Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 17.04.2011 | прочитано 2735 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ЦÆЙ ТЫХХÆЙ?

Польшæйы сыстады рæстæджы радзырд 

[Ратæлмацгæнджытæ — Тотраты Бесæ æмæ Саламты Къола] 

I

 

1830 азы уалдзæджы пан Ячевскиймæ, йæ фыдæлтæй йын цы зæхх баззад Рожанкæйы, уырдæм æм æрцыд йæ мард хæлары иунæг фырт æвзонг Иосиф Мигурский. Ячевский уыдис æхсайфондзаздзыд бæзæрхыг, фæтæнных, уæрæх риуджын зæронд лæг, агуыридурау сырх цæсгомыл даргъ урс рихитимæ, Польшæ дыккаг хатт дихтæгонд куы æрцыд, уæды заманы патриот. Уый лæппуйæ Мигурскийы фыдимæ службæ кодта Костюшкойы1 æфсады, æмæ йе ’ппæт патриотон зæрдæйы уагæй йе сæфт уыдта, апокалипсикон кæй хуыдта, уыцы хъапхай паддзахад Екатеринæ Дыккагæй æмæ уымæн йæ гадзрахатæй цæуæг цъаммар хæзгул Понятовскийæ. Уый Посполиты Речи-йы фæуæлахиз афтæ уырныдта, æхсæв æй, райсомæй та хур скæндзæн, зæгъгæ, куыд уырныдта, афтæ. Ячевский дыууадæсæм азы командæ кодта Наполеоны æфсады полкъæн, кæцыйы уарзта фыд бирæ. Наполеоны фесæфт ын уыдис стыр хъыг, фæлæ йæ уæддæр уырныдта, польшæйаг паддзахад та йæ къахыл кæй слæудзæн, кæд цыфæнды пырхгонд æрцыд, уæддæр. Уыцы ныфс та йын лæвæрдта, Александр I Варшавæйы цы сейм байгом кодта, уый, фæлæ Сыгъдæг Цæдис, æгас Европæйыл цы реакци анхъæвзт æмæ Константины гуымирыдзинæдтæ йын дæргъвæтин кодтой йæ тæккæ уарзондæр бæллицтæ сæххæсты хъуыддаг... Дыууын фæндзæм азæй фæстæмæ Ячевский алыгъди хъæумæ æмæ æппынæдзух дæр цардис уым — Рожанкæйы, йæ рæстæг арвыста хæдзары куыстытыл, цуаны цæуыныл æмæ газеттæ æмæ писмотæ кæсыныл, уыдоны руаджы лæмбынæг кастис, йæ райгуырæн бæстæйы цы политикон цаутæ цæуы, уыдонмæ. Уый дыккаг усæн æрхаста мæгуыр шляхтичы рæсугъд чызджы, фæлæ сæ цард амондджын нæ уыд. Йæ дыккаг усæн аргъ нæ кодта, нæ йæ уарзта, фæлмæцыд дзы, дзырдта йæм тызмæг æмæ схуыстæй, цыма дзы, дыккаг усракуырды кæй фæрæдыд, уый маст иста, уыйау. Дыккаг усæй йын цот нæ уыд. Фыццаг усæй та йын баззад дыууæ чызджы: хистæр Вандæ, диссаджы рæсугъд. Йæ рæсугъддзинад хорз чи æмбæрста æмæ хъæуы цæрынæн йæхи æвгъау чи хуыдта, ахæм, дыккаг та Альбинæ, фыды уарзондæр, къæсхуырдæртæ, фæлæ цæрдæг чызг; урсбын къæбæлдзыг дзыккутимæ, стæй фыды хуызæн уымæн дæр кæрæдзимæ дард æвæрд стыр æрвхуыз æрттивгæ цæстытæ. 

Альбинæйыл цыдис фынддæс азы, Иосиф Мигурский сæм куы ’рцыдис, уæд. Мигурский-иу раздæр дæр, студент ма куы уыд, уæд арæх æфтыд Ячевскийтæм Вильномæ, зымæг-иу кæм цардысты, уырдæм, æмæ уарзта Вандæйы. Ныр та сæм æрцыд хъæумæ сæрибар ас лæгæй. Мигурскийы æрцыд æгас Рожанкæйы цæрджытæн дæр æхсызгон уыдис. Зæрондæн Юзе Мигурскийы æрцыд æхсызгон уымæн уыд, æмæ йын йæ зæрдыл лæууын кодта лæппуйы фыды, йæ хæлары, сæ дыууæ дæр ма лæппутæ куы уыдысты, уыцы рæстæг, уæлдайдæр та-иу зæрдæбынæй, æмæ рæсугъд ныфсытимæ дзурын куы байдыдта революцион змæлды тыххæй канд Польшæйы нæ, фæлæ, æрæджы цы фæсарæнтæй æрбаздæхт, уым дæр. Пани Ячевскаяйæн та уыд æхсызгон, уымæн æмæ уазджыты раз зæронд Ячевский йæхиуыл хæцыд, иннæ хæттытау-иу æм нæ загъд кодта. Вандæйæн æхсызгон уыдис, уымæн æмæ йæ уырныдта, Мигурский йæм курæг кæй æрцыд. Уый цæттæ уыд разыйы дзуапп раттынмæ, фæлæ ма йæ фæндыд, йæхæдæг йæхицæн куыд дзырдта, афтæ йæ амæстæй марын, цæмæй йын фылдæр аргъ кæна. Альбинæйæн æхсызгон уый уыдис, æмæ ce ’ппæты зæрдæмæ дæр кæй цыд. Æрмæст Вандæмæ афтæ нæ каст. Мигурский йæм курынмæ кæй æрцыд, уый, афтæ æнхъæлдтой иууылдæр зæронд Ячевскийæ суанг сывæллонгæс Лудвикайы онг, кæд æй дзургæ ничи кодта, уæддæр. 

Æмæ уый раст уыди. Мигурский æцæгдæр æрцыдис ахæм фæндонимæ, фæлæ къуырийы фæстæ мæстджынæй æмæ къæмдзæстыгæй аздæхт фæстæмæ æнæ бафидаугæ. Иууылдæр дис кодтой уый æвиппайды аздæхтыл, фæлæ хъуыддаг Альбинæйы йеддæмæ ничи æмбæрста. Альбинæ зыдта, уыцы æвиппайды ацыды аххосджын йæхæдæг кæй у, уый. 

Уый æмбæрста, цалынмæ Мигурский Рожанкæйы цардис, уæдмæ æрмæстдæр йемæ хъæлдзæг æмæ разы кæй уыдис, уый. Уый йæм кастис сывæллонмæ кæсæгау, хъазыд йемæ, мæстæй йæ мардта, фæлæ уый йæ сылгоймаджы æнкъарæнтæй æмбæрста, сывæллоны цæстæй йæм кæй нæ кæсы, фæлæ йæм кæй дары, нæлгоймаг сылгоймагмæ цы зæрдæйы уаг фæдары, ахæм. Уый та бафиппайдта йæ уарзон цæстæнгас æмæ фæлмæн бахудтæй, уатмæ бацæугæйæ, кæнæ ацæугæйæ-иу ыл куы сæмбæлд, уæд. Чызг бынтон бæлвырд нæма æмбæрста лæппуйы зæрдæйы уаг, фæлæ йæ уæддæр йæ цæстæнгас хъæлдзæг кодта, æмæ чызг дæр æнæбары кодта, лæппуйы зæрдæмæ-иу цы фæцыдаид, уый. Лæппуйы зæрдæмæ та, чызг цыдæриддæр кодта, уыдон цыдысты. Æмæ архайдта, цæмæй йæ митæ зæрдæмæдзæугæ уой, ууыл. Уымæ хорз кастис, чызг-иу цуанон куыдзы разæй куыд згъордта, æмæ йын-иу куыдз дæр йæ рæсугъд сырх райгæ цæсгом куыд астæрдта; хорз æм кастис, чызг-иу ницæй тыххæй дæр худæгæй куы бакъæцæл; йæ зæрдæмæ цыдис, йæ хъæлдзæг худгæ цæстытимæ-иу æмбаргæ хуыз куы скодта, сауджыны æнкъард дины ныхæстæм хъусгæйæ; йæ зæрдæмæ цыдис, тынг бæлвырд æмæ-иу худæджы хуызы æвдисын куы райдыдта, куы зæронд сывæллонгæсы, кæнæ расыггæнаг сыхаджы, кæнæ та Мигурскийæн йæхи, фæзмын та-иу æвиппайды райдыдта. Тынгдæр та йæ зæрдæмæ цыд йæ тыхджын цардæфсæстдзинад. Раст цыма ныртæккæ базыдта цардæн йе ’ппæт рæсугъддзинæдтæ æмæ цыма тагъд кодта уымæй спайда кæныныл, афтæ. Уыцы цардæфсæстдзинад та тыхджындæр æмæ цырендæр кодта, лæппуйы зæрдæмæ тынг кæй цæуы, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ, æрмæстдæр иунæг Альбинæ зыдта, Мигурский Вандæйы курынмæ кæй æрцыд æмæ æнæ хъуыддаг бакæнгæйæ фæстæмæ цæмæн аздæхт, уый, кæд уый тыххæй никæмæн ницы дзырдта, уæддæр, уымæн æмæ йæ йæхæдæг дæр бæлвырдæй нæ зыдта, фæлæ йæ зæрдæйæ æмбæрста, йæ хойы бауарзынмæ йын кæй хъавыд, фæлæ уарзгæ та Альбинæйæн йæхи кæй бакодта, уый. Альбинæ стыр дис кодта уыцы хъуыддагыл, кæд зондджын, ахуыргонд рæсугъд Вандæйы раз йæхи ницæуыл нымадта, уæддæр. Æмбæрста йæ æмæ йыл цин дæр кодта, уымæн æмæ йæхæдæг тынг бирæ бауарзта Мигурскийы, фыццаг хатт æмæ царды мидæг æрмæстдæр иунæг хатт куыд бауарзынц, афтæ. 

 

II
 

Сæрды фæстаг бонты газетты фыстой Парижы революцийы хабæрттæ. Уый хæд фæстæ та хъусын байдыдтой, Варшавæйы змæстытæ райдайынмæ кæй хъавынц, уый. Ячевский тарстæй æмæ ныфсимæ æнхъæлмæ каст, алы постæй дæр кæй райсдзæн Константины амарды æмæ революцийы райдыды хабæрттæ. Фæстагмæ, ноябры, Рожанкæмæ æрбайхъуысти бельведермæ2 ныббырсты æмæ Константин Павловичы алыгъды хабар, уый фæстæ та сейм фехъусын кодта, Романовты династи Польшæйы æппæрст кæй æрцыд æмæ дзы диктаторæй кæй сæвæрдтой Хлопицкийы, æмæ та Польшæйы адæм ногæй кæй ссæрибар сты, уый. 

Сыстады уылæн Рожанкæмæ нæма æрбахæццæ, фæлæ йæм æппæт цæрджытæ дæр æнхъæлмæ кастысты, æмæ йæм сæхи цæттæ кодтой. Зæронд Ячевский бастдзинад дардта йæ зæронд хæлæрттæй иуимæ, уый уыдис сыстады сæргълæуджытæй иу, цыдысты йæм сусæгæй дзуттаг-фактортæ3 хæдзарадон нæ, фæлæ революцион хъуыддæгты фæдыл, æмæ йæхи цæттæ кодта сыстады архайджыты фарсмæ æрлæууынмæ, рæстæг куы фæуа, уæд. Пани Ячевская фыццаджы хуызæн нæ, фæлæ ноджы æнувыддæрæй архайдта йæ лæджы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл æмæ уымæй фыццагау тынгæй-тынгдæр мæстджын кодта йæ лæджы. Вандæ йæ бриллианттæ æрвыста Варшавæмæ йæ хæлармæ, цæмæй сæ цы æхца райса, уыдон радта революцион комитетмæ. Альбинæйы зæрдæ та æхсайдта, æрмæстдæр Мигурский цы ми кæны, уымæ. Йæ фыдæй базыдта, уый Дверницкийы отряды кæй бацыдис æмæ архайдта, уыцы отряды хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уый зоныныл. Мигурский ныффыста дыууæ хатты. Иу хатт фехъусын кодта, æфсадмæ кæй бацыд, дыккаг хатт та, февралы фæстаг бонты, фыста хъæлдзæг писмо, поляктæ Сточекы куыд фæуæлахиз сты, уый тыххæй, уым байстой æхсæз уырыссаг сармадзаны æмæ уацайрæгтæ. 

«Zwycięstwo Polakòw i klęska Moskali! Wiwat!»4 — уыдысты йæ писмоты фæстаг ныхæстæ. Альбинæйы цинæн кæрон нæ уыд. Уый касти картæмæ æмæ нымадта, москальтæ кæм æмæ кæд дæрæнгонд æрцæудзысты, уый. Зыр-зыр æмæ-иу фыр мæстæй афæлурс, йæ фыд цы ног пакеттæ райста, уыдон-иу сындæггай куы хæлдта, уæд. Иухатт æй фыдыус, уатмæ бацæугæйæ, баййæфта кæсæны раз хæлаф æмæ конфедераткæйы5. Альбинæ нæлгоймаджы дарæсы сфæнд кодта йæ хæдзарæй алидзын, цæмæй Польшæйы æфсадмæ бацæуа. Уый тыххæй ус бамбарын кодта фыдæн. Фыд фæсидтис чызгмæ æмæ, йæ зæрдæйы циндзинад æмбæхсгæйæ, æфхæрдта чызджы, цæмæй йæ сæрæй аппара уыцы æдылы хъуыдытæ, хæстмæ цæуыны фæндтæ: «Сылгоймæгтæн ис æндæр хъуыддæгтæ, йæ бæстæйы сæраппонд йæхи нывонд чи хæссы, уыдоны уарзын æмæ сын æххуыс кæнын», — дзырдта уый. Ныртæккæ уый хъæуы фыды, йæ ныфс, йæ зæрдæйы рухс у, рæстæг куы æрцæуа, уæд та афтæ зынаргъ уыдзæн йæ мойæн дæр. Уый зыдта, йæ зæрдæ йын цæмæй балхæнын хъæуы, уый. Æмбарын ын кодта, иунæг æмæ æнамонд кæй у, æмæ йын аба кодта. Чызг ын, йæ цæссыг æмбæхсгæйæ, йæ цæсгом сæвæрдта йæ риуыл, фæлæ йын уæддæр йæ цæссыгæй схуылыдз кодта йæ халаты дыс, æмæ дзырд радта, фыды æвастæй кæй ницы бакæндзæн, ууыл. 

 

III
 

Польшæ дихтæгонд куы æрцыд, æмæ, йæ иу хай æнæуынон немыцы къухмæ куы бахауд, иннæ хай та ноджы æнæуынондæр москальты къухмæ, уæд бирæ хъизæмардзинæдтæ баййæфта. Ахæм хъизæмардзинæдтæ чи баййæфта, æрмæст уый бамбардзæн, поляктæ 30-æм æмæ 31-æм азты куыд цин кодтой, уый, раздæр суæгъд уæвыны архæйдтытæй сын кæй ницы рауад, æмæ та ногæй суæгъд уыдзысты, уый сæ куы бауырныдта, уæд. Фæлæ сæ циндзинад бирæ нæ ахаста. Тыхтæ иухуызон нæ уыдысты, æмæ та ногæй революци састы бынаты баззади. Ногæй та уырыссаг адæмы дæсгай минтæй, коммæгæс салдæтты, батардтой Польшæмæ, æмæ-иу уым куы Дибичы, куы Паскевичы æмæ хистæр уынаффæгæнæг Николай I разамындæй, æнæвгъауæй калдтой сæхи æмæ ce ’фсымæр полякты туг, афтæ цæмæн кæнынц, уый сæхæдæг дæр не ’мбаргæйæ, басастой сæ æмæ та сæ ногæй радтой æдых æмæ ницæйаг адæймæгты хицауады къухтæм, уыдонæн та уæлдай нæ уыд, поляктæ, сæрибар уой æви састы бынаты, æрмæстдæр сæ хъуыди, цæмæй сæ зындзинад æмæ сæ сæртæг цытмæ бæллындзинад баххæст кæной. 

Варшавæ райстой, хицæн къордтæ пырхгонд æрцыдысты, сæдæгай, мингай адæмты мардтой, надтой лæдзджытæй æмæ сæ хастой сæ райгуырæн бæстæйæ. Хаст æрцыди æрыгон Мигурский дæр. Йæ мулк ист æрцыд, йæхи та йын арвыстой Уральскмæ хуымæтæг батальонмæ салдатæй. 

Ячевскийтæ 1832 азы зымæджы цардысты Вильнойы, зæронды æнæниздзинады тыххæй, уый 31 азæй фæстæмæ сæйын байдыдта йæ зæрдæйæ. Ацы ран фидарæй райстой Мигурскийæ писмо. Уый фыста, зæгъгæ, кæд цыфæнды зынтæ бавзæрста æмæ ма йæм æнхъæлмæ кæсы ноджы фыддæр хъизæмардзинæдтæ, уæддæр сæрыстыр y уымæй, йæ райгуырæн бæстæйы тыххæй фыдæбæттæ кæй бавзæрста, æмæ фæсмон кæй нæ кæны, уыцы стыр хъуыддагæн йæ царды æмбис кæй радта, ууыл, стæй цæттæ кæй y кæронмæ раттыныл, æмæ ма йын райсом ног фадат куы фæуид, уæддæр раст афтæ кæй бакæнид. Писмо хъæрæй кæсгæйæ, ацы бынаты зæронд хъæрæй ныккуыдта æмæ бирæ рæстæг йæ бон нал уыд дарддæр кæсын. Писмойы иннæ хайы, Вандæ йæ хъæрæй каст, Мигурский фыста, зæгъгæ, кæд цыфæнды уыдысты йæ фæндтæ æмæ бæллицтæ йæ фæстаг æрцыды рæстæг æмæ кæд йæ царды рæсугъдæй баззайдзæн, уæддæр ныртæккæ йæ бон нæу æмæ йæ нæ фæнды уыдоны тыххæй дзурын. 

Вандæ æмæ Альбинæйæ алчидæр йæхирдыгонау бамбæрста уыцы ныхæсты ахадындзинад, фæлæ йæ куыд бамбæрстой, уый никæмæн раргом кодтой. Писмойы кæрон Мигурский саламтæ æрвыста ce ’ппæтæн дæр, ахæм хъæлдзæг хуызы, мæнæ-иу йе ’рцыды рæстæг Альбинæимæ куыд хъазыд, афтæ. Фарста йæ йæ писмойы, афтæ цæрдæг ма згъоры куыдзимæ хъазгæйæ, æмæ ма афтæ хорз фæзмы ce ’ппæты дæр. Фыста, йæ цæст кæй уарзы, æнæниздзинад зæрондæн, æфсины хæдзары хъуыддæгтæ цæмæй хорз цæуой, Вандæ цæмæй аккаг мой скæна, Альбинæйæн та, цæмæй дарддæр дæр афтæ цардхъæлдзæг уа. 

 

IV
 

Зæронд Ячевскийæн йе ’нæниздзинад кодта бонæй-бон æвзæрдæр, æмæ 1833 азы йæ бинонтимæ ацыдис фæсарæнтæм. Вандæ Бадены фембæлдис хъæздыг польшæйаг эмигрантыл, æмæ йæм моймæ ацыд. Зæронды æнæниздзинад ноджы фæфыддæр, æмæ 1833 азы райдианы амард фæсарæны Альбинæйы къухты. Йæ усы йæхимæ зилын нæ уагъта рынчынæй дæр æмæ йæ царды фæстаг бонтæм йæхицæн нæ хатыр кодта, кæй йæ ракуырдта, уый тыххæй. Пани Ячевская æрбаздæхт Альбинæимæ хъæумæ. Альбинæйæн йæ царды сæйрагдæр циндзинад уыди Мигурский. Уый йæ цæсты уыдис стыр хъæбатыр æмæ удхаргæнæг, йæ цард æппæтæй дæр кæй тыххæй раттаид, ахæм. Фæсарæнтæм ацæуыны агъоммæ йæм райдыдта фыссын, раздæр йæ фыды фæдзæхстмæ гæсгæ, уый фæстæ та йæхи номæй. Фыста йæм йæ фыды амарды фæстæ, Уæрæсемæ куы ’рбаздæхт, уæдæй фæстæмæ дæр. Стæй йыл æстдæс азы куы сæххæст, уæд йæ фыдыусæн бамбарын кодта, Уральскмæ Мигурскиймæ кæй цæуы æмæ йæм уым мой кæй скæндзæн, уый. Фыдыус уайдзæфтæ кодта Мигурскийæн уый тыххæй, ома йæхи уæззау уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй кæй сæрра кодта бонджын чызджы, цæмæй йын йе ’намонд цард бадих кæна. Альбинæ тынг смæсты æмæ бауайдзæф кодта фыдыусæн, ома æрмæстдæр иунæг дæуæн y дæ бон ахæм æвирхъау ныхæстæ æрымысын уыцы лæгыл, кæцы йæ адæмы сæрвæлтау нæ ауæрста йæхиуыл. Уый нæ, фæлæ ма Мигурский не сразы, чызг ын цы æххуысдзинад ракæнынмæ хъавыд, ууыл, æмæ йæм ныр Альбинæ фидарæй сфæнд кодта ацæуын æмæ йæм мой скæнын, кæд æй бафæнда, уæд. Альбинæ уыдис хъомыл чызг, æхца дæр æм уыдис æртын мин злотыйы, уыдон ын йæ хоимæ ныууагъта йæ фыдыфсымæр, куы мардис, уæд. Уымæ гæсгæ йæ ацæуын ницы къуылымпы кодта. 

1833-æм азы ноябры Альбинæ хæрзбон загъта йæхионтæн, æмæ йæ уыдон дæр мæрдтæм цæуæгау, сæ цæссыг калгæ, афæндараст кодтой дард æцæгæлон гуымиры Московайы бæстæм. Сбадтис, æдзух ыл æнувыд чи уыди, уыцы зæронд сывæллонгæс Лудвикæимæ йæ фыды ног арæзт, дард балцы цæуæн уæрдоны æмæ араст дард балцы. 

 

V
 

Мигурский къазармæйы нæ цард, иннæ æрвыст адæмы хуызæн, фæлæ хицæнæй, йæхи фатеры. Николай Павлович домдта, йæ цинтæ кæмæн байстой, уыцы поляктæ хъуамæ уæззау салдаты царды æдде ма æвзарой уыцы æппæт æгаддзинæдтæ, кæцыйæ хайджын уыдысты, уæды рæстæджы, хуымæтæджы салдæттæ. 

Фæлæ йын йæ дзырд чи æххæст кодта, уыцы хуымæтæг адæмæн сæ фылдæр æмбæрстой, йæ цин кæмæн систой, уыдоны уæззау уавæртæ, æмæ кæд бардзырд нæ баххæст кæнын уыдис стыр тæссаг, уæддæр-иу æй не ’ххæст кодтой, гæнæн сын кæм уыди, уым. Мигурский цы батальонмæ æрцыд, уый командир, салдатæй чи сырæзт, ахæм афицер бирæ бауарзта æмæ тæригъæд кодта кæддæры хъæздыг æмæ ахуыргонд, фæлæ, æппындæр кæмæн ницыуал баззад, уыцы æвзонг лæппуйæн. Архайдта, йæ бон цас уыдис, уымæй, уымæн йæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Æмæ Мигурский дæр æнæ аргъ скæнгæ нæ фæци хæларзæрдæ тыппырдзæсгом, урс бакенбардджын дæлбулкъонæн, цæмæй йын йæ хорздзинад бафида, уый тыххæй. Сразы уымæн йæ фыртты корпусмæ бацæттæ кæныныл, ахуыр сæ кодта математикæ æмæ францусаг æвзагыл. 

Мигурскийы цард Уральскы авд мæйы дæргъы канд иухуызон, æнкъард æмæ æнтъыснæг нæ, фæлæ ма тынг уæззау цардæй. Зонгæтæ йын, батальоны командирæй дарддæр, уымæй йæхи дард ласыныл архайдта, уымæн уыдис æрмæстдæр иунæг хаст поляк, чысыл ахуыргонд æмæ хæйрæггомау, æнæзæрдæмæдзæугæ, кæсæгтæй базаргæнæг. Мигурскийæн йæ царды сæйрагдæр зындзинад уыдис уый, æмæ уымæн йæ бон нæ уыдис хъуагдзинæдтыл сфæлтæрын. Йæ исбон айсты фæстæ йæм ницыуал баззад æмæ ирвæзтис, цы сыгъзæрин дзаумæттæ ма йæм баззад, уыдон уæй кæнгæйæ. 

Йæ царды ма йын тæккæ æхсызгондæр цы баззад хæсты фæстæ, уый уыди, Альбинæимæ кæрæдзимæ писмотæ кæй фыстой, уый. Йæ зæрдæйы цы хорз сагъæстæ сæвзæрдысты Рожанкæйы уæвгæйæ, уыдон ныр хæсты рæстæг кодтой рæсугъдæй-рæсугъддæр. Йæ фыццаг писмотæй ма иуы Альбинæ фæрсгæ дæр кодта: «Кæд цавæрфæнды уыдысты мæ фæндæгтæ æмæ бæллицтæ» — зæгъгæ, уыцы ныхæстæ цы амыдтой. Уый йæм фыста, зæгъгæ, дын ныр сæттын, уыцы ныхæстæ кæй уыдысты, цæмæй мæ къай бауай. Чызг ын дзуапп радта, кæй йæ уарзы. Лæппу йæм фыста, зæгъгæ, фæлтау куы нæ ныффыстаис, уый тыххæй, уымæн æмæ йын тынг зын y ууыл хъуыды кæнын, цы ’рцыдаид æмæ цы нал æрцæудзæн, ууыл. Чызг ын дзуапп радта, зæгъгæ, уымæн гæнæн нæ, фæлæ йын æнæрцæугæ нæй. Лæппу та йæм фыста, зæгъгæ, ахæм зындзинады чызджы ницæй тыххæй бафтаудзæн. Йæ писмойы фæстæ уайтагъддæр райста пъавесткæ дыууæ мин злотыйæн. Писмойы къонверт æмæ къухфыстмæ гæсгæ базыдта, æхца Альбинæйæ кæй сты æмæ ныр йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ иу писмойы ахудыны тыххæй цы ныхæстæ ныффыста, уыдон, ома уроктæ дæттынæй разы кæй у, æмæ сæ руаджы æхца кæй кусы, цайæн, тамакойæн æмæ ма суанг чингуыты фаг дæр. Мигурский æхцатæ сæвæрдта æндæр къонверты æмæ сæ арвыста фæстæмæ писмоимæ, кæцыйы куырдта чызгæй, цæмæй сæ хæлардзинад æхцайы фæдыл ма хæла, хъуаг ницæмæй у. Ноджы ма фыста, йæхи стыр амондджын кæй хоны, ахæм хæлар ын кæй ис, уымæй. Уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзийæ писмотæ нал истой. 

Ноябры мæй Мигурский бадтис дæлбулкъонмæ æмæ уроктæ лæвæрдта лæппутæн. Уалынмæ æрбайхъуыст, æввахсæй-æввахсдæр чи кодта, уыцы постласæг дзоныгъы дзæнгæрæджы хъæр æмæ митыл хъысхъысгæнгæ дуармæ æрурæдта. Сывæллæттæ ратахтысты, чи ’рбацыд, уый базонынмæ. Мигурский баззадис уаты, дуармæ кæсгæ, æмæ æнхъæлмæ кастис сывæллæтты æрбаздæхтмæ, фæлæ дуарыл фæзынд дæлбулкъоны ус. 

— Дæумæ, пан, цавæрдæр æхсинтæ æрбацыдысты æмæ дæ фæрсынц, æвæццæгæн, уæхирдыгæттæ. Сæ хуызмæ гæсгæ полячкæтæ сты. 

Мигурскийы уыцы сахат куы бафарстаиккой, Альбинæйы æрбацыд дæ бауырнид, зæгъгæ, уæд загътаид, уымæн уæвæн нæй, фæлæ йæм зæрдæйæ та æнхъæлмæ каст. Йæ зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста æмæ тыхулæфтгæнгæ ратахтис тыргътæм. Уым йæ кæлмæрзæн хæлдта ставд хæбуздзыхъхъытæ сылгоймаг. Иннæ сылгоймаг та бацæйхызт дæлбулкьоны фатеры дуарыл. Йæ фæстæ къæхты хъæр айхъусгæйæ, фæкаст фæстæмæ. Цæсгомы хызы бынæй æрттывтой хъæлдзæг, кæрæдзимæ дард æвæрд, æрттивгæ Альбинæйы цæстытæ, йæ цæстыхаутыл халас æрбадгæйæ. 

Мигурский сагъдæй аззад. Нал арæхст, цы кæна, уымæ, куыд ын «æгас цу» зæгъа, уымæ. «Юзе!» — схъæр кодта Альбинæ, йæ фыд-иу æй куыд хуыдта, уыцы номæй, стæй-иу æй йæхæдæг дæр йæхинымæр куыд хуыдта, афтæ. Ныттыхстис ын йе ’фцæджы, йæ цæсгоммæ йын нылхъывта йæ уазал рус æмæ раздæр ныххудти, стæй уæд ныккуыдта. 

Зæрдæхæлар дæлбулкъоны ус куы базыдта, Альбинæ чи y æмæ цæмæн æрбацыд, уый, уæд æй суазæг кодта æмæ йæ æрцæрын кодта йæхимæ сæ чындзæхсæвы бонмæ. 

 

VI
 

Хæларзæрдæ дæлбулкъон бар ракуырдта уæлдæр хицауадæй. Оренбургæй æрхуыдтой сауджыны æмæ саргъуыдтой Мигурскийтыл. Батальоны командиры ус сын уыдис фидыды мад, хаст поляк Бржозовский та — къухылхæцæг, ахуыргæнинæгтæй иу хаста дзуары ныв. 

Альбинæ, кæд цыфæнды бирæ уарзта йæ лæджы, уæддæр зæгъæн ис, кæй нæма йæ зыдта, бæлвырддæр йемæ зонгæ кæнын райдыдта нырма ныр. Уымæ гæсгæ, ныртæккæ йæ разы цы цардæгас адæймаджы уыдта, уым раиртæста бирæ æрвылбонон æмæ æнæ поэтикондзинад, кæцытæ дард уыдысты, йæ сæнтты цы сурæт хаста æмæ сныв кодта, уымæ, фæлæ уыйхыгъд ацы адæймаджы туг æмæ стæджы ссардта бирæ хуымæтæг, хорз æмæ зæрдæмæдзæугæ миниуджытæ, кæцытæ нæ уыдысты, йæ зæрдæйы кæй хаста, уыцы иппæрд сурæты. 

Йæ зонгæтæ æмæ-иу йæ хæлæрттæй арæх хъуыста уымæн йæ хæстон хъæбатырдзинады кой. Зыдта йын, йæ исбон æмæ йæ сæрибардзинад куы фесæфта, уæд æм цы лæгдзинад разынд, уый дæр, æмæ йæ кæддæриддæр нымадта тæккæ æхсарджындæрыл, кæцыйæн никуы састис йæ ныфс, æмæ цардис бæрзонд героикон цардæй. 

Афтæмæй та уый йе ’нæкæрон стыр хъару æмæ хъæбатырдзинадимæ разындис фæлмæнзæрдæ, хуымæтæг адæймаг, сабыр, æдзухдæр — хъæлдзæг. Йæ бурбын рихитæ æмæ зачъеты астæуæй сывæллонау фæлмæн худт кодта йе ’нкъараг дзых, кæцы уæлдай тынгдæр фæцыдис йæ зæрдæмæ Рожанкæйы, стæй йæ фæздæг калгæ лулæ, Альбинæ дзы уæлдай тынгдæр тыхстис йæ сывæрджыны бонты. 

Мигурский дæр нырма ныр æмбарын байдыдта Альбинæйы, куыд сылгоймаджы. Йæ усракуырды размæ цы сылгоймæгтимæ зонгæ уыдис, уыдонмæ гæсгæ уый нæма æмбæрста сылгоймаджы. Æмæ ныр, Альбинæйы куы базыдта, куыд сылгоймаджы, афтæ, уæд æй уый стыр дисы бафтыдта æмæ йын хъуамæ иннæ сылгоймæгтæ сæнад уыдаиккой, Альбинæмæ уæлдай фæлмæндæр æмæ хъарм зæрдæйы уаг куы нæ дардтаид, уæд. Альбинæмæ, куыд сылгоймагмæ, дардта рæвдаугæ цæстæнгас, Альбинæйæн йæхимæ та канд фæлмæн уарзондзинад нæ дардта, фæлæ йын кодта стыр аргъ, йæхи йын кæй снывонд кодта, æмæ йын æнæрцæугæ стыр амонд кæй радта, уый тыххæй. 

Мигурскийтæ амондджын уыдысты уымæй, æмæ кæрæдзимæ тыхджын уарзондзинад даргæйæ сæхи æцæгæлон адæмы æхсæн кæй нымадтой, зымæгон баргъæфсгæйæ чи адзæгъæл вæййы æмæ кæрæдзийы чи фæхъарм кæны, ахæм дыууæ æмбалы хуызæн. Мигурскийтæн сæ хъæлдзæг цард аразыны хъуыддаджы стыр æххуыс уыди, бирæ сæ чи уарзта, цагъайрагау сыл иузæрдион чи уыди, уыцы зæрдæхæлар, хъуырхъуыргæнаг, — хъæлдзæг æмæ нæлгоймæгты бирæ уарзаг сывæллонгæс Лудвикæ. Мигурскийтæ амондджын уыдысты цотæй дæр. Афæдзмæ сын райгуырдис лæппу, афæдз æмæ æрдæгмæ та — чызг. Лæппу уыдис йæ мады халдих, йæ цæстытæй йæ цæрдæгдзинад æмæ йæ аив арæзтæй. Чызг уыдис рæсугъд, æнæниз, сырды лæппынау. Мигурскийтæ æнамонд та уыдысты, сæ райгуырæн бæстæйæ дард кæй уыдысты, уымæй, сæйрагдæр та, уæззау æнахуыр æмæ æгады бынаты кæй уыдысты, уымæй. Ахæм уавæрæй уæлдай тынгдæр тыхсти Альбинæ. Йæ лæг, Юзе — хъæбатыр, хæрзæххæст адæймаг, афтæмæй йæ лæггад кæнын хъуыдис алы афицерæн дæр, гæрзтимæ фæлтæрын, хъалагъуры цæуын æмæ æнæуæлдай ныхасæй коммæ кæсын. 

Уый æдде ма Польшæйæ дæр истой тынг æнкъард хабæрттæ. Æппæт хæстæджытæ æмæ хæлæрттæй, кæй хæсгæ акодтой, кæнæ сæм æппындæр ницыуал уыди, æмæ афтæмæй фæсарæнтæм алыгъдысты. Зæрдæ дарæн ницæуыл уыдис, цæмæй Мигурскийтæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр уыдаиккой, ууыл. Цы бирæ курдиæттæ балæвæрдта, ссæрибар уæвыны кæнæ афицеры цин райсыны, кæнæ та йæ уавæртæ цæмæй фæхуыздæр уой, уый тыххæй, уыдон бынатмæ нæ хæццæ кодтой. Николай Павлович арæзта æфсадмæ æркæстытæ, парадтæ, хæстон ахуыртæ, цыдис маскарадтæм, хъазыдис маскæтимæ, æнæхъуаджы ратæх-батæх кодта Уæрæсейы къуымты, Чугуевæй Новороссийскмæ, Бетъырбухмæ, Мæскуымæ, адæмы тæрсын æмæ бæхтæ фæллайын кæнгæйæ, æмæ-иу, искуы иу хъæбатыр курын куы байдыдта хъизæмаргæнæг хаст декабристты кæнæ полякты уæззау уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй, йæхæдæг æппæлгæ кæмæй кодта, райгуырæн бæстæмæ сæм ахæм уарзондзинад кæй уыдис, уый тыххæй, уæд-иу йæ риу размæ ракæнгæйæ, æмæ-иу йæ здыхуыз цæстытæ исчердæм ныдздзагъыргæнгæйæ дзырдта: «Уадз, службæ кæной. Раджы у». Цыма йæ зыдта, раджы кæд нæ уыдзæн, кæнæ æгъгъæд кæд уыдзæн, уый. Хæстæг æм чи лæууыд: инæлæрттæ, камергертæ æмæ сæ устытæ, æмæ уымæй йæхи чи дардта, уыдон цины дистæ кодтой, уыцы дардмæуынаг зондджын æмæ номдзыд лæджы раз. 

Фæлæ уæддæр Мигурскийы бинонты царды амонд фылдæр уыдис æнамонддзинадæй. 

Афтæмæй фæцардысты фондз азы. Фæлæ сыл æнæнхъæлæджы сæмбæлд æнамонд хабар. Раздæр фæрынчын чызг, дыууæ боны фæстæ та фæрынчын лæппу: артау сыгъдис æртæ боны æмæ æнæ дохтыры æххуысæй (дохтырæн ам ссарæн нæ уыд) цыппар боны фæстæ амард. Дыууæ боны фæстæ та чызг амард. 

Ахæм бæллæхы фæстæ Альбинæ йæхи Уралы доны нæ баппæрста æрмæстдæр уымæн, æмæ ахъуыды кодта, йæ лæг йæ фæстæ куыд хъизæмары цард кæндзæн, ууыл. Фæлæ йын цæрын уыдис зын. Ныронг куыстæй фæллад нæ зонгæйæ, ныр йе ’ппæт фыдæбæттæ дæр бакодта Лудвикæйы æвджид, йæхæдæг та-иу æнæхъæн сахæттæ бадтис æнцад, æнæдзургæ, джихæй иу кастис истæмæ кæнæ та-иу ацыд йæ уатмæ æмæ-иу æй уым нæдæр йæ лæг, нæдæр Лудвикæ куыд сабыр кодтой, уымæ нæ хъусгæйæ, сындæггай куыдта æмæ сæ куырдта, цæмæй йæ иунæгæй ныууадзой. 

Сæрды-иу ацыдис йæ сывæллæтты ингæнмæ æмæ иу зæрдæхæлдтæ кодта, цы уыдис æмæ цы ’рцыдаид, зæгъгæ-иу ууыл куы ахъуыды кодта, уæд. Уæлдай зындæр та йын уыдис, йæ зæрдыл-иу куы ’рбалæууыд, сывæллæттæ горæты куы цардаиккой, уæд кæй баззадаиккой æгасæй, уымæн æмæ сæм уым фæкастаиккой дохтыртæ. «Цæй тыххæй? Цæй тыххæй? — хъуыды кодта Альбинæ. — Юзек дæр, æз дæр, — никæмæй ницы агурæм — æрмæстдæр нæ фæнды, цæмæй мæ лæг, куыдæй райгуырдис, афтæмæй цæра, йæ фыд æмæ йæ фыды фыдæлтæ куыд цардысты, афтæ цæра. Æз та — цæмæй йемæ уон, уарзон æй, уарзон мæ сабиты æмæ сæ хъомыл кæнон». 

«Фæлæ йæ ахастой æмæ йæ хъизæмарæй марынц, мæнæн та айсынмæ хъавынц, мæ царды мын тæккæ зынаргъдæрæн чи баззад, уый. Цæмæн? Цæй тыххæй?» — ахæм фарст лæвæрдта Альбинæ йæхицæн æмæ Хуыцауæн, фæлæ дзуапп æрхъуыды кæнын йæ бон нæ уыд. Æнæ уыцы дзуапп та дарддæр цæрæн нал уыд. Банцади йæ цард Альбинæйæн. Ныронг-иу йæ сылгоймаджы æнкъарындзинадæй зыдта барæсугъд кæнын йæ мæгуыр цард æцæгæлон бæстæйы, фæлæ ныр уыцы цард сæнад æрмæст Альбинæйæн нæ, фæлæ ма Мигурскийæн дæр, йæ зæрдæ рыстис йæ усыл, фæлæ нæ зыдта, йæ хъыджы йын цæмæй баххуыс кæна, уый. 

 

VII
 

Мигурскийтæ ахæм зын фадаты куы уыдысты, уæд Уральскмæ æрбацыд поляк Росоловский. Уый уыдис, уæды рæстæг Сыбырмæ хаст сауджын Сироцинскийы разамындæй поляктæ цы егъау змæст æмæ алыгъды пълан сарæзтой, уый архайджытæй иу. 

Росоловский дæр, Мигурский æмæ бирæ мингай уый хуызæн поляктау, хаст æрцыд Сыбырмæ, сæрибар поляктæй уæвын сæ кæй фæндыд, уый тыххæй. Ахæм фæндоны тыххæй та Росоловский ехсæй над æрцыд, стæй йæ бакодтой, Мигурский цы батальоны уыд, уырдæм салдатæй. 

Росоловский кæддæр уыдис математикæйы ахуыргæнæг, асæй даргъ, гуыбыргомау æмæ къæсхуыртæ адæймаг, мидæмæ хауд рустæ æмæ хъуынтъыз ныхимæ. 

Росоловский Мигурскийтæм цы бон æрбацыд, уыцы изæр цай цымгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджыдæр йæ бæзджын, сабыр хъæлæсæй райдыдта дзурын, карз æфхæрд цæй тыххæй бавзæрста, ууыл. Хабар афтæ уыдис, æмæ Сироцинский æгас Сыбыры сарæзта сусæг къорд, уыцы къорд архайдта, хъазахъхъаг æмæ линейный полчъыты цы поляктæ уыдис, уыдоны руаджы салдæтты, каторжникты æмæ æрцæуæг адæмты сыстын кæнын, афтæмæй Омскы артиллери байсгæйæ ce ’ппæты дæр ссæрибар кæнын. 

— Æмæ уымæн бакæнæн уыдис?— бафарста Мигурский. 

— Уыдис, алцыдæр уыд цæттæ, — загъта Росоловский, йæхи фæтар кæнгæйæ æмæ æнцад, сабыргай радзырдта, адæмы суæгъд кæныны пълан, æмæ йæ сæххæст кæнынæн цы хъæуы, стæй фæсыкк уæвгæйæ змæст аразджыты куыд фервæзын кодтаиккой, уый тыххæй. Хъуыддаг рамбылдтаиккам, дыууæ æнаккаг гадзрахатæй цæуæджы куы нæ уыдаиккой, уæд. Сироцинский, Росоловскийы ныхæстæм гæсгæ, уыдис стыр зонды хицау æмæ ныфсхаст. Мæлгæ дæр акодта хъæбатыры мардæй. Æмæ та Росоловский йæ бæзджын сабыр хъæлæсæй райдыдта дзурын, уымæн тæрхон куыд кодтой, уый тыххæй, уым йæхæдæг дæр бадтис аххосджынтимæ хицауады дзырдмæ гæсгæ. 

Дыууæ батальоны дыууæ рæнхъæй æрлæууыдысты даргъ уынгау, алы салдатмæ дæр дзы уыдис тасаг лæдзæг. Фыццаг акодтой дохтыр Шакальскийы. Кодтой йæ дыууæ салдаты, лæдзджытæ кæмæ уыд, уыдон та йын цавтой йæ бæгънæг фæсонтæ, куы сæм-иу бахæццæ, уæд. Уый æз федтон, кæм лæууыдтæн, уырдæм куы ’рбаввахс, уæд. Раздæр æз хъуыстон барабанты гыбар-гыбур, фæлæ хъуысын куы байдыдта лæдзджыты æхситт, æмæ бæгънæг буарыл цæфтæ, уæд бамбæрстон, кæй æрбахæстæг, уый. Федтон, топпытыл хæцгæ йæ салдæттæ сæ фæдыл куыд ластой, æмæ уый дæр фестъæлффестъæлфгæнгæ, йæ сæр куы иуырдæм, куы иннæрдæм азилгæйæ куыд цыдис размæ. Нæ цурты йæ куы фæцæйкодтой, уæд фехъуыстон, уырыссаг дохтыр куыд дзырдта салдæттæм: «Æгæр æй ма цæвут, фæтæригъæд ын кæнут», зæгъгæ. Фæлæ йæ уæддæр надтой. Æмæ йæ дыккаг хатт мæ цурты куы ’рбацæйкодтой, уæд йæхæдæг нал цыд, фæлæ йæ ластой сæ фæдыл. Уый фæсонтæм бакæсынæй диссагдæр ницы уыд. Æз мæ цæстытыл ныххæцыдтæн. Уый ахауд æмæ йæ ахастой, стæй уæд акодтой дыккаджы, æртыккаджы, цыппæрæмы. Иууылдæр хаудысты æмæ сæ хастой, иуты мардæй, иннæты æрдæгмардæй, æмæ мах хъуамæ лæууыдаиккам æмæ кастаиккам. Уыцы хъуыддаг цыдис æхсæз сахаты бæрц, боныцъæхæй суанг фæссихоры дыууæ сахатмæ. Фæстагмæ ракодтой Сироцинскийæн йæхи дæр. Æз æй рагæй нал федтон, æмæ йæ нал базыдтаин, — афтæ базæронд. Йæ цæсгом бынтондæр нынцъылдтæ, йæ ногдаст цæсгом уыдис фæлурс æмæ цъæх. Йæ гом буар — цола æмæ фæлурс. Йæ фæрсчытæ уыцы хуызæнæй зындысты, мидæмæ хауд гуыбыны сæрмæ. Уый цыдис, иннæтæ куыд цыдысты, афтæ, алы цæфы фæстæ дæр-иу хæрдмæ фесхъиудта æмæ-иу йæ сæр батылдта, фæлæ хъæрзгæ нæ кодта, куывта хъæрæй: «Miserere mei Deus secundam magnam misericordiam tuam».6 

— Мæхæдæг æй фехъуыстон, — тагъдгомау загъта Росоловский æмæ къухæй йæ дзых амбæрзгæйæ тыхулæфт скодта. 

Лудвикæ бадтис рудзынджы цур æмæ куыдта йæ цæсгом къухмæрзæнæй сæхгæнгæйæ. 

— Æмæ дæуæн афтæ æхсызгон y уый тыххæй дзурын! Сырдтæ — сырдтæ сты! — загъта Мигурский йæ лулæ фехсгæйæ. Фестад йæ бандонæй æмæ тагъд-тагъд бацыд талынг хуыссæнуатмæ. Альбинæ бадтис цавддурау æмæ æдзынæг каст талынг къуыммæ. 

 

VIII
 

Дыккаг бон, Мигурский хæстон ахуырæй куы ’рцыд сæхимæ, уæд тынг фæдис кодта йæ усыл, уый фыццагау тагъд-тагъд, хъæлдзæгæй рауад йæ размæ æмæ йæ бакодта хуыссæнуатмæ. 

— Цæй, Юзе, хъус мæм. 

— Хъусын дæм, цы зæгъыс? 

— Æз дысон-бонмæ хъуыды кодтон Росоловскийы ныхæстыл æмæ æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: мæнæн мæ бон нал y афтæ цæрын, нал y мæ бон ам цæрын. Нæу мæ бон. Амæлдзынæн, уæддæр ам нал баззайдзынæн. 

—Уæдæ дæм цы фæнд ис? 

— Лидзын. 

— Лидзгæ? Куыд? 

— Æз æрхъуыды кодтон. Хъус-ма, — æмæ йын радзырдта, дысон цы фæнд æрхъуыды кодта, уый. Уый уыдис ахæм фæнд: Мигурский хæдзарæй ацæудзæн изæрæй æмæ Уралы доны был ныууадздзæн йæ цинел, цыма йæхи мары, ахæм фыстæгимæ. Уæд иууылдæр æнхъæл уыдзысты, йæхи доны баппæрста, зæгъгæ, æмæ йын йæ мард агурдзысты, алырдæм æрвитдзысты фыстæджытæ. Уый та æмбæхсгæ бакæндзæн. Альбинæ йæ афтæ бамбæхсдзæн, æмæ йæ иу дæр не ссардзæн. Афтæмæй ацæрдзæн иу мæйы бæрц. Стæй уæд, æппæт дæр куы ’рсабыр уа, уæд алидздзысты. 

Ахæм фæнд Мигурскиймæ фыццаг афтæ фæкаст, цыма йын баххæст кæнæн нæй, фæлæ йын Альбинæ ахæм фырмонц æмæ зæрдиагæй дзырдта, æмæ йын æнæ сразы нал уыд. Æнæ сразы уæвæн дæр ын нæ уыд уымæн, æмæ йын, мыййаг, алидзын куы нæ бантыстаид, уæд æй, Росоловский куыд радзырдта, афтæмæй бафхæрдтаиккой, куы йын бантыстаид, уæд та сæрибар суыдаид, стæй уыдта, Альбинæйæн йæ сывæллæтты амарды фæстæ куыд зын уыдис ам цæрын, уый. 

Росоловский æмæ Лудвикæйæн хорз æмбæрстгонд æрцыди хъуыддаг, æмæ бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сарæзтой алыгъды бæлвырд пълан. Фыццаг хъавыдысты афтæ бакæнынмæ, æмæ Мигурскийы донластыл куы банымадтаиккой, уæд уый хъуамæ фистæгæй алыгъдаид. Альбинæ та хъуамæ йæ фæстæ цыдаид экипажы æмæ бæрæг ран сæмбæлдаиккой нысангонд бынаты. Афтæ уыдис сæ фыццаг пълан. Фæлæ Росоловский куы радзырдта, фæстаг фондз азы дæргъы алидзын бантыст Сыбырæй æрмæстдæр иунæг амондджын адæймагæн, зæгъгæ, уæд Альбинæ æрхъуыды кодта æндæр фæнд, ома, Юзе экипажы æмбæхстæй ацыдаид йемæ, стæй Лудвикæимæ Саратовы онг. Уым, Саратовы, йæ дзаума раивгæйæ, Волгæйы дæлæмæ ацæудзæн æмæ нысангонд бынаты сбаддзæн бæлæгъы, кæцыйы уый баххуырсдзæн Саратовы æмæ афтæмæй Альбинæ æмæ Лудвикæимæ ныццæудзысты Астраханы онг, стæй Каспийы денджызыл ахиздзысты Персмæ. Уыцы фæнд æппæты зæрдæмæ дæр фæцыд, уæлдайдæр та Росоловскийы, фæлæ зын саразæн уыдис, хицауад гуырысхо кæуыл нæ фæуыдаид, афтæмæй адæймаг кæм бацыдаид, ахæм бынат экипажы. Альбинæ йæ сывæллæтты ингæнтæ бабæрæг кæнгæйæ куы радзырдта Росоловскийæн, куыд тынг зын æм кæсы йæ сывæллæтты ингæнтæ æцæгæлон бæстæйы ныууадзын, уæд Росоловский ахъуыды кæнгæйæ загъта: 

— Хицауадæй кур, цæмæй дын дæ сывæллæтты чырынтæ демæ аласын бауадзой, уыцы бар дын ратдзысты. 

— Нæ, нæ хъæуы, мæ бон нæу, — загъта Альбинæ. 

— Кур сæ! Афтæ хъæуы. Max нæ сисдзыстæм чырынтæ, фæлæ сын сараздзыстæм экипажы стыр асыкк, асыччы та бамбæхсдзыстæм Юзефы. 

Альбинæ раздæр уыцы фæндоныл нæ разы кодта: зын æм касти, ахæм сайындзинад йæ сывæллæттимæ бæттын, фæлæ Мигурский хъæлдзæгæй куы сразы уыцы фæндоныл, уæд ницыуал загъта. Афтæмæй, æппынфæстаг, æрцыдысты ахæм фæндонмæ: Мигурский сараздзæн æппæтдæр, цæмæй йыл хицауад баууæндыдаид, йæхи доны кæй баппæрста, ууыл. Стæй йæ марды хабарыл куы баууæндой, уæд Альбинæ бадæтдзæн курдиат, цæмæй йын йæ лæджы амарды фæстæ раттой йæ райгуырæн бæстæмæ аздæхын æмæ йæ сывæллæтты мæрдтæ аласыны бар. Уыцы бар ын куы радтой, уæд цыма йæ сывæллæтты ингæнтæ скъахта æмæ чырынтæ систа, афтæ бакæндзысты, афтæмæй та чырынтæ ныууадздзæн сæ бынаты, семæ сын цы асыкк скодтой, уым бамбæхсдзысты Мигурскийы. Афтæмæй асыкк бавæрдзысты тарантасы æмæ ныццæудзысты Саратовы онг, Саратовы сбаддзысты лодкæйы. Лодкæйы Юзе рахиздзæн асыккæй, æмæ аленк кæндзысты Каспийы денджызмæ. Уырдыгæй — та Персмæ кæнæ Туркмæ, æмæ уæд уыдзысты сæрибар. 

 

IX
 

Фыццагдæр Мигурскийтæ балхæдтой тарантас, цыма дзы Лудвикæйы йæ райгуырæн бæстæмæ æрвитынц, уый æфсонæй. Стæй дзы аразын райдыдтой ахæм асыкк, æнæ фæхуыдугæй адæймагæн тымбылтæй хуыссæн кæм уыдаид, стæй уырдыгæй æнæгуырысхойæ рахизæн, стæй та фæстæмæ бахизæн дæр. Æртæйæ Росоловский, Альбинæ æмæ Мигурский йæхæдæг арæзтой рабырбабыргæнгæ асыкк. Ноджы æххуысдæр уыдис Росоловский, уый уыдис дæсны хъæды куыстгæнæг. Асыкк æрцыдис афтæ арæзт, цæмæй йын фæстейы æнгом ныффидаргæнæн уыдаид тарантасы гуыффæмæ, гуыффæйыл цы фарс æндзæвыд, уый та уыдис гомгæнгæ, уымæ гæсгæ-иу асыччы фарс райсгæйæ адæймагæн йæ бон уыдис хуыссын йæ иу æрдæг тарантасы, аннæ æрдæг та кузовы, афтæмæй. Уæлдæф цæуынæн асыччы уыдис хуынчъытæгонд. Æддейы уыдис ерджентæй тыхт, стæй бæндæнтæй баст, асыкмæ бацæуæн æмæ рацæуæн уыдис тарантасыл, кæцы ран уыдис бадæнтæ конд. 

Тарантас æмæ асыкк цæттæ уыдысты, Мигурский цалынмæ сæфтыл нымад æрцыдаид, уый размæ. Æмæ ныр Альбинæ ацыд æмæ хицауадæн фехъусын кодта, йæ лæг йæ зондæй фæцудыдта, æмæ кæй кодта йæхи марыны фæнд æмæ йын уымæ гæсгæ тынг тæрсы, куры, цæмæй йæ рæстæгмæ суæгъд кæной. Драматикон аивадмæ йæм цы курдиатдзинад уыдис, уый йæ ныр бахъуыд. Йæ зæрдæйы рыст æмæ йæ тарстдзинад йæ мойыл афтæ дæсныйæ равдыста, æмæ булкъонæн æнæ сразы нал уыд, зæрдæ бавæрдта, йæ бон цы у, уымæй баххуыс кæнын. Стæй Мигурский ныффыста писмо, кæцыйы хъуамæ ссардтаиккой йæ цинелы дысы фæлдæхты Уралы доны был. Иу нысангонд бон изæрæй, уый ацыд Уралы доны былмæ, банхъæлмæ каст талынгмæ, стæй уæд доны был ныууагъта йæ дaрæс, цинел æд писмо æмæ сусæгæй фæстæмæ раздæхт сæхимæ. Йе ’рбацыдмæ йын цары сцæттæ кодтой бынат. Æхсæвы Альбинæ булкъонмæ арвыста Лудвикæйы, цæмæй йын фехъусын кæна, йæ лæг сæ хæдзарæй кæй ацыд дыууын сахаты размæ æмæ фæстæмæ кæй нал æрбаздæхт. Райсомæй йын æрбахастой йæ лæджы писмо, æмæ йæ уый дæр йæ цæссыг калгæ æрдиаггæнгæ бахаста булкъонмæ. Къуырийы фæстæ Альбинæ балæвæрдта курдиат йæ райгуырæн бæстæмæ аздæхыны тыххæй. Йæ лæгыл цы зæрдæрыстдзинад æвдыста, уый ce ’ппæты дæр дисы æфтыдта. Иууылдæр тæригъæд кодтой æнамонд мадæн, æнамонд усæн. Ацæуыны бар ын куы радтой, уæд та балæвæрдта æндæр курдиат, цæмæй йын бар радтой йæ сывæллæтты мæрдтæ скъахын æмæ сæ йемæ аласын. 

Хицауад тынг фæдис кодтой, уымæн йе ’гæр æнкъарæг зæрдæйы уагыл, фæлæ йын бар радтой уымæн дæр. 

Уыцы бар райсты фæстæ, дыккаг бон изæрæй Росоловский, Альбинæ æмæ Лудвикæ æххуырсгæ уæрдоны æд асыкк, сывæллæтты чырынтæ хъуамæ æвæрд кæм æрцыдаиккой, уым æрцыдысты сæ сывæллæтты ингæнтæм. Альбинæ йæ сывæллæтты ингæнты цур æрхауд йæ зонгуытыл, акуывта, стæй тагъд фестгæйæ Росоловскийæн загъта: 

— Кæнгæ ут, цы хъæуы, уый, мæнæн мæ бон нæу, — æмæ иуварс ацыд. Росоловский æмæ Лудвикæ иуварс айстой ингæны дур, æмæ ингæнтæ уæлæнгæйтты акъахтой, цæмæй къахты хуызæн уой. Сæ куыст куы фесты, уæд фæдзырдтой Альбинæмæ æмæ асыкк сыджытæй байдзаггæнгæйæ æрыздæхтысты сæхимæ. 

Æрхæццæ, цæуынвæнд цы бон скодтой, уый. Росоловский цин кодта, сæ куыст кæронмæ кæй фæхæццæ, ууыл. Лудвикæ фæндагмæ сфыхта печенитæ æмæ гуылтæ йæ уарзон дзырдтæ «Jak mame kocham»7 дзургæйæ, йæ зæрдæ фыр цин æмæ тарстæй рацæйтыдта. Мигурский цин кодта йе ссæрибардзинадыл царæй, уыцы ран фæбадтис мæйæ фылдæр, фæлæ ноджы тынгдæр та цин кодта Альбинæйы сцæрдæгдзинад æмæ хъæлдзæгдзинадыл. Цыма дзы йæ раздæры зæрдæрыстдзинад æмæ тасдзинад рох фесты, афтæ хъæлдзæгæй-иу балæууыд цары. 

Æртæ сахатыл æрбацыд, фæндагыл семæ чи цыд, уыцы хъазахъхъаг æмæ æрбакодта йемæ бæхтæрæджы æмæ æртæ бæхы. Альбинæ æмæ Лудвикæ къæбылаимæ сбадтысты тарантасы гауызæй æмбæрзт базтыл. Бæхтæрæг æмæ хъазахъхъаг та сбадтысты разæй бæхтæрæджы бандоныл. Мигурский та зæхкусæджы дарæсы хуыссыд тарантасы гуыффæйы. 

Горæтæй рахызтысты, æмæ цæрдæг бæхтæ тарантас скъæфтой дурау хъæбæр над фæндагыл, фароны хæмыцырихи æвзистау кæм æрттывта, уыцы æнæхуымгонд быдырты. 

 

X
 

Альбинæйæн фыр цинæй йæ зæрдæ йæ риуæй рацæйтыдта. Йæ циндзинад æй фæндыдис Лудвикæйæн радзурын, хаттæй-иу æм йæ мидбылты худгæ фæкастис æмæ-иу ацамыдта куы размæ, куы хъазахъхъаджы бæзæрхыг фæсонтæм, куы та тарантасы гуыффæйы бынмæ, Лудвикæ æнцад æнæзмæлгæйæ кастис размæ æмæ-иу гæзæмæ йæ былтæ базмæлын кодта. Уыдис райдзаст бон. Фæйнæрдыгæй æдзæрæг быдыртæ сæхи дардыл айтыгътой. Фæйнæрдыгæй райсомы хуры тынтæм хæмыцырихи æвзистау æрттывта. 

Хъæбæр над фæндагыл, раст асфальтыл цæуæгау, къæрцц-къæрцц кодтой башкираг æнæцæфхад цырд бæхты къæхтæ, æмæ-иу фæндагæн куы йæ иу, куы иннæ фарс фæзындысты хъулон уырыты хуынчъыты обæуттæ, кæнæ та-иу чысыл сырд йæ фæстæгтыл слæугæйæ йæ алыварс хъахъхъæдта, æмæ-иу тасдзинад исчердыгæй куы фæзынд, уæд та-иу цъæхснаг æхситтæй бамбарын кæнгæйæ йæ хуынчъы амбæхст. Цæуджытæ арæх не ’мбæлдысты: хъазахъхъаг уæрдæтты мæнæутимæ, куы та бæхджын башкиртæ, хъазахъхъаг-иу семæ аныхас кодта тæтæйраг æвзагыл. Алы станцæйы дæр лæвæрдтой æвæллад, хæрзхаст бæхтæ. Альбинæ бæхтæрджытæн лæвæрдта сомырдджытæ арахъхъæн, æмæ уыдон дæр цыппæрвадыгæй скъæрдтой бæхтæ. 

Фыццагдæр цы станцæмæ ныххæццæ сты, уым, цалынмæ бæхтæ ивтой, уæдмæ хъазахъхъаг бацыдис кæртмæ. Альбинæ уыцы рæстæг æргуыбыр кодта æмæ бафарста йæ лæджы, куыд y æмæ йæ кæд исты хъæуы, зæгъгæ. 

— Тынг хорз. Ницы хъæуы. Афтæ фæхуысдзынæн дыууæ суткæйы дæр. 

Изæрырдæм ныххæццæ сты иу стыр хъæу Дергачимæ. Цæмæй йæ лæг йе уæнгтæ аиваза æмæ аирхæфса йæхи, уый тыххæй Альбинæ бæхтæ æрлæууын кодта почтæйы станцæйы нæ, фæлæ æхсæвиуатгæнæн кæрты æмæ хъазахъхъагмæ радта æхца æйчытæ æмæ æхсыр балхæнынæн. Тарантас лæууыдис сарайы бын. Æддейы уыдис талынг, Лудвикæйы æрлæууын кодта хъазахъхъаджы хъахъхъæнынмæ, йæхæдæг йæ лæджы рахизын кодта, радта йын хæринаг, стæй хъазахъхъаджы æрбацыдмæ фæстæмæ баздæхт йе ’мбæхст бынатмæ. Ногæй та арвыстой бæхтæм æмæ дарддæр кодтой сæ балц. Альбинæ æнкъардта, йæ ныфс фидарæй-фидардæр кæй кæны æмæ йæ цин æмæ хъæлдзæгдзинадæн нал уыд кæрон. Лудвикæ хъазахъхъаг æмæ Трезоркæимæ йеддæмæ кæимæ ныхас кодтаид, уый йын нæ уыд æмæ сæ йæхи ирхæфста. Лудвикæ кæд рæсугъд нæ уыд, уæддæр нæлгоймагимæ фембæлгæйæ, кæддæриддæр æнхъæл уыди, цыма та йæ уарзынц. Ныр дæр афтæ хъуыды кодта йæхинымæр цъæхдзæст, хæларзæрдæ домбай урайлаг хъазахъхъаджы тыххæй дæр, уый сæ фæндагыл хæццæ кодта æмæ сæ зæрдæмæ бацыдис дыууæ сылгоймагæн дæр йæ хуымæтæгдзинад æмæ зæрдæхæлардзинады тыххæй. Æдзух Альбинæ æртхъирæн кæмæ кодта, бандоны бынмæ ма смуд, зæгъгæ, уыцы куыдз Трезоркæ ныр хъазыдис Лудвикæимæ æмæ йæ худæджы цæстмæмитæ кæнгæ хъæлдзæгæй худтис, цы фаутæ йыл æвæрдтой, уыдоныл. Альбинæ тыхсæгау кодта, иуæй, тасдзинадæй, иннæмæй та, йæ хъуыддаг æххæст кæнын кæй байдыдта, уымæй, стæй диссаджы рæстæгæй, æмæ быдырты уæлдæфæй, ныртæккæ æвзарын байдыдта, рагæй кæй нал бавзæрста, ахæм æвзонг сывæллоны зæрдæйы æнкъарæнтау цин æмæ хъæлдзæгдзинад. Мигурский йын хъуыста йæ хъæлдзæг ныхас, æмæ уый дæр, кæд ын зын кæй уыдис, уый нæ хъæр кодта (уæлдай æнтæфдæр уымæн уыд, стæй дойныйæ дæр мардис), уæддæр йæхи рыстдзинад ферохгæнгæйæ цин кодта Альбинæйы циныл. 

Дыккаг бон изæрырдæм мигъы цыдæр æндæрджытæ зынын байдыдтой. Уый уыдис Саратов æмæ Волгæ. Хъазахъхъаг йæ цырд цæстытæй ауыдта Волгæ æмæ науы хъилтæ æмæ сæ амыдта Лудвикæйæн. Лудвикæ дæр загъта уынын сæ, зæгъгæ. Альбинæ дзы кæд ницы æвзæрста, уæддæр æй йæ лæг цæмæй фехъуыстаид, уый тыххæй барæй хъæрæй дзырдта: 

— Саратов, Волгæ, — æмæ цыма Трезоркæимæ ныхас кодта, афтæмæй йæ лæгæн дзырдта, цы федта, уыдон æппæт дæр. 

 

XI
 

Саратовмæ нæ бацæугæйæ Альбинæ æрфысым кодта Волгæйы рахизфарс горæты тæккæ бакомкоммæ Покровскы слабодкæйы. Ацы ран йæ зæрдæ дардта, уæдæ æхсæвы йæ моимæ аныхас кæндзæн, стæй йæ асыккæй дæр ракæндзæн, фæлæ хъазахъхъаг уыцы цыбыр фæззыгон æхсæв тарантасæй иуварс нæ ацыд, бадтис сарайы тарантасы фарсмæ афтид уæрдоны. Лудвикæ Альбинæйы уынаффæмæ гæсгæ бадтис тарантасы æмæ æнхъæл уыди, уæдæ хъазахъхъаг уый тыххæй нæ цæуы тарантасы цурæй æмæ йæм йæ цæст ныкъуылдта, бахудтис-иу æмæ та иу йæ дзыгъуыр цæсгом кæлмæрзæнæй амбæрзта. Фæлæ Альбинæмæ уый худæг нæ кастис, нæ фæлæ ма катайы дæр бацыд, хъазахъхъаг тарантасæй иуварс кæй нæ цыд, уый тыххæй. 

Уыцы цыбыр æхсæв уый иу-цалдæр хатты рацыд уатæй æвзæр тæфкалгæ галерейы рæзты дæлбазырмæ. Хъазахъхъаг уæддæр фынæй нæма уыд, йæ къæхтæ æруадзгæйæ бадтис тарантасы фарсмæ афтид уæрдоны. Æрмæст бонырдæм, уасджытæ уасын куы байдыдтой, куы иу, куы иннæ кæртæй, уæд Альбинæ æрцыдис бынмæ æмæ ссардта фадат йæ моимæ аныхас кæнынæн. Хъазахъхъагæн цыди йæ хуыр-хуыр уæрдоны йæхи ауадзгæйæ. Альбинæ арæхстгай бацыд тарантасмæ æмæ асыкк бахоста. 

— Юзе! — дзуапп нæ райхъуыст. — Юзе, Юзе! — фæтæрсгæйæ ноджы хъæрдæрæй бадзырдта Альбинæ. 

— Цы кæныс, мæ зынаргъ, цы? — хуыссæгхъæлæсæй радзырдта Мигурский асыккæй. 

— Дзуапп цæуылнæ лæвæрдтай? 

— Фынæй уыдтæн, — загъта Мигурский, æмæ йæ Альбинæ йæ хъæлæсмæ гæсгæ базыдта, худгæ кæй кæны, уый. — Гъы, куыд, ацæуон? — бафарста уый. 

— Нæ, хъазахъхъаг ам ис, — æмæ уыцы ныхас куыддæр загъта, афтæ Альбинæ бакастис уæрдонмæ хъазахъхъагмæ æмæ дисы бацыд, хъазахъхъаг уыдис фынæй, афтæмæй та йæ хæлар цъæх цæстытæ уыдысты гом. Уый кастис Альбинæмæ, стæй куы фемдзаст сты, уæд йæ цæстытæ ахгæдта. 

«Мæнмæ афтæ фæкастис, æви, æцæгдæр фынæй нæ уыд? — фарста йæхи Альбинæ, — раст у, кæсгæ мæм афтæ фæкодта», — ахъуыды кодта уый æмæ та йæ лæгмæ бадзырдта: 

— Бафæраз-ма иучысыл, — загъта Альбинæ. — Хæрын дæм цæуы? 

— Нæ, тамако дымын мæм цæуы. — Альбинæ та ногæй бакаст хъазахъхъагмæ: уый фынæй уыд. «Æцæгдæр, уый мæм кæсгæ афтæ фæкодта», — ахъуыды кодта уый. 

— Ныр æз цæуын губернатормæ. 

— Фæндараст... 

Æмæ Альбинæ чумæданæй систа йæ дзаумæттæ æмæ бацыд хæдзармæ йæ дзаума кæнынмæ. Скодта йæ идæдзы къабатæн сæ хуыздæр æмæ бахызт Волгæйы фаллаг фарсмæ. Уым доны был баххуырста бæхтæрæджы æмæ ацыд губернатормæ. Губернатор æй райста. Уымæн йæ зæрдæмæ тынг фæцыд францусагау дзырдарæхст, хæрзконд, аив мидбылхудт кæнгæ идæдз полячкæ. Радта йын бар йæ фæндæттæн, стæй ма дзы куырдта, цæмæй йæм иннæ бон дæр æрбауайа æмæ дзы райса бардзырд Царицыны горæты губернатормæ. Йæ курдиатæн разыйы дзуапп райсгæйæ æмæ, губернаторы зæрдæмæ дæр кæй фæцыд, ууыл цингæнгæйæ ныфсджынæй раздæхт уæрдоны наулæууæнмæ, уырдыг æнæконд уынгты. Хур бæрзонд йæхи систа хъæды сæрмæ æмæ йæ зулаив тынтæ хъазыдысты ивылд доны уылæнты. Галиуырдыгæй æмæ рахизырдыгæй къуыбыртыл, урс мигътау æрттывтой, хорз тæфкалгæ фæткъуы бæлæстæ. Науты хъилтæ хъæдау зындысты доны былæй. Урс парустæ та урс-урсид æрттывтой хуры рухсмæ ивылд доны сæрмæ. Наулæууæны бæхтæрджытимæ ныхасгæнгæйæ Альбинæ бафарста, Астраханмæ бæлæгъ баххуырсæн ис æви нæ, зæгъгæ, æмæ уайтагъддæр дæсгæйттæй бæлæгъты хицæуттæ хъæлдзæгæй алæууыдысты йæ разы, дæ хорзæхæй, зæгъгæ. Баныхас дзы кодта иуимæ, йæ зæрдæмæ дзы тынгдæр чи фæцыд, ахæмимæ, æмæ йын ацыд йæ бæлæгъ уынынмæ. Уый лæууыдис наулæууæны иннæ бæлæгъты æхсæн. 

Бæлæгъы фидар конд уыдис чысыл науы хъил парусимæ, уымæ гæсгæ уыцы бæлæгъы цæуæн уыдис дымгæйы тыхæй дæр. Дымгæ куы нæ уыдаид, уæд та дзы ис фыййæгтæ æмæ бæзæрхыг, хъæлдзæг дыууæ лæппуйы, бæлæгътæрджытæ. Уыдон бадтысты хурмæ бæлæгъы. Хæларзæрдæ, хъæлдзæг лоцман дзырдта, зæгъгæ, тарантасы уадзын нæ хъæуы, фæлæ йын йæ цæлхытæ рафтауæм æмæ йæ лодкæйы сæвæрæм, зæгъгæ. «Бацæудзæн дзы, æмæ сымахæн дæр æнцондæр уыдзæн бадынмæ. Стæй Хуыцау хорз рæстæг рауадзæд, æндæр мах фондз бонмæ Астраханы балæудзыстæм». 

Альбинæ баныхас кодта бæлæгъы хицауимæ æмæ дзы куырдта, цæмæй æрбацæуа Покровскийы слабодкæмæ Логиновы æхсæвиуатгæнæн кæртмæ, цæмæй уым фена тарантас æмæ райса развæлгъау. Хъуыддæгтæ рауадысты, куыд æнхъæл уыди, уымæй хуыздæр. Тынг хъæлдзæг æмæ цингæнгæ Альбинæ æрбахызтис Волгæйыл, бафыста æхца бæхтæрæгæн æмæ араст æхсæвиуатгæнæн кæрты ’рдæм. 

 

XII
 

Хъазахъхъаг Данило Лифанов уыд Общий Сырты стрелецты хъæуæй. Цыдис ыл æртын цыппар азы æмæ хъазахъхъаг службæйы уыди фæстаг мæй. Бинонтæй йын уыдис, Пугачевы дæр ма чи хъуыды кодта, ахæм фыдыфыд, нæуæдзаздзыд, дыууæ æфсымæры, зæронд дины уырнындзинады тыххæй Сыбыры каторгæмæ кæй арвыстой, уыцы хистæр æфсымæры ус, ноджы йæхи ус, дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуимæ. Йæ фыд мард фæци францусæгтимæ хæсты рæстæг. Йæхæдæг уыдис бинонты хистæр. Уыдис сæм æхсæрдæс бæхы, дыууæ цæды галтæ, хуымгонд, æмæ сын тыд уыдис сæхицæн æхсæрдæс сотнæйы. Данило йæхæдæг службæ кодта Оренбурджы, Хъазаны, æмæ ныр æрхæццæ сты йæ службæйы фæстаг бонтæ. Фидар хæст уыд зæронд диныл: тамако нæ дымдта, арахъхъ нæ нуæзта, иу къусæй нæ хордта æмæ нæ нуæзта иннæтимæ, зæрдиагæй æххæст кодта æфсады ардбахæрд. Йæ алы хъуыддаджы дæр уыдис фидар, уæзбын æмæ иузæрдион, æмæ йын хицауад йæ бар цы хъуыддаг бакодта, ууыл-иу бацархайдта æнувыдæй æмæ-иу æй цалынмæ баххæст кодтаид, уæдмæ дзы иу минут дæр рох нæ кодта. Ныр дæр ын йæ бæрны бакодтой, куыд æй бамбæрста, афтæмæй Саратовмæ ныххæццæ кæнын дыууæ польшæйаг сылгоймаджы мæрдты чырынтимæ, цæмæй сыл фæндагыл мацы æрцæуа, æмæ мацы фыдуаг митæ кæной, афтæмæй сæ æгъдауыл Саратовы хицауадмæ раттын. Афтæмæй сæ ныххæццæ кодта Саратовмæ æд куыдз æмæ марды чырынтимæ. Сылгоймæгтæ уыдысты уæздан æмæ хæларзæрдæ, æмæ кæд полячкæтæ уыдысты, уæддæр æвзæрдзинадæй ницы кодтой. Фæлæ Покровскийы хъæуы ауыдта, куыдз тарантасмæ сгæпп кодта æмæ райдыдта ниуын йæ къæдзил тилгæ, тарантасы бынæй та йæм райхъуыст кæйдæр хъæлæс. Зæронддæр полячкæ тарантасы къæбыла куы ауыдта, уæд фæтарсти, фелвæста йæ æмæ йæ ахаста. 

«Ам цыдæр ис», — ахъуыды кодта хъазахъхъаг æмæ райдыдта хъахъхъæнын. Æхсæвы, æрыгондæр полячкæ тарантасмæ куы рацыд, уæд хъазахъхъаг йæхи фынæйы æфсон скодта, æмæ уæд фехъуыста æцæгдæр асыккæй нæлгоймаджы хъæлæс. Хъазахъхъаг райсомæй раджы ацыд пъæлицæмæ æмæ фехъусын кодта, кæй ласы, уыцы полячкæтæ гуырысхойаг адæм кæй сты æмæ, мæрдты бæсты асыччы удæгас адæймаджы кæй ласынц, уый. 

Альбинæйы ныр уыдис фидар ныфс, уæдæ тас ницæмæй уал y æмæ цалдæр боны фæстæ уыдзыстæм сæрибар, зæгъгæ, æмæ хъæлдзæгæй, цингæнгæ баздæхт æхсæвиуатгæнæн хæдзары ’рдæм, фæлæ дуармæ куы ауыдта дыууæ хъал арæзт бæхы æмæ дыууæ хъазахъхъаджы, уæд дисы бацыд. Дуармæ æрбамбырд сты адæм æмæ кастысты кæртмæ. 

Альбинæйы ахæм стыр ныфс уыдис, æмæ йæ сæрмæ дæр никуы ’рцыдаид ахæм хъуыды, уыцы дыууæ хъазахъхъаджы æмæ, чи æрæмбырд, уыцы адæм уымæ исты бар дарой. Бахызти кæртмæ æмæ уыциу рæстæг бакаст сарамæ, — йæ тарантас кæм лæууыд, уырдæм, æмæ ауыдта, адæм йæ тарантасы цур кæй æрæмбырд сты æмæ сыл Трезоркæ тынг кæй рæйы, уый. Æрцыдис, кæмæй тарстысты, уыцы æнамондзинад. Тарантасы цур лæууыдис æрттивгæ сыгъдæг мундиры, хурмæ тæмæнтæ калгæ æгънæджытæ, пъагæттæ æмæ лакæй сæрст цырыхъхъыты бæзæрхыг лæг, сау бакенбардтимæ æмæ ныхас кодта цæйдæр тыххæй хъæрæй, фæсус тызмæг хъæлæсæй. Сæ цуры дыууæ салдаты æхсæн зæхкусæджы дарæсы лæууыдис йæ сæры хъуынты хосы муртæ, афтæмæй йæ лæг Юзе æмæ йæ алыварс цытæ цæуы, уый не ’мбаргæйæ-иу куы схæцыд, куы æруагъта йæ домбай уæхсчытæ. Трезоркæ, æппæт фыдбылыз дæр уый аххосæй кæй æрцыд, уый не ’мбаргæйæ, мæстыйæ дзæгъæл рæйд кодта пъæлицæйагыл, йæ хъуын арц сбадгæйæ. Мигурский Альбинæйы куы ауыдта, уæд фестъæлфыд, хъавыд æм бацæуын, фæлæ йæ салдæттæ нæ бауагътой. 

— Ницы кæны, Альбинæ, ницы, — загъта Мигурский фæлмæн мидбылты бахудгæйæ. 

— Мæнæ æхсин йæхæдæг дæр! — загъта пъæлицæйаг. — Табуафси, ардæм! Дæ сабиты чырынтæ сты? — И? — загъта уый, — Мигурскиймæ йæ цæст æрныкъулгæйæ. 

Альбинæ ницы дзырдта, æрмæст йæ риуыл ныххæцыд, æмæ сагъдæй баззайгæйæ кастис йæ лæгмæ. 

Мæлæты размæ, кæнæ та царды тæккæ тæссагдæр минутты куыд вæййы, афтæ Альбинæ банкъардта æнæкæрон бирæ æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ, фæлæ йæ уæддæр нæма æмбæрста, нæма йæ уырныдта, цы æнамонддзинæдтæ æрцыди, уый. Фыццаг æнкъарæн ын зындгонд уыдис рагæй, — æфхæрд сæрыстырдзинады æнкъарæн, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ хъæбатыр лæджы куы ауыдта, уæд, уыцы гуымиры хъæддаг адæм кæй бассæстой, уый. «Адæмты хуыздæрты хуыздæр чи у, ууыл цæмæн хæцынц, цæмæн ыл цæуы сæ бон!» Иннæ æнкъарæн та уыдис, ныртæккæ цы æнамонддзинад æрцыд, ууыл хъуыды. Уыцы хъуыды та йын йæ зæрдыл æрлæууын кодта йæ царды тæккæ æнамонддæр хабар, йæ сывæллæтты мæлæт. Æмæ уæд уайтагъддæр февзæрд фарста: «Цæмæн? Цæй тыххæй йын байстой йæ сабиты?» Уыцы фарсты фæстæ та февзæрд æндæр фарста: «Цæй тыххæй сæфы æмæ удхар кæны йæ уарзон, адæмы хуыздæрты хуыздæр, йæ лæг?» Æмæ ацы ран йæ зæрдыл æрбалæууыд, цы æгаддзинады тæрхон æм æнхъæлмæ кæсы ныр, æмæ уыцы хъуыддаджы иунæг йæхæдæг, Альбинæ, кæй y аххосджын, уый. 

— Чи у? Дæ лæг у? — бафарста пъæлицæйаг. 

— Цæй тыххæй, цæй тыххæй?! — ныхъхъæр кодта Альбинæ, æмæ æррайы худт ныккæнгæйæ бахауд, тарантасæй ист чи ’рцыд, уыцы асыккыл. Богъбогъгæнгæ йæм, йæ цæссыг калгæ бацыд Лудвикæ. 

— Æхсин, мæ зынаргъ æхсин! Хуыцауыл куыд æууæндын, афтæ мæ уырны, ницы нын уыдзæн, ницы! — дзырдта йын æнæсæрфатæй Лудвикæ йæ къухтæй йæ сæрфгæйæ. 

Мигурскийы къухтыл бакодтой хъадамантæ æмæ йæ ракодтой кæртæй. Уый куы федта Альбинæ, уæд йæ фæдыл азгъордта: 

— Ныххатыр мын кæн, ныххатыр мын кæн, — дзырдта уый. — Æз уыдтæн! Æз дæн аххосджын! 

— Уым æй равзардзысты, аххосджын чи у, уый. Дæумæ дæр бахæццæ уыдзысты, — загъта пъæлицæйаг æмæ йыл къухæй иуварс ахæцыд. 

Мигурскийы акодтой донхизæны ’рдæм, Альбинæ дæр цыдис йæ фæдыл, цæй тыххæй, уый йæхæдæг дæр не ’мбаргæйæ, æмæ Лудвикæйы лæгъстæмæ нæ хъусгæйæ. 

Хъазахъхъаг Данило Лифанов уыцы рæстæг лæууыд тарантасы цур æмæ-иу æнкъардæй куы пъæлицæйагмæ бакаст, куы Альбинæмæ, куы та йæ къæхтæм. 

Мигурскийы куы акодтой, уæд Трезоркæ иунæгæй баззайгæйæ йæ къæдзил тилгæ цинтæ кæнын райдыдта хъазахъхъагыл. Сахуыр ыл ис фæндагыл. Хъазахъхъаг иуварс ацыд тарантасæй, йæ худ фелвæста йæ сæрæй æмæ йæ йæ тых, йæ бонæй ныццавта зæххыл, йæ къахæй асхуыста Трезоркæйы æмæ бацыд хæрæндонмæ. Хæрæндоны бацагуырдта арахъхъ æмæ нуæзта æхсæв-бонмæ, бануæзта, цыдæриддæр æм уыдис, уыдон, афтæмæй, дыккаг бон изæрæй, къанауы куы райхъал, æрмæстдæр уæд ныууагъта хъуыды кæнын, цы фарста йæ тыхсын кодта, ууыл: хорз бакодта, хицауадмæ полячкæйы лæг æмæ асыччы тыххæй дзырд кæй бахаста, уымæй? 

Мигурскийæн йæ алыгъды тыххæй кодтой тæрхон æмæ йын рахастой лæдзæджы мин цæфы тæрхон. Йæ хæстæджытæ æмæ Вандæ, Петербурджы зонгæ кæимæ уыдысты, уыдоны руаджы хицауадæй ракуырдтой, цæмæй йын йæ тæрхон фæлæмæгъдæр кæной, æмæ йæ ахастой мыггагмæ цæрынмæ Сыбырмæ. Альбинæ ацыд йæ фæдыл. 

Николай Павлович та цин кодта, революцийы гидрæ кæй ныххурх кодта, æрмæст Польшæйы нæ, фæлæ ма æгас Европæйы дæр, æмæ сæрыстыр уыдис, уырыссаг хæдхæцæг паддзахады фæдзæхстытæ кæй нæ фехæлдта, æмæ уырыссаг адæмы пайдайæн Польшæйы кæй нæ ауагъта Уæрæсейы къухæй, уымæй. Æмæ дзы сыгъзæрин мундиртæ æмæ стъалыджын адæймæгтæ уый тыххæй афтæ æппæлыдысты, æмæ ма йæ суанг мæлгæйæ дæр тынг уырныдта, стыр номдзыд лæг кæй у, æмæ йæ цард дзыллæтæн стыр пайда кæй æрхаста, уæлдайдæр та, уырыссаг адæмæн, кæцытæ сæнæгъдау, æмæ ссæлхæр кæнынмæ æнæсæрфатæй арæзт уыдысты йе ’ппæт тыхтæ дæр. 

 

____________________________ 

 

1 Костюшко Тадеуш (1746–1817) — 1794 азы Польшæйы национ-ссæрибар кæныны сыстады фæтæг. 

2 Бельведер — ам: галуан. 

3 Æхсæны лæгтæ. 

4 «Æгас цæуæнт поляктæ, мæлæт москальтæн! Ура!» 

5 Конфедераткæ — нæлгоймаджы цыппæрдигъон худ. 

6 «Хуыцау, баххуыс кæ дæ зæрдæхæлардзинадæй». 

7 «Мадау уарзын». 

 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»