Уæлдæф — хъарм дæ хъæлдзæг худтæй,
Рухс — дæ цæстытæй мæ цин.
Æз зæрин цæгъдын мæ удæй,
Ахæм амонд мæ фæци.
Сау чысыл æхсæв дæ дзыкку —
Афтæ ‘хцон зæу-зæу кæны!
Ехх, цы ‘рдаг уысм дæ, — фæлыг у,
Науæд фырцинæй мæлын!
8.02.1971