къухтæй сæмдзæгъд кодта, дурын фелвæста æмæ алыгъди. 

Уæдæй фæстæмæ Динæ алы бон дæр Жилинæн сусæгæй æхсыр хæссын байдыдта. Тæтæр-иу сæгъы цыхтæй лауызтæ арæзтой æмæ сæ уæлхæдзар хус кодтой. Уыдонæй дæр ын-иу Динæ сусæгæй хаста. Иу хатт хицау фыс аргæвста æмæ йын уымæй дæр иу карст йæ дысы æрхаста. Æрбаппæрста-иу æм æй æмæ та-иу алыгъд. 

Уыди тæрккъæвда, æнæхъæн сахат, къæртайæ калæгау уарыд. Дæттæ размæстысты. Донуайæн кæм уыд, уым дон æртæ æрмæрины фæбæрзонддæр ис, фæлдахы дуртæ. Алы рæтты мæсчъыдæттæ згъорынц. Хæхтæ гыбар-гыбур кæнынц. Куыддæр тæрккъæвда банцад, афтæ хъæутæм алырдыгæй къада дæттæ уадысты. Жилин йæ хицауæй хæрынкъа ракуырдта, самадта валик æмæ фæйнæджы гæбаз, басагъта сæ цалхыл, цалхы дыууæ кæроныл та куклатæ бафидар кодта. Чызджытæ йын хæцъилтæ æрхастой, куклатæн сæ дарæс скодта: иуы — лæджы, иннæйы та — усы хуызæн. Цалх æрæвæрдта доныл. 

Цалх зилы, куклатæ та гæппытæ кæнынц. 

Æрæмбырд æгас хъæу: лæппутæ, чызджытæ, устытæ; æрцыдысты лæгтæ дæр, ce ’взæгтæй цъыччытæ кæнынц. 

— Ай, урус! Ай, Иван! 

Абдулмæ уыди уырыссаг саст сахат. Фæдзырдта уый Жилинмæ, æвдисы йын æй, йе ’взагæй цъыччытæ кæны. Жилин ын зæгъы: 

— Æри-ма, саразон дын æй. 

Райста йын æй, схæйттæ йæ кодта къаннæг хæрынкъайæ. Фæстæмæ та сæ бакодта æмæ йæм æй радта. Сахат скуыста. 

Хицау бацин кодта, æрбахаста йын зæронд скъуыдтæ куырæт, балæвар ын æй кодта. Цы гæнæн уыди — райста йæ: æхсæв хи бамбæрзынæн уæддæр бæззы. 

Уæдæй фæстæмæ Жилинæн йæ кой айхъуысти, зæгъгæ, дам, стыр дæсны къухты хицау у. Райдыдтой йæм дæрддаг хъæутæй дæр цæуын; чи йæм-иу æрбахаста топпы сампал саразынмæ, чи — дамбаца, чи — сахат. Хицау ын æрхаста кусæндзаумæттæ: аркъау, бырау æмæ гыццыл хырхытæ. 

Иу хатт иу тæтæйраг фæрынчын и, æрцыдысты Жилинмæ: «Цом, сдзæбæх æй кæн!» Жилин ницы зыдта йе сдзæбæх кæнынæн. Ацыди, федта йæ, хъуыды кæны: «Чи зоны, йæхи æгъдауæй сдзæбæх уа». Бацыди сарамæ, райста дон, змис, сызмæста сæ. Тæтæры цур донæн асусу-бусу кодта, æмæ йæ рынчынмæ ануазынæн радта. Йæ амондæн, тæтæйраг сдзæбæх ис. Жилин сын гыццылгай ce ’взаг æмбарын байдыдта: цы тæтæйрæгтæ йыл фæцахуыр сты, уыдоны-иу куы бахъуыд, уæд-иу æм фæдзырдтой: «Иван! Иван!» Аннæтæ та йæм, сырдмæ кæсæгау, зулмæ кæсынц. 

Сырххил тæтæйраг нæ уарзта Жилины. Куы-иу æй федта, уæд-иу йæхи ныхъхъуынтъызтæ кодта æмæ-иу иннæрдæм азылд. Кæнæ та-иу ыл хъæр кодта. Уыдис ма сæм ноджы иу зæронд лæг дæр. Уый хъæуы нæ царди, фæлæ-иу кæцæйдæр хохрæбынæй ссыди. Федта-иу æй Жилин, мæзджытмæ Хуыцауæн кувынмæ куы фæцæйцыди, æрмæстдæр уæд. Уый асæй уыди къаннæг, йæ худыл урс кæттаг хисæрфæн тыхт. Йæ боцъо æмæ йæ рихитæ цыбырæлвыд, бумбулиау урс, йæ цæсгом та æнцъылдтæ æмæ агуыридурау сырх, йæ фындз — цæргæсы бырынкъау гуыбыр, йæ цæстытæ — цъæх, мæстыхуыз, йæ дзыхы дæндаджы хъæстæ нæй, дыууæ ссырæй дарддæр. Сарыхъ йæ уæлæ, афтæмæй-иу лæдзæджы æнцæйтты куы рацæйцыд, уæд-иу бирæгъы каст кодта алырдæм. Жилины-иу куы ауыдта, уæд-иу схуыр-хуыр кодта æмæ-иу иннæрдæм азылди. 

Иу хатт Жилин ныццыди хохрæбынмæ, уыцы зæронд кæм цæры, уый фенынмæ. Фæндагæй иуварсмæ фездæхт æмæ уыны къаннæг цæхæрадон, дурын быруйæ æхгæд. Быруйæ æддæмæ зындысты бал бæлæстæ æмæ ныллæг уæлхæдзарджын къаннæг хæдзар. Бацыди йæм æввахсдæр, кæсы æмæ дзы федта хъæмпæй быд мыдычыргъæдтæ, мыдыбындзытæ, гуывгуывгæнгæ, тæхынц. Зæронд лæг дæр йæ уæрджытыл лæууы, цыдæр архайы мыдычыргъæдты фарсмæ; Жилин, цæмæй мидæмæ бакастаид, уый тыххæй йæхи сивæзта æмæ йæ хъадаманты хъæр ссыди. Зæронд фæкасти, йæ фæсронæй дамбаца фелвæста æмæ дзы Жилины фехста. Уый ма куыддæртæй дуры фæстæ амбæхсти. 

Зæронд ын йæ хицаумæ хъаст кæнынмæ æрцыди. Хицау фæсидт Жилинмæ, йæхæдæг худы æмæ йæ фæрсы: 

— Ды зæрондмæ цæмæ цыдтæ? 

— Æз ын æвзæрæй ницы кодтон, — загъта Жилин, — мæн æрмæст дæр фæндыди, куыд цæры, уый базонын. 

Хицау дæр сæ радзырдта зæрондæн. Зæронд смæсты. Цыдæртæ дыбал-дыбул кæны, йе ссыртæ зыхъхъырæй дары, Жилинмæ къухтæ тилы. Жилин сæ иууылдæр нæ рахатыди, фæлæ бамбæрста, зæронд кæй ардауы хицауы, цæмæй уырыссæгты ма дарой хъæуы, фæлæ сæ амарой. Зæронд ацыд. Уæд Жилин бафарста хицауы: «Уый цавæр зæронд лæг у?» Хицау ын загъта: 

— Уый стыр лæг у! Уый сæрæнтæй сæрæндæр уыд, уый бирæ уырыссæгты фæцагъта, хъæздыг уыди. Уымæн уыди æртæ усы æмæ аст фырты. Иууылдæр цардысты иу хъæуы. Æрцыдысты уырыс, хъæу ныппырх кодтой, йæ авд фырты йын амардтой. Йæ фырттæй ма иу фервæзт æмæ уырысмæ йæхи радта. Зæронд дæр ацыд æмæ уырысмæ йæхи радта. Фæцарди сæм æртæ мæйы; йæ фырты ссардта, йæхæдæг æй амардта æмæ алыгъди. Уæдæй фæстæмæ йæ хæстон хъуыддаг ныууагъта æмæ Чабæмæ Хуыцауæн кувынмæ ацыди. Гъе, уый тыххæй дары ахæм сарыхъ дæр. Уый сымах адæмы нæ уарзы. Дæу дæр марын кæны, фæлæ мæнæн дæу марæн нæй, æз дыл æхца бафыстон, стæй дæ бауарзтон, æз дæ маргæ нæ, фæлæ уæхимæ дæр нал ауадзин, дзырд дын куы нæ радтаин, уæд. — Худы æмæ йæхæдæг уырыссагау дзуры: «Твоя, Иван, хорош, моя Абдул, хорош!» 

 

IV
 

Афтæмæй Жилин фæцарди иу мæй. Боныгон хъæуыл фæзилы æмæ æрмдæсныйады куыст кæны, куыддæр æризæр вæййы, æмæ хъæу æрсабыр вæййы, афтæ уый дæр йæ сарайы къул къахын райдайы. Зын уыди дурын къул къахын, фæлæ хырхæй хафын байдыдта дуртæ æмæ къулы бын фæхуынкъ кодта, куыд дзы ралæстаид, афтæ. «Æрмæст, — хъуыды кодта уый, — бынат бæлвырд куы базонин, кæцырдæм цæуын хъæуы, уый. Фæлæ йæ тæтæрæй ничи хъæр кæны». 

Мæнæ иу хатт равзæрста рæстæг, куыддæр йæ хицау кæдæмдæр ацыд, афтæ фæссихорты хъæуы фæстæ хохмæ ссыди, уырдыгæй хъуамæ бынæттæ сбæрджытæ кодтаид. Фæлæ, хицау балцы куы цыди, уæд бафæдзæхста лæппуйæн, йæ хъус æм куыд дара æмæ æдзухдæр йæ фæдыл куыд цæуа, афтæ. Æмæ ныр лæппу дæр Жилины фæдыл згъоры æмæ хъæр кæны: 

— Ma цу! Мæ фыд бар нæ радта. Ныртæккæ адæммæ фæдзурдзынæн! 

Жилин ын лæгъстæ кæнын байдыдта: 

— Æз дард нæ ацæудзынæн, æрмæст дæр уæлæ уыцы хохмæ ссæудзынæн, кæрдæг мæ ссарын хъæуы, уæ адæмы сдзæбæх кæнынæн. Цом мемæ, хъадаманæвæрдæй нæ алидздзынæн. Дæуæн та райсом фат æмæ æрдын сараздзынæн. 

Сразы кодта лæппуйы, ацыдысты. Акæсгæйæ, хох дард бæргæ нæу, фæлæ хъадаманимæ цæуын зын у; цыди, цыди, тыххæй-фыдæй схæццæ ис. 

Сбадти Жилин, бынæттæ бæрджытæ кæнын райдыдта. Сарайы фæстæ адагмæ æмбисбон рæгъау цæуынц, дæлдæр та æндæр хъæу зыны, уыцы хъæуæй фалдæр æндæр хох, ноджы къулдæр. Уыцы хохы фæстæ æндæр хох. Хæхты астæу хъæд цъæх дары, сæ фале ноджыдæр хæхтæ, — бæрзондæй-бæрзонддæр фæцыдысты. Ce ’гасæй бæрзонддæр, сæкæрау, урс дарынц митджын хæхтæ. Иу митджын хох дзы иннæмæй бæрзонддæр, худы хуызæн йæ цъупп. Хурыскæсæны æмæ хурныгуылæны ’рдыгæй дæр раст ахæм хæхтæ, кæмтты ранæй-рæтты хъæутæй фæздæг кæлы. Хъуыды кæны Жилин йæхинымæры: «Уый иууылдæр тæтæры бæстæ у». Райдыдта кæсын уырысы ’рдæм: дæлдæр йæ тæккæ раз цæугæдон, йæ хъæу, сæ алыварс дыргъдæттæ. Доны былыл цыдæртæ, хъазæнчындзытау, æвæццæгæн, устытæ бадынц æмæ гæрзтæ æхсынц. Хъæуæй чысыл дæлдæр иу хох, йæ хæд фæстæ та дыууæ хохы, уыдон та хъæдæй æмбæрзт; дыууæ хохы астæу лæгъз фæз цъæх дары, æмæ цыма уым фæздæг æрбадт. Жилин мысын байдыдта, сæхимæ фидары куы царди, уæд-иу хур чердыгæй скаст æмæ-иу кæцырдæм ныгуылд, уыдон. Уыны — бæлвырд уæртæ уыцы ран, уыцы дæлвæзы хъуамæ уа нæ фидар. Куы лидзон, уæд мæ цæуын хъæуы уæртæ уыцы дыууæ хохы астæуты. 

Хур ныгуылæнмæ хъавыди. Урссæр цъитиджын хæхтæ фæсырх сты; сау хæхтæ та талынг фесты; дæлвæзтæй тæф скалди æмæ, раст нæ фидар цы дæлвæзы хъуамæ уа, уый дæр ныгуылгæ хуры тынтæй зыны комвæзы, раст, цыма, трубатæй фæздæг цæуы, уыйау. Æмæ йæм афтæ кæсы, цыма, гъе уый y уырысы фидар. 

Баизæр и. Хъуысы моллойы хъæр. Рæгъæуттæ тæрынц, хъуццытæ уасынц. Лæппу йын «цом», «цом» кæны, фæлæ Жилины йæ къах нал хæссы. 

Æрцыдысты фæстæмæ. «Цæй, — хъуыды кæны Жилин, — ныр бынат зонын æмæ лидзын хъæуы». Уыцы æхсæв лидзынвæнд скодта. Æхсæвтæ талынг уыдысты, мæй зæронд кæм уыд, уымæ гæсгæ. Уыцы изæр йæ фыдбылызæн æрбаздæхтысты тæтæр. Бирæ хæттыты-иу семæ фос æрбатардтой æмæ иу хъæлдзæгæй æрцыдысты. Фæлæ ацы хатт ницыуал æртардтой, æрмæст саргъы уæлæ мардæй æрхастой ce ’мбал бурхил тæтæйраджы æфсымæры. Æрбаздæхтысты мæстджынæй, æрæмбырд сты мард ныгæнынмæ. Жилин дæр фенынмæ рацыд. Урс кæттаджы стыхтой марды, æнæ чырынæй йæ рахастой хъæуы фæстæ тæрс бæлæсты бынмæ, æрæвæрдтой йæ кæрдæгыл. Æрбацыд молло, æрæмбырд сты зæронд лæгтæ, хисæрфæнтæй сæ худтæ сбастой, сæхи сбæгъæввад кодтой, марды раз рæгъæй дзуццæджы сбадтысты. 

Разæй молло, йæ фæстæ æртæ зæронд лæджы, сæ сæртæ сарыхътæй æмбæрзт, уыдон фæстæ ма ноджыдæр тæтæйрæгтæ. Сбадтысты, сæ сæртæ æруагътой æмæ сыбыртт нæ кæнынц. Æнæдзургæйæ бирæ фæбадтысты. Молло йæ сæрыл схæцыд æмæ загъта: 

— Алла (ома, Хуыцау), — загъта уыцы иу дзырд æмæ та сæ сæртæ æруагътой. Æнæдзургæйæ та бирæ фæбадтысты, бадынц, не змæлынц. 

Молло та ногæй йæ сæрыл схæцыди: 

— Алла! — æмæ иууылдæр сдзырдтой: «Алла!» æмæ та ныхъхъус сты. Мард хуыссы кæрдæгыл, иууылдæр бадынц мардау, иу дæр дзы не сызмæлы. Æрмæст хъуысы дымгæйы змæлдæй тæрсы сыфтæрты сыбар-сыбур. Уалынмæ молло скуывта, иууылдæр сыстадысты, марды систой сæ къухтæм æмæ йæ ахастой. Æрхастой йæ ингæны цурмæ, уый хуымæтæг къахт нæ уыди, фæлæ уыди байбынау фæрсмæ къахт. Марды йæ цæнгтæй æмæ йæ зæнгты хæцъæфтæй систой, æртасын æй кодтой, ныйистой йæ сабыргай, зæххы бын æй бадæгау бавæрдтой æмæ йын йæ къухтæ йæ гуыбыныл сæвæрдтой. 

Ногъайаг ног карст хъæз æрбахаста, хъæз ингæны ныккалдтой, уайтагъд æй сыджытæй бамбæрзтой, сæмвæз кодтой ингæн зæххы æмбæрц, марды нывæрзæны ’рдыгæй дур нывæрдтой сагъдæй. Ныннадтой сыджыт, ингæны раз рæгъæй рабадтысты. Иудзæвгар сыбыртт не скодтой. 

— Алла! Алла! Алла! — Сулæфыдысты æмæ сыстадысты. Бурхил æхца байуæрста зæрæдтæн æмæ сыстад, ехс райста, æртæ хатты дзы йæ ных ныццавта æмæ сæхимæ ацыд. 

Райсомæй Жилин уыны — сырх тæтæйраг иу ефс бæхы фæласы хъæуы фæстæмæ, йæ фæдыл фæцæуынц æртæ тæтæйраджы. Æрцыдысты хъæуы фæстæмæ, сырххил йæ куырæт раласта, йæ дыстæ басчъил кодта, — йæ къухтæй сласта хъама, цыргъгæнæныл æй адаудта. Тæтæр ефсы сæр хæрдмæ фæхъил кодтой, бацыд æм сырххил, йæ хурх ын ахауын кодта, йæ иу фарсыл æрфæлдæхта ефсы — æмæ йæ райдыдта сыгъдæг кæнын, тымбыл къухæй йын йæ царм стигъы. Æрцыдысты устытæ, чызджытæ, йæ тъæнгтæ æмæ йын йæ хуылфыдзаумæттæ æхсын райдыдтой. Уый фæстæ йæ суæнгтæ кодтой, хæдзармæ йæ схастой. Æгас хъæубæстæ иууылдæр æрæмбырд сты сырххилмæ зианы æрымысынмæ. 

Æртæ боны дæргъы хордтой ефсы фыд, нуæзтой махсымæ æмæ марды ном мысыдысты. Тæтæр иууылдæр хæдзары уыдысты. 

Цыппæрæм бон Жилин кæсы, æмæ тæтæр сæхи кæдæмдæр сихорафон рæвдз кæнынц. Сæ бæхтæ æрластой, сæхи сфæлыстой æмæ иу-дæс лæгæй араст сты, сырххил дæр семæ ацыди; æрмæст Абдул сæхимæ баззади. Мæй йæ тæккæ ногыл уыди, æхсæвтæ ма талынг уыдысты. 

«Цæй, — зæгъы йæхинымæры Жилин, — ахсæв лидзын хъæуы». Йæ хъуыды бамбарын кодта Костылинæн, фæлæ Костылин фæтарсти. 

— Куыд алидзæм, кæд æмæ фæндаг дæр нæ зонæм, уæд? 

— Æз зонын фæндаг. 

— Æмæ ахсæв нæ бахæццæ уыдзыстæм. 

— Кæд нæ бахæццæ уæм, уæд хъæды нæхи бааууон кæндзыстæм. Æз мæнæ лауызтæ æрæмбырд кодтон. Цæй, ды бадгæ кæндзынæ? Хорз, кæд æхца æрæрвитой, фæлæ сæ бон куынæ бауа æрæмбырд кæнын, уæд та. Тæтæр та ныр мæсты сты, уымæн æмæ сын уырыс сæхионы амардтой. Мæ хъустыл æрцыд, цыма нæ марынвæнд кæнынц. 

Бирæ фæхъуыды кодта Костылин, стæй загъта: 

— Цæй, цæуæм! 

 

V
 

Жилин сисы хуынчъы балæсти, фæуæрæхдæр æй кодта, цæмæй дзы Костылинæн дæр рабырæн уа; бадынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц, цалынмæ хъæу æрсабыр уа, уæдмæ. 

Хъæуы адæм куыддæр басабыр сты, афтæ Жилин сисы бынты рабырыди æмæ сыбар-сыбурæй дзуры Костылинмæ: «Рабыр». Рацæйлæст Костылин дæр, фæлæ дурыл йæ къах фæхæцыди, æмæ бæстæ гыбар-гыбурæй байдзаг. Хицау та иу хъахъхъæнæг хъулон куыдз дардта. Уый тынг хъæхъхъаг уыди, хуыдтой йæ Уляшин, Жилин æй рагацау йæхиуыл фæцахуыр кодта, къæбæртæ йын-иу аппæрста. Фехъуыста сæ Уляшин, срæйдта æмæ сыл йæхи æрбаппæрста, йæ фæстæ та æндæр куыйтæ. Жилин ыл сындæг фехситт кодта, аппæрста йын лауызы къæбæртæ, — Уляшин æй базыдта, йæ къуди батылдта æмæ йæ рæйынæй банцад. 

Хицау куыдзы рæйын фехъуыста æмæ рахъæр кодта хæдзарæй: «Гайть! Гайть! Уляшин!» 

Жилин куыдзæн йæ фæсхъустæ сæрфы, æмæ куыдз дæр ныссабыр ис, йæ зæнгтыл ын йæхи сæрфтытæ кæны æмæ йæ къæдзил тилы. 

Фæскъул чысыл абадтысты. Бæстæ та басабыр, æрмæст кæмдæр скъæтæй хъуысы фысы сынæр цæгъдын, æмæ комы дæлиау дуртыл доны уынæр арауы. Талынг у, стъалытæ бæрзонд арвыл лæууынц: хохы сæрмæ ног мæй сырхæй сзынди, йæ сиутæ хæрдмæ, афтæмæй фæцæйныгуылди. Мигъ кæмтты æхсырау урс дары. 

Жилин сыстад æмæ дзуры йе ’мбалмæ: «Цæй, æфсымæр, цæуæм!» 

Араст сты, чысыл куыддæр рауадысты, афтæ сæм мæзджыты сæрæй фехъуыст моллойы хъæр: «Алла! Бесмилла! Ильрахман!» ома, адæм рацæудзысты мæзджытмæ. Æрбадтысты та, фæскъул æрныгъуылгæйæ. Иудзæвгар фæбадтысты, æнхъæлмæ кастысты, цалынмæ адæм мæзджытмæ ацыдысты, уæдмæ. Бæстæ та басабыр. 

— Цæй, Хуыцау не ’мбал! — Сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой æмæ ацыдысты. Кæртыл рахызтысты цæугæдонмæ, йæ сæрты ахызтысты æмæ комвæзы фæцæуынц. Дæлиау комы бæзджын мигъ æрбадт, сæ сæрмæ та стъалытæ тæмæнтæ калынц. Жилин стъалытæм гæсгæ хаты, кæцырдæм цæуын хъæуы, уый. Мигъы æнцон y цæуынмæ, уæнгтæ рог кæнынц, æрмæст сæ цырыхъхъытæ фесты æмæ сæ хъыгдардтой. Жилин сæ раласта, аппæрста сæ æмæ бæгъæввадæй цæуы. Дурæй дурмæ гæппытæ кæны æмæ стъалытæм скæсы. Костылин фæсте зайын байдыдта. 

— Сабырдæр цу, ацы æлгъысты фæуинаг цырыхъхъытæ мын мæ къæхтæ ’гасæй арæдывсын кодтой. 

— Æмæ сæ ралас, æнцондæр дын уыдзæн. 

Ацыди Костылин бæгъæввадæй, фæлæ фыддæр фæци: йæ къæхтæ ныллыгтæ кодта дуртыл æмæ та фæсте зайы. Уæд ын Жилин зæгъы: 

— Къæхтæ куы арæдывсой, уæддæр байгас уыдзысты, фæлæ нæ куы æрбаййафой, уæд нæ амардзысты, æмæ уый та фыддæр у. 

Костылин ницы дзуры, цæуы æмæ снæты. Бирæ фæцыдысты уырдыгмæ. Хъусынц — рахизырдыгæй куыйтæ срæйдтой. Жилин æрлæууыд, афæлгæстытæ кодта, схызти къуылдыммæ, æрæсгæрста æмæ загъта: 

— Ехх, фæрæдыдыстæм, — рахизырдæм адзæгъæл стæм, ам æндæр хъæу ис, фæстæмæ здæхын хъæуы, стæй галиуырдæм, хохмæ, уым хъуамæ хъæд уа. 

Уæд æм Костылин дзуры: 

— Иу чысыл фæлæуу, бауадз мæ сулæфын, мæ къæхты туг кæлы. 

— Гъе, æфсымæр, уыдон байгас уыдзысты; фæлтау рогдæр гæпп кæн. Мæнæ афтæ! 

Æмæ азгъордта Жилин фæстæмæ, къуылдыммæ, уырдыгæй хъæдмæ. 

Костылин уæддæр фæсте зайы, хъæрзы. Жилин ыл сусæгæй схъæр кæны, йæхæдæг цæуы æмæ цæуы. 

Схызтысты хохмæ. Куыд дзырдтой, афтæ дзы хъæд разынд. Бацыдысты хъæдмæ, сындзджын пыхсытыл ныппырх кодтой, цы уæлæдарæсы хæррæгътæ ма сыл уыд, уыдон дæр. Хъæды хуылфы иу нарæг фæндагмæ бафтыдысты. Цæуынц. 

— Æрлæуу! — Бæхты къæхты хъæр ссыди фæндагыл. Æрлæууыдысты, хъусынц. Бæхы къæхты хъæры хуызæн фæцыд æмæ фенцад. Ацыдысты та дарддæр, къæхты хъæр та фæцыди, уыдон дæр æрлæууынц, æмæ уый дæр æрлæууы. Жилин йæ гуыбыны цъарыл балæсти, рухсмæ кæсы фæндагмæ — цыдæр лæууы: бæх уа æви нæ, æмæ бæхыл та цыдæр æнахуыр диссаг, адæймаджы хуызæн дæр нæу. Ныххуыррытт кодта, хъусы. «Уый цы диссаг уа!» Жилин куыддæр сындæг фехситт кодта, афтæ фæндагæй хъæдмæ цыдæр уыциу сыффытт фæласта, хъæд ныкъкъæр-къæр кодта. Цыма уад сыстади, сæттынц бæлæсты цæнгтæ. 

Костылин адæргæй æрхауд. Фæлæ Жилин худы æмæ йын зæгъы: 

— Уый саг y, йæ сыкъатæй хъæды хих куыд цъæл кæны. Max уымæй тæрсæм, уый та махæй. 

Ацыдысты дарддæр. Стъалытæ дæлæмæ сæхи уадзын байдыдтой, бонмæ бирæ нал ис, раст фæндагыл цæуынц æви нæ — уый нæ зонынц. Жилинмæ афтæ кæсы, цыма йæ ацы фæндагыл æрбахастой æмæ ма йæ цыма йæ бынатмæ дæс версты хъæуы, фæлæ йын раст нысæнттæ нæй, æхсæвыгон сæ æвзаргæ дæр нæ ракæндзынæ. 

Æрдузмæ рахызтысты. Костылин æрбадти æмæ зæгъы: 

— Дæу куыд фæнды, афтæ кæн, фæлæ æз нæ бахæццæ уыдзынæн: мæ къæхтæ мæ нал хæссынц. 

Жилин ын лæгъстæ кæнын райдыдта. 

— Нæй, — зæгъы йын Костылин, — нæ бахæццæ уыдзынæн, мæ бон нал у. 

Смæсты и Жилин, нытту кодта æмæ йæ фелгъыста. 

— Цæй, æз иунæгæй ацæудзынæн, хæрзбон. 

Костылин фæгæпп ласта æмæ араст. Иу-цыппар версты бæрц рацыдаиккой. Мигъ ноджы бæзджындæр ныббадти хъæдыл. Сæ развæндаг нал зынди, стъалытæ дæр ма гæзæмæ зындысты. 

Æвиппайды сæ разæй бæхы къæхты хъæр райхъуысти. Хъуысы, цæфхæдтæн сæ зæлланг куыд фæцæуы дуртыл, уый. Жилин йæ гуыбыныл æрхуыссыд æмæ зæхмæ хъусы. 

— Æнæмæнг, ардæм барæг æрбацæуы! 

Фæндагæй иуварсмæ балыгъдысты, æрæмбæхстысты къутæрты æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Жилин фæндагмæ æввахс дæр æрбабырыд, кæсы, — иу тæтæйраг æрбацæуы бæхыл, йæ разæй хъуг тæры. Цыдæртæ йæхинымæры хъуыр-хъуыр кæны. Æрбаивгъуыдта тæтæйраг. Жилин æрбаздæхт Костылинмæ. 

— Цæй, Хуыцау нын баххуыс кодта: сыст æмæ цæуæм. 

Костылин стыныл архайдта æмæ æрхауд. 

— Хуыцауыстæн, мæ бон нал у, нал. Тых мæм нал ис. 

Уый уыди стæвдтæгонд, нарст, схид ис æмæ йыл хъæды уазал мигъ куы сæмбæлди, стæй йæ къæхтæ дæр куы ныцъцъæррæмыхстытæ сты, уæд бынтондæр сæдых ис, Жилин ыл уæлæмæ тыххæй исыныл архайдта. Костылин ныхъхъæр кодта: 

— Оу, фæмæлын! 

Жилинæн йæ удæй йæ мидæг ницыуал аззад. 

— Цы хъæр кæныс? Тæтæйраг нырма хæстæг куы у, фехъусдзæн дæ. Йæхæдæг та йæхинымæр хъуыды кæны: «Ай, æцæг куы сæдых и, цæй, ныр ын цы кæнон? Æмбалы ныууадзын та хорз нæу». 

— Цæй, уæлæмæ сыст, сбад ме ’ккой æмæ дæ хæссон, кæд цæуын нал фæразыс, уæд. 

Сбадын кодта йе ’ккой Костылины, ныххæцыд ын йæ зæнджы хæцъæфтыл, фæндагмæ рахызт æмæ йæ фæхæссы. 

— Чырыстийы хатырæй дæ курын, æрмæст мын мæ хурх ма ’лвас дæ къухтæй, хæц мын ме уæхсчытыл. 

Зын y Жилинæн: уымæн дæр йæ къæхты туг кæлы æмæ бафæллад. Æргуыбыр кæны, Костылиныл уæлæмæ схæцы æмæ йæ хæссы фæндагыл. 

Бæлвырд, тæтæйраг фехъуыста Костылины хъæр. Хъусы Жилин, — чидæр сæ фæстæ бæхыл æрбацæуы, йæхирдыгонау хъæр кæны. Жилин къутæртæм йæхи баппæрста. Тæтæйраг фелвæста топп, фехста, фæлæ нæмыг дзæгъæлы аивгъуыдта, йæхирдыгонау схъæр кодта æмæ фæндаджы иувæрсты атахти. 

— Гъе ныр, гъе, ме ’фсымæр, бабын стæм! — зæгъы Жилин, уыцы куыдз ныртæккæ æрæмбырд кæндзæн тæтæйрæгты æмæ нæ фæсте расурдзысты, æртæ версты бæрц куы нæ ацæуæм, уæд фесæфтыстæм. — Йæхæдæг сагъæс кæны Костылиныл: «Цы хæйрæг мæ бафтыдта ацы къодах мемæ кæныныл. Мæхæдæг иунæгæй афонмæ раджы бахæццæ уыдаин». 

Костылин æм дзуры: 

— Цу иунæгæй, мæн тыххæй цæмæн хъуамæ фесæфай! 

— Нæ, нæ ацæудзынæн, æмбалы ныууадзын раст нæу. 

Ногæй та йæ фелвæста йе ’ккоймæ, æмæ та йæ ахаста. Рацыдаид иу версты бæрц. Сæ алфамбылай хъæд айтынг æмæ дзы рахизæн никæцæй зыны. Цъæх мигъ уæлæмæ йæхи исын байдыдта, цыма мигъы бындзыгтæ тайгæ кодтой, уыйау. Стъалытæ дæр нал зындысты. Сфæлмæцыд Жилин. 

Фæндагыл иу дурæй амад суадонмæ æрбахæццæ. Æрлæууыди æмæ æрæргъæвта Костылины. 

— Цæй, иу чысыл мæ бауадз, аулæфон, дон бануазон, лауызтæ дæр ахæрæм. Хъуамæ дард мауал уæм. 

Куыддæр дон нуазынмæ æргуыбыр кодта, афтæ фæсте бæхты къæхты хъæр ссыди. Уайтагъд та бауадысты рахизырдæм, къудзитæм æмæ къардиуы бын æрхуыссыдысты. 

Хъуысы тæтæйрæгты хъæлæба, æрурæдтой, раст Жилин æмæ Костылин фæндагæй кæм фæзылдысты, уым. Аныхæстæ æмæ ауынаффæтæ кодтой, куыйты ацардыдтой. Хъусынц — къутæрты цыдæр сыбар-сыбур кæны. Комкоммæ сæм кæйдæр куыдз æрбацæуы. Æрлæууыд, срæйдта. 

Æрбаласынц сæм тæтæйрæгтæ дæр, — уыдон дæр æцæгæлæттæ, æрцахстой сæ, сбастой сæ, бæхтыл сæ сæвæрдтой æмæ сæ ахастой. 

Иу-æртæ версты куы рауадысты, уæд сыл сæ хицау Абдул дыууæ тæтæйрагимæ сæмбæлд. Цыдæртæ сæ кæрæдзиимæ аныхæстæ кодтой, сæвæрдтой сæ сæхи бæхтыл æмæ фæстæмæ хъæумæ араст сты. 

Абдул ныр налдæр худгæ, налдæр ныхас кæны семæ. 

Боныцъæхтыл сæ хъæумæ æрхæццæ кодтой, æрæргъæвтой сæ хъæууынджы. Æрбазгъордтой сывæллæттæ, дуртæй сæ æхсынц, ехсытæй сæ нæмынц, хъæрахст кæнынц. 

Тæтæр æрбамбырд сты сæ алыварс, хохрæбынæй æрбацыди зæронд лæг дæр. Райдыдтой ныхас кæнын. Жилин хъусы, уыдон тыххæй тæрхон кæй кæнынц, цы сын бакæной, зæгъгæ. Сæ иутæ дзурынц, хæхтæм сæ дарддæр арвитын хъæуы, зæронд та зæгъы: «Амарын сæ хъæуы». Абдул быцæуыл ныллæууыди, зæгъы: «Æз сыл æхца бафыстон. Æз сæ хъуамæ æлхæнæггаг æхца райсон». Зæронд уæддæр йæ фæнд тæры: «Ницы уын бафиддзысты, æрмæст уын фыдбылызтæ скæндзысты. Уырыссæгты хæссын ма тæригъæд хъуыддаг дæр у. Амарут сæ, æмæ фæуа хъуыддаг». 

Ахæлиу сты. Хицау бацыд Жилинмæ æмæ йын райдыдта дзурын: 

— Кæд мын, — зæгъы сын уый, — сымах тыххæй æлхæнæггаг не ’рæрвитой, уæд уæ дыууæ къуырийы фæстæ надæй амардзынæн. 

Кæд ма лидзынвæнд скæнай, уæд дæ куыдзы мард акæндзынæн. Ныффысс фыстæг, хорз ныффысс! 

Æрбахаста сын гæххæтт, ныффыстой фыстæджытæ. Хъадамантæ сыл бакодтой, аластой сæ мæзджыты фæстæмæ. Уым сæ иу-фондз адылийы арфæн уæрмы ауагътой. 

 

VI
 

Сæ цард тынг сæвзæр и. Сæ хъадамантæ сын сæ зæнгтæй нал истой, æмæ сæ нæдæр бархийæ цæуын уагътой, уырдæм сын, куыдзæн æппарæгау, æппæрстой хом хыссæ, дурыны та-иу сын дон ныллæвæрдтой. Уæрмы уыд уымæл, æнуд æмæ тæф кодта. Костылин фæрынчын, ныррæсыд, йе уæнгтæ иууылдæр риссынц, æдзух кæнæ хъæрзгæ, кæнæ та фынæй кæны. Жилин дæр æрæнкъард и, уыны — хъуыддаг æвзæр у, æмæ куыд раирвæза, уый нæ зоны. 

Иу хатт къул къахынмæ дæр бавнæлдта, фæлæ сыджытæн ничердæм уыд акалæн; хицау сæ федта æмæ сæм марынæй бартхъирæн кодта. 

Уæд иу хатт Жилин уæрмы дзуццæджы бадти, хъуыдытæ кодта бархи цардыл æмæ банкъард. Æвиппайды раст йæ уæрагмæ æрхаудта иу лауыз, стæй — дыккаг, æмæ ма æркалдысты балтæ дæр. Хæрдмæ скасти, ауыдта Динæйы. Уый йæм æркасти, бахудти æмæ алыгъди. Жилин дæр ахъуыды кодта: «Цымæ йын Динæ нæ баххуыс кæнид?» 

Уæрмы мидæг бынат расыгъдæг кодта, æлыг скъахта, куклатæ кæнын та дзы райдыдта. Сарæзта адæймæгтæ, бæхтæ, куыйтæ, хъуыды кæны: «Куыддæр Динæ æрбацæуа, афтæ йæм сæ сæппардзынæн». 

Динæ дыккаг бон нæма фæзынди, фæлæ Жилины хъустыл ауад бæхты къæхты хъæр, чидæртæ сæ фæрсты æрбаивгъуыдтой, æмæ тæтæр мæзджыты раз æрæмбырд сты, быцæу сын бацайдагъ, хъæрахст систой æмæ уырысы кой кæнынц. Хъуысы зæронды хъæлæс дæр. Уый йæ хорз нæ бамбæрста, фæлæ фиппайдта, уырыс æввахс кæй æрбацыдысты, æмæ тæтæр кæй тæрсынц хъæумæ æрбабырсынæй æмæ, уацайрæгты цы фæкæной, уый нал зонынц. 

Фæныхас кодтой æмæ ацыдысты. Уалынмæ та хъусы, уæле цæйдæр сыбар-сыбур ссыд. Уыны: Динæ дзуццæджы æрбадти, йæ уæрджытæ йæ сæрæй фæуæлдæр сты, ныггуыбыр кодта, йæ фæрдгуытæ йæ хъуырыл зæу-зæу кæнынц. Йæ гыццыл цæстытæ стъалытау тыбар-тыбур кæнынц. Йæ дысæй систа цыхтæй конд дыууæ гуылы æмæ та йæм сæ ныппæрста. 

Жилин сæ систа æмæ йæм сдзырдта: 

— Куыд æрæгмæ мæм цыдтæ? Æз та дын хъазæнтæ куы сарæзтон. Айс сæ, гъа! Æмæ йæм сæ иугай æппарын райдыдта, чызг æм йæ сæр батилы æмæ йæм нæ кæсы. 

— Нæ хъæуы! — зæгъы. Иу гыццыл æнæдзургæйæ абадт æмæ йын зæгъы: — Иван, марын фæнд дæ кæнынц. — Йæхæдæг йæ къухæй йæ хурхмæ амоны. 

— Чи мæ хъавы марынмæ? 

— Мæ фыд, зæрæдтæ йын загътой, æз та дын тæригъæд кæнын. 

Жилин æм дзуры: 

— Уæдæ мын кæд тæригъæд кæныс, уæд мын иу даргъ лæдзæг æрбахæсс. 

Чызг æм йæ сæр батылдта, зæгъгæ, «нæй гæнæн». Жилин йæ къухтæ кæрæдзийыл сæвæрдта æмæ йын лæгъстæ кæны. 

— Динæ, дæ хорзæхæй, мæ гыццыл Динæ, æрбахæсс! 

— Нæй гæнæн, — зæгъы, — фендзысты мæ, иууылдæр нæхимæ сты. — Æмæ ацыд. 

Мæнæ Жилин изæрыгон бады æмæ хъуыды кæны: «Цымæ цы уыдзæн?» Æдзух уæлæмæ скæсы. Стъалытæ зынынц, фæлæ мæй нæма скасти. Райхъуысти моллойы хъæр, бæстæ басабыр. Жилин рæдзæ-мæдзæ кæнын райдыдта æмæ хъуыды кæны: «Чызг нæ бауæнддзæн». 

Æвиппайды йæ сæрыл сыджыт æрызгъæлд, хæрдмæ скасти, иу даргъ мих уæрмæн йæ фаллаг къулыл ныдзæвы, дæлæмæ-дæлæмæ уæрммæ быры. Сцин кодта Жилин, фæхæцыд михыл, æруагъта йæ; мих стыр у. Раздæр ма ацы мих йæ хицауы уæлхæдзар федта. 

Скасти хæрдмæ: стъалытæ бæрзонд арвыл тыбар-тыбур кæнынц, уæрмы сæрмæ тæккæ былыл, гæдыйы цæстытау, Динæйы цæстытæ талынджы æрттивынц. Уый æргуыбыр кодта уæрмы былмæ æмæ йын сыбар-сыбурæй дзуры: 

— Иван, Иван! — йæхæдæг йæ къухтæй йæ цæсгоммæ амоны, ома, «сабырдæр». 

— Цы? — афарста йæ Жилин. 

— Ацыдысты иууылдæр, æрмæст ма дыууæйæ стæм нæ хæдзары. 

Жилин дзуры Костылинмæ: 

— Цæй, ацæуæм, фæстаг хатт ма бафæлварæм; ме ’ккой та дæ сæвæрдзынæн. 

Костылин æм хъусгæ дæр нал кæны. 

— Нæ, — зæгъы йын, — æз зонын, ардыгæй мын аирвæзæн кæй нал ис. Кæдæм ацæуон, кæд æмæ мæ бон фезмæлын дæр нал у, уæд? 

— Цæй, уæдæ, хæрзбон, æвзæрæй-иу мæ ма мыс. — Апъа кодта Костылинæн. 

Февнæлдта михмæ, ныххæцын ыл кодта Динæйы æмæ фæбыры. Иу-дыууæ хатты фæстæмæ æрхаудта, хъадаман æй хъыгдардта. Феххуыс ын кодта Костылин дæр, æмæ куыддæр мадзæлттæй сбырыд. Динæ йæ йæ гыццыл къухтæй йæ хæдонæй ивазы йæ тых, йæ бонæй, йæхæдæг худы. 

Жилин систа мих æмæ зæгъы: 

— Ахæсс æй йæ бынатмæ, Динæ, кæннод дæ базондзысты æмæ дæ амардзысты. 

Динæ мих ахаста, Жилин та комы ’рдæм фæуырдыг кодта. Ныххызти къардиуы бынмæ, систа иу цыргъ дур æмæ хъадаманæй гуыдыр æфтауын райдыдта. Фæлæ гуыдыр фидар æвæрд уыд, нæ йын куымдта, нæ йæм арæхсти. Хъусы — чидæр къуылдымæй, рог гæппытæ кæнгæ, æрызгъоры, хъуыды кæны: «Æвæццæгæн та Динæ у». Æрызгъордта Динæ, систа дур æмæ йæм дзуры: 

— Æри-ма, æз. 

Сбадти йæ гыццыл уæрджытыл æмæ йæ разил-базил кæнын райдыдта, фæлæ йæ къухтæ уисы къалиуты хуызæн лыстæг, — ницы тых сæ ис. Аппæрста дур æмæ скуыдта. Жилин та йæ гуыдырыл архайын байдыдта, Динæ йæ фарсмæ йæ уæрджытыл сбадти æмæ йын йæ уæхскыл хæцы. Фæкасти Жилин, ауыдта галиуырдыгæй хохы фæстæ сырх зæрæхсид ссыгъд. Мæй скæсы. «Хъуамæ мæйы скастмæ комыл ахизон, цæмæй хъæдмæ баирвæзон», — хъуыды кодта уый. Сыстад, аппæрста йæ дур: «Цæуын хъæуы хъадаманимæ дæр». 

— Хæрзбон, мæ чысыл Динæ, — загъта йын, — мæ цæрæнбонты дæ мæ зæрдыл дардзынæн. 

Ныххæцыд ыл Динæ, йæ къухтæй сгары, лауаситæ йын кæм нывæра, уый. Жилин дæр сæ айста. 

— Бузныг, зондджын чызг, — загъта Динæйæн, — куклатæ ма дын мæ фæстæ чи араздзæн? — æмæ йын йæ сæр æрсæрфтытæ кодта. 

Динæ скуыдта, йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзта, сызгъордта уæлбылмæ, сæныккау гæппытæ кæны. Æрмæст ма талынджы хъуысы, йæ дзыккутыл баст фæрдгуытæ йæ фæсонтыл куыд дзыгъал-мыгъул кæнынц, уый. 

Жилин йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, хъадаманы гуыдырыл йæ къухæй ныххæцыд, цæмæй дыгъал-мыгъул ма кæна, уый тыххæй, æмæ араст и фæндагыл, йæ къах йæ фæдыл ласгæйæ, йæхæдæг фæкæс-фæкæс кæны зæрæхсидмæ, мæйы скæсæнмæ. Уый фæндаг базыдта. Комкоммæ йæ аст версты бæрц цæуын хъæуы. Æрмæст уал мæйы скастмæ раздæр хъæдмæ куы бахæццæ уаид. Доныл бахызти, хохы фæсчъылдым фæрухс. Ацыди комы, цæуы алырдæм ракæс-бакæс кæнгæйæ: мæй нæма сзынди. Зæрæхсид фæирддæр ис, æмæ комы иу фарс рухсæй-рухсдæр кæнын байдыдта. Аууон дæлæмæ-дæлæмæ лæсы комы, æрбаввахс кæны Жилинмæ рухс. 

Цæуы Жилин аууæтты. Тагъд кæны, фæлæ мæй та уымæй тагъддæр тындзы. Рахизырдыгæй срухс сты хæхты рындзтæ. Хъæдмæ хæццæ кæнын байдыдта, мæй стылди хæхты фæстæйæ. Бонау бæстæ ныррухс и, бæлæстыл сыфтæртæ дзæбæх зынынц. Сабыр æмæ рухс сты хæхтæ; цыма бæстæ æдзæрæг у, æрмæст ма бынæй комы доны сæр-сæр хъуысы. 

Хъæдмæ бахæццæ и — ничи йыл сæмбæлд. Жилин хъæды йæхидæн равзæрста талынгдæр бынат, сбадти аулæфынмæ. Баулæфыд, бахордта иу лауаси. Дур ссардта æмæ та йæ хъадаман сæттыныл архайы. Йæ къухтæ ныппырх кодта, фæлæ уæддæр гуыдыр нæ асаст. Сыстад, йæ фæндагыл та араст. Иу версты бæрц ацыд, йæ бон та нал уыд — йæ къæхтæ риссынц. Иу-дæс къахдзæфы акæны æмæ та æрлæууы. «Æндæр гæнæн нæй, — зæгъы йæхицæн, — цалынмæ фæразон, уæдмæ цæудзынæн. Фæлæ иугæр куы сбадон, уæд нал сыстдзынæн. Фидармæ нæ бахæццæ уыдзынæн, куыддæр æрбарухс уа, афтæ хъæды кæрон æрхуысдзынæн æмæ та ’хсæвыгон ацæудзынæн». 

Æгас æхсæв фæцыди. А ныр ыл дыууæ тæтæйраг бæхджыны фембæлой, афтæ сын Жилин сæ хъæр дардæй фехъуыста æмæ бæласы фæстæ йæхи æрæмбæхста. 

Мæй фæлурс кæнын райдыдта, æртæх æрæвæрдта, боны цъæхмæ бирæ нал ис, фæлæ Жилин уæддæр хъæды кæронмæ нæма бахæццæ. «Цæй, — хъуыды кæны, — æртын къахдзæфы ма акæнон, стæй уæд фездæхдзынæн хъæдмæ æмæ уым сбаддзынæн». Рацыди æртын къахдзæфы, уыны — хъæд фæуд кæны. Рахызти хъæды кæронмæ, бынтон срухс и, армытъæпæнау йæ размæ айтынг тыгъд быдыр, уыны фидары дæр, галиуырдыгæй та тынг æввахс хохы рæбын судзынц æртытæ. Фæздæг сæ сæрмæ сбадт, æртыты фарсмæ — адæм. 

Фæкасти сæм бæстон, уыны: топпытæ æрттивынц, хъазахъхъ, салдæттæ сты. 

Бацин кодта Жилин, йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ хохы рæбынмæ фæцæуы. Йæхæдæг хъуыды кæны: «Хуыцау бахизæд ацы тыгъд быдыры бæхджын тæтæйрæгтыл фембæлынæй, кæд цыфæнды æввахс у, уæддæр нæ аирвæздзынæн». 

Уалынмæ фæкаст, галиуырдыгæй къуыбырыл лæууы æртæ тæтæйраджы, уыдон дæр æй ауыдтой æмæ йæм бæхтыл æрбатæхынц. Уæд Жилинæн йæ зæрдæ фæцæйскъуыди. Йæ къухтæ стылдта, æмæ ма йæ тых, йæ бонæй йæхиуæттæм ныхъхъæр кодта: 

— Æфсымæртæ, фервæзын мæ кæнут!.. Æфсымæртæ! 

Фехъуыстой йæ нæхиуæттæ. Хъазахъхъаг барджытæ уайынмæ фесты, тæхынц æм комкоммæ, — тæтæйрæгтæн сæ фæндаг лыггæнгæйæ. 

Хъазахъхъ дард сты, тæтæр та — æввахс. Жилин ма йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта, хъадаманыл йæ къухæй ныххæцыд æмæ згъоры хъазахъмæ, йæхæдæг йæхи дæр нал æмбары, йæхиуыл ма дзуæрттæ æфтауы æмæ хъæр кæны: 

— Æфсымæртæ! Æфсымæртæ! Æфсымæртæ! 

Хъазахъхъ уыдысты иу-фынддæсы бæрц. 

Тæтæр фæтарстысты, куыд æм фæцæйхæццæ кодтой, афтæ фæурæдтой. Жилин базгъордта хъазахъхъæгтæм. 

Йæ алыварс æрбатыгуыр сты хъазахъхъ, фæрсынц æй: «Чи у, цавæр лæг у, кæцæй у?» Фæлæ Жилин йæхи дæр нал æмбары, кæуы æмæ дзуры: 

— Æфсымæртæ! Æфсымæртæ! 

Æрбазгъордтой салдæттæ, æрбамбырд сты Жилины алыварс, — чи йын дзул дæтты, чи кас, чи арахъхъ, чи йæ йæ цинелæй æмбæрзы, чи та йын йæ хъадаман æфтауы. 

Афицертæ йæ базыдтой, фидармæ йæ аластой. Фæцин ыл кодтой салдæттæ, æрæмбырд сты Жилиныл йе ’мбæлттæ. 

Радзырдта Жилин, цы йыл æрцыди, уыдон иууылдæр æмæ загъта: 

— Гъе, афтæ нæхимæ ацыдтæн, ус ракуырдтон! Нæ, бæрæг у, мæ хъысмæт афтæ кæй нæу, уый. 

Æмæ Кавказы службæ кæнынмæ баззади. Костылины та æрмæст иу мæйы фæстæ балхæдтой фондз мин сомæй. Удæгасæй ма йæ тыххæй æрластой. 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»