(Æмбисонд)
Иу мæгуыр сæудæджеры балцы цæуын хъуыд æмæ йе ’фсæйнæгтæ иууылдæр бонджын сæудæджеры æвджид ныууагъта. Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд æм бацыд йе ’фсæйнаг райсынмæ. Фæлæ йын æй уæдмæ бонджын сæудæджер иууылдæр ауæй кодта, йæхицæн та йын сæфсон кодта:
— Уæллæй, мæ хæлар, фыдбылызы хай баци де ’фсæйнаг.
— Уый та куыд?
— Хордоны дын æй бафснайдтон, уым та, банымайæн сын нæй, уыйбæрц мыстытæ, æмæ дын де ’фсæйнаг иууылдæр бахордтой. Мæхæдæг сæ уыдтон, куыд æй æхсыдтой, уый. Кæд мыл не ’ууæндыс, уæд бацу æмæ йæ дæхи цæстæй фен.
Мæгуыр сæудæджеры быцæу кæнын нæ фæндыд æмæ йын загъта:
— Цы ма йæ уынон! Афтæмæй дæр дыл æууæндын. Мыстытæ æдзух æфсæйнаг кæй фехсынынц, уый чи нæ зоны! Хæрзбон!
Æмæ мæгуыр сæудæджер уырдыгæй рацыд. Уынджы бонджынæн йæ лæппуйы федта æмæ йыл бацин кодта, йæ хъæбысмæ йæ систа æмæ йæ сæхимæ ахаста. Дыккаг бон бонджын сæудæджер мæгуырыл амбæлд æмæ йын йæ хъаст ракодта, афтæ æмæ афтæ, мæ лæппу, дам, цыдæр фæци. Стæй йæ бафарста:
— Мыййаг, ды ницы федтай? Ницы фехъуыстай?
Мæгуыр сæудæджер ын загъта:
— Куыннæ, куыннæ! Тæккæ знон, дæуæй куыд рацыдтæн, афтæ кæсын æмæ дын иу цъиусур дæ лæппуйыл йæхи куы ныццæвид, йæ дзæмбытæ дзы ныссагъта æмæ йæ ахаста.
Бонджын сæудæджерæн йæ маст ссыгъди æмæ зæгъы:
— Худинаг дын фæуæд мæныл худын! Кæд фенди уый, æмæ цъиусур лæппуйы ахæсса!
— Куы нæ дыл худын. Цъиусур лæппуйы ахаста, уый цас диссаг у? Мыстытæ фондзыссæдз путы æфсæйнаг куы бахордтой!
Бонджын сæудæджер хъуыддаг бамбæрста æмæ загъта:
— Де ’фсæйнаг дын мыстытæ нæ бахордтой, æз æй уæй акодтон æмæ дын æй дывæрæй бафиддзынæн.
— Гъемæ кæд афтæ у, уæд дæуæн дæр дæ лæппуйы цъиусур нæ ахаста, æмæ дын æй æз ратдзынæн.