Мæ фыдыфыд сæрдыгон бындздоны фæцæры. Уырдæм æм-иу куы ссыдтæн, уæд мын-иу æдзухдæр мыд лæвæрдта.
Иухатт та ацыдтæн бындздонмæ æмæ рацу-бацу кодтон мыдычыргъæдты æхсæн. Æз мыдыбындзытæй нæ тæрсын, уымæн æмæ мæ дада сахуыр кодта чыргъæдты раз сындæг цæуын.
Æмæ мыл бындзытæ дæр сахуыр сты æмæ мæ нæ цавтой. Иу чыргъæдæй мæм райхъуысти, цыдæр дзы къуырттон каркау куыд уынæр кодта, уый. Æз раздæхтæн хæдзармæ дадамæ æмæ йын радзырдтон уыцы хабар.
Уый мемæ рацыди, йæхæдæг байхъуыста уыцы уынæрмæ æмæ загъта:
— Ацы чыргъæдæй уал иу æвзæн ратахти зæронд æлдаримæ, ныр та дзы ногтæ ис. Хъæр дæр уыдон кæнынц. Уыдон райсом æндæр æвзæнимæ ратæхдзысты.
Æз бафарстон дадайы, уыцы цотгæнæг бындзытæ цавæртæ вæййынц, зæгъгæ.
Æмæ мын уый загъта:
— Уыдон сты, адæмæн паддзах куыд у, афтæ, мыдыбындзытæн æнæ уыцы цотгæнæг бындзытæ цæрæн нæй.
Æз æй фæрсын:
— Æмæ цыхуызæн вæййы уыцы цотгæнæг бындз?
Уый мын загъта:
— Райсом-иу ардæм æрбацу, чи зоны, райсом ратæхой. Уæд дын æй фенын кæндзынæн, стæй дын мыд дæр ратдзынæн.
Дыккаг бон та дадаимæ куы æрбацыдтæн, уæд йæ тыргъы ауыгъд уыди дыууæ æхгæд сулы1 æд мыдыбындзытæ. Дада мын мæ цæсгомыл хыз бакæнын кодта æмæ мын æй кæлмæрзæнæй мæ бæрзæйыл æрбабаста, стæй уæд райста иу æхгæд сул æд мыдыбындзытæ æмæ йæ ахаста бындздонмæ. Мыдыбындзытæ йæ хуылфы гуыв-гуыв кодтой. Æз сæ тæрсгæ кодтон æмæ мæ къухтæ мæ хæлафы комдæлы нытътъыстон, фæлæ мæн тынг фæндыди уыцы мыдыбындзы фенын æмæ дадайы фæдыл цыдтæн.
Дада бацыд афтид бæлæгъмæ, æрæвæрдта йыл чысыл арынг, байгом кодта сул æмæ мыдыбындзыты æрцагъта арынгмæ. Мыдыбындзытæ уырдыгæй бæлæгъмæ дывдывгæнгæ хылдысты, дада та сæ гыццыл цъылынæй змæлын кодта.
— Дæлæ дын уый та се ’лдар! — Дада мын цъылыны кæронæй ацамыдта иу цыбырбазыр даргъ мыдыбындзмæ. Уый ахылдис иннæтимæ иумæ æмæ кæмдæр фæаууон ис. Уый фæстæ дада мæ цæсгомæй райхæлдта, цы хыз мыл бакодта, уый, æмæ ацыдыстæм хæдзармæ. Уым мын радта дынджыр мыды къæртт. Æз æй бахордтон, хæргæ-хæрын дзы самæстон мæ рустæ æмæ мæ къухтæ.
Нæхимæ куы æрбацыдтæн, уæд мын мæ мад загъта:
— Дада дæ куыд фыдуаг кæны, — мыдæй та дæм хорз базылд.
Æз ын загътон:
— Дада мын уымæн радта мыд, æмæ йын æз знон ссардтон ног рацæугæ мыдыбындзыты æвзæн æд æлдар. Абон та мах дадаимæ мыдыбындзыты æвзæн иумæ чыргъæды кодтам.
__________________________________
1 Сул — бындзахсæн.