Æлборты мыггаджы равзæрды тыххæй нæ хистæртæй цы фехъуыстон, цы мын бахæс кодтой, уый ныффыссыны хæс мæхимæ раджы райстон, фæлæ мын бонæй-бонмæ зад.
Мыггаджы равзæрды тыххæй кæд æнцон фыссæн нæу, уæддæр нæ фыдæлтæн сæ фæдзæхст цыбырæй равдисынмæ хъавын, Æлборты Къиазо мын иу куыд дзырдта, афтæмæй Æлбор аст æфсымæрæй уыдис æстæм. Уыдон уыдысты Зембаты лæппутæ, кæй хæрæфырттæ, уый мын зындгонд нæу. Æфсымæртæ хуындысты: Æлбор, Габу, Къакъа, Лазар, Цого, Къадз, Беса, Татра. Ацы æфсымæртæй уын радзурдзынæн иуы — Æлборы тыххæй.
Æлборæн уыдис авд лæппуйы. Уыдон уыдысты Челдыты хæрæфырттæ. Челдытæ цардысты Мамысонгомы Згъилы хъæуы. Ам сын зæхх куы скадавар ис, уæд сæ иу хай алыгъди Къуыдаргоммæ. Цы бынаты æрцардысты, уый схуыдтой Надарвазы хъæу. Æлборы фырттæ хуындысты: Дауыт, Сехи, Тури, Кута, Тути, Тутджери, Тотыхъ. Авд лæппуйы дæр цардысгы Уæлладжыры комы Луары хъæуы. Луары хъæу. Æлбортæн ма дзы ныр дæр ис сæ мæсыг.
Æлбортæ, уыцы ран цæргæйæ, фæтуджджын сты, Куыд дзурынц, афтæмæй Æлбортæ уыдысты Сидæмонтæй. Ирон, рагон æгъдаумæ гæсгæ, туджджынтæ хъуамæ æфсæрмæй æмæ тæссæй сыстадаиккой сæ бынæттæй æмæ алыгъдаиккой æндæр ранмæ. Хаттæй-хатт иу туджджынтæ алыгъдысты æндæр бæстæм — æндæр адæммæ дæр. Æлборы лæппутæ дæр фæхъуыды кодтой æмæ цыппар æфсымæрæй, Сехи, Тури, Дауыт æмæ Кута сфæнд кодтой сæ мады æфсымæртæм Къуыдаргоммæ алидзын. Челдытæ дæр уыдонæй бирæ раздæр нæ алыгъдысты уырдæм, Надарвазы хъæумæ, ном дæр ыл сæ вæрдтой сæхæдæг. Æлборы цот бæстæ агурæг уырдæм ныфтгæйæ сæм сæ мады æфсымæртæ æрхатыдысты, ам æрцæрут махимæ, зæгъгæ, зæххытæ ссыгьдæг кæнут уæхицæн æмæ цæрут.
Æртæ 'фсымæрæй, Дауыт Сехи æмæ Тури сæ мады æфсымæрты коммæ бакастысты. Цыппæрæм, Кути. алыгъдис дарддæр Джеры коммæ, æмæ абон дæр йæ цотæ байзæддаг цæрынц уым. Нæ хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй æфсымæртæ кæрæдзимæ цыдысты тынг арæх.
Æртæйæ та Цæгаты баззадысты, уыдонæй дæр иу, лæгмар чи уыдис, уый Тути, алыгъдис Кæсæгмæ. Иннæ æфсымæртæ æрбахызтысты Дæргъæвс æмæ Дæллаг Xъæнимæ. Дæллаг Xъæнийы æрцардис Тутджери. Кæсæгмæ сæ чи алыгъд, уый пысылмон дин райста, фæлæ ма ныр дæр йæ цот сæхи хонынц Æлбортæй. Ныртæккæ сты 100 хæдзарæй фылдæр.
Тутджерийæн уыд æртæ фырты: Xамырзæ, Xъамболат æмæ Дзаге. Уыдонæй Xъамырзæйæн — Æндри, Цыхъо, Бицо, Инаго. Дзагейæн — Мишка, Гайто. Xъамболатæн цот нæ рацыд.
Дарддæр фыст цыдис Дауыты, Сехийы æмæ Турийы фæстæ цы фæд рацыд, уыдоны кой. Ам цæ нæ мыхуыр кæнын, фæлæ кæд искæйы хъæуа, уæд иу фыссут.
Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта
Æлборты Миштайы фырт Валодя
Ист у газет «Рæстдзинад»-æй. |