Иу мæгуыр музуккагмæ хор нал уыди. Æмæ сфæнд кодта æлдарæй ракурын. Афтидæй йæм куыд бацæуон, зæгъгæ, хъаз æрцахста, сфыхта йæ æмæ йын æй ахаста.
— Бузныг дæ хуынæй, гъе, æрмæст нæ зонын куыд æй байуардзыстæм, уый, — загъта æлдар. — Ис мын ус, дыууæ фырты æмæ дыууæ чызджы. Æмæ дзы се ’ппæт дæр хайджын куыд фæуой, афтæ йæ куыд байуарæм?
Музуккаг ын загъта:
— Æз уын æй байуардзынæн.
Кард райста, хъазæн йæ сæр ралыг кодта æмæ æлдæрмæ дзуры:
— Ды хæдзары хистæр дæ, æмæ дын мæнæ сæр.
Стæй ралыг кодта хъазы фæстаг æрдæг æмæ йæ æлдары усмæ дæтты:
— Дæу хæдзары бадын хъæуы, хæдзармæ кæсын, æмæ дын — хъазæн йæ фæстаг æрдæг.
Уый фæстæ ракодта хъазы къæхтæ æмæ дыууæ лæппуйæн загъта:
— Сымахæн та къæхтæ, æмæ уæ фыды фæндæгтыл уайут.
Чызджытæн та радта базыртæ:
— Сымах хæдзарæй тагъд атæхдзыстут, æмæ уын мæнæ базыртæ. Чи ма дзы баззад, уый та — мæнæн! — Æмæ æнæхъæн хъаз йæхицæн райста.
Æлдар фæхудти æмæ музуккагæн хор æмæ æхца радта. Хъæздыг зæхкусæг уый куы фехъуыста, æлдар музуккагæн хъазы тыххæй æхца æмæ хор радта, зæгъгæ, уæд фондз хъазы сфыхта æмæ сæ æлдарæн ахаста.
— Бузныг дæ хуынæй, — загъта та уымæн дæр æлдар. — Фæлæ мын ис ус, дыууæ фырты æмæ дыууæ чызджы, æдæппæтæй стæм æхсæз, æмæ æхсæз æмхуызон дихы куыд ачындæуа дæ хъазты?
Хъæздыг зæхкусæг хъуыды кæнын байдыдта, куыд сæ байуара, ууыл, фæлæ йæ сæр ницы æрцахста.
Уæд æлдар мæгуыр музуккагмæ арвыста. Музуккаг æрбацыд, хъазтæй иуы систа, æлдар æмæ йæ усмæ радта æмæ загъта:
— Ацы хъазимæ уыдзыстут æртæ.
Дыккаг хъаз радта фырттæн:
— Сымах дæр ныр стут æртæ.
Æртыккаг хъаз та чызджытæн радта:
— Сымах дæр ныр æртæ стут.
Йæхицæн та райста, чи ма дзы баззад, уыцы дыууæ хъазы:
— Мах дæр ныр æртæ стæм, не ’ппæт дæр — æмхуызон. Æлдар фæхудти æмæ та музуккагæн æхца æмæ хор радта, хъæздыг зæхкусæджы та тæргæ ракодта.