Дыууæ сылгоймаджы бацыдысты иу разагъды лæгмæ, зондæй йæ бафæрсæм, зæгъгæ. Иу дзы йæхи нымадта стыр тæригъæдджыныл. Æрыгонæй йæ лæгыл сайдæй рацыд æмæ тынг тыхсти. Иннæ та цард-цæрæнбонты, закъон куыд домы, афтæ фæцард, йæхимæ ницы тæригъæд ардта, цæвиттон, разы уыд йæхицæй.
Зæронд лæг сæ сæ царды хабæрттæй бафарста. Иу дзы, йæ цæссыгтæ нæ уромгæйæ, басаст йæ тæригъæдыл, нымадта йæ стыр фыдракæндыл, æмæ йын хатыргонд æрцæудзæн, уый йæ нæ уырныдта. Аннæ та загъта, ницы тæригъæдтæ, дам, арын мæхимæ.
Зæронд лæг фыццаг сылгоймагæн афтæ:
— Ацу æмбонды æддемæ, ссар дзы, кæй сфæразай, ахæм стыр дур æмæ йæ æрбахæсс... Ды та, — загъта лæг, ницы тæригъæдтæ мæм ис, зæгъгæ, чи загъта, уымæн, — æрбахæсс, цас дæ бон у, уыйбæрц лыстæг дуртæ.
Сылгоймæгтæ сæххæст кодтой зæронд лæджы фæдзæхст. Сæ иу стыр дур æрбахаста, аннæ та голладжы дзаг лыстæг дуртæ.
Лæг дуртæм æркаст æмæ загъта:
— Ныр та афтæ бакæнут: цы дуртæ æрбахастат, уыдон фæстæмæ ахæссут æмæ дзы алкæй дæр йæ бынаты сæвæрут.
Сылгоймæгтæ та ацыдысты, æмæ сын зæронд лæг куыд загъта, афтæ бакодтой. Фыццаг ус æнцонæй ссардта, стыр дур кæм æвæрд уыд, уый æмæ йæ йæ бынаты сæвæрдта. Фæлæ дыккаг ус утæппæт дуртæн сæ бынæттæ, ай-гъай, нал ардта æмæ дзаг голлагимæ фæстæмæ æрбаздæхти.
— Уæдæ, мæ хуртæ, тæригъæдты хабар дæр афтæ у. Ды стыр дурæн йæ бынат æнцонæй ссардтай, уымæн æмæ дæ нæ ферох, кæцæй йæ рахастай, уый. Ды та, — дзуры дыккаг усмæ, — дæ зæрдыл нæ бадардтай, лыстæг дуртæй чи кæм уыд, уый. Ды, — зæронд лæг йе ’ргом раздæхта фыццаг сылгоймагмæ, — дæ иу тæригъæды тыххæй дæхи хордтай, фæсмон дæм æрцыд, уымæ гæсгæ дзы дæхи ссыгъдæг кодтай... Ды та, — загъта лæг, лыстæг дуртæ чи ’рбахаста, уымæн, — бирæ чысыл тæригъæдты бацыдтæ, фæлæ дæ-иу ферох сты, фæсмон сыл нæ кодтай æмæ тæригъæдджынæй цæрыныл сахуыр дæ, æфтыдтай ма дæ галиу митыл.
Мах не ’ппæт дæр тæригъæдджын стæм æмæ сæфты фæндагыл ацæудзыстæм, фæсмон сыл куы нæ кæнæм, нæхи сæ иуварс куы нæ ласæм, уæд.