Халон денджызы астæу сакъадахыл йæхицæн ахстон сбыдта. Лæппынтæ куы рауагъта, уæд сæ сакъадахæй зæхмæ хæссын йæ зæрды æрæфтыд. Иуы дзы йæ ныхты систа æмæ денджызы сæрты фæтæхы. Йæ астæумæ куы бахæццæ, уæд бафæллад, йæ базыртæ ма тыххæй тилы. Æмæ ахъуыды кодта: «Ныр ма мæ тых мæхимæ ис, мæ лæппын та æнахъом, æдых у, æмæ йæ денджызы сæрты ахæсдзынæн, фæлæ уый куы схъомыл уа, йæ хъаруйы куы бацæуа, уæд, цымæ, мæ фыдæбæттæ йæ зæрдыл æрлæудзысты æмæ мæн дæр мæнæ афтæ иу ранæй иннæмæ хæсдзæн? »
Æмæ зæронд халон йæ лæппыны фæрсы:
— Куы базæронд уон, уæд мæ ды дæр афтæ хæсдзынæ, æви нæ? Раст зæгъ æрмæст!
Йæ фыд æй денджызы куы ныппара, уымæй тæрсгæйæ халоны лæппын афтæ:
— Хæсдзынæн.
Фæлæ зæронд халон йæ фырты ныхасыл нæ баууæндыд æмæ йæ йæ ныхтæй суагъта. Халоны лæппын чысыл къуыбарау бынмæ атахт æмæ денджызы йæ тъæпп фæцыд.
Зæронд халон фæстæмæ йæ ахстонмæ æрбаздæхт. Дыккаг лæппыны дæр та систа æмæ йæ донысæрты фæхæссы. Денджызы астæумæ та куы бахæццæ, уæд бафæллад æмæ та йæ фырты фæрсы.
— Куы базæронд уон, уæд мæ ды дæр иу бынатæй иннæмæ хæсдзынæ?
Фырт фæтарсти, йæ фыд æй денджызы куы ныппара, уымæй æмæ загъта:
— Хæсдзынæн.
Ууыл дæр та нæ баууæндыд халон æмæ йæ денджызы ныппæрста.
Фæстæмæ йæ ахстонмæ куы æрбатахт, уæд ма йын дзы уыди иунæг лæппын. Систа зæронд халон йæ фæстаг фырты йæ ныхты æмæ фæтæхы денджызы сæрты. Бахæццæ ис йæ астæумæ, бафæллад, фæрсы йæ лæппыны:
— Мæ зæронды боны мæ фæдардзынæ æмæ мæ иу ранæй иннæмæ хæсдзынæ?
Халоны лæппын загъта:
— Нæ хæсдзынæн.
— Цæуылнæ?
— Уымæн æмæ, ды куы базæронд уай æмæ æз куы сыстыр уон, уæдмæ мæнæн мæхицæн ахстон дæр уыдзæн æмæ лæппынтæ дæр, æмæ æз мæхи хъæбулты дардзынæн, уыдоны радав-бадав кæндзынæн.
«Рæстытæ дзуры, — ахъуыды кодта зæронд халон, — æмæ йæ уый тыххæй хъуамæ цыфæнды зынæй дæр денджызы фале фæкæнон».
Йæ лæппыныл фидар хæцгæйæ йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта, йæ базыртæ сцагъта, æмæ йæ хъæбулы зæххыл сæмбæлын кодта, цæмæй уый дæр ахстон сбийа æмæ дзы лæппынтæ рауадза.