«Стайыцармдарæг» ратæлмац кæнын мæ рагон бæллиц уыд, фæлæ йæм, раст зæгъгæйæ, мæ ныфс нæ хастон. Иу фæсарæйнаг ахуыргонд фыста, зæгъгæ, «Стайыцармдарæг» ратæлмац кæнын æнæхъуаджы хъуыддаг у, уымæн æмæ тæлмацы уыйбæрц сафы æмæ уый фыдракæнд у Руставелыйы генийы раз.
Руставели йæ уацмыс фыста сæрибарæй, йæхи загъдау, хъазгæ æмæ худгæйæ, сарæзта йын бæрæг-бæлвырд национ фæлгæт. Тæлмацгæнæджы зын куыст уый мидæг ис æмæ уыцы поэтикон фæлгæттæм æндæр национ æвзагыл хъуамæ æркæна поэты генион хъуыдытæ. Уыйадыл уацмысæн эквивалентон тæлмац скæныны фадат зынæй ис. Кадæгæн, иронау тæлмацгæнгæйæ, ныхдур уыд уый дæр æмæ ирон æвзаджы нæ баззад паддзахы галуаны терминологи.
Цæмæй тæлмацы йæ оригиналы зæронд колорит уыдаид, уый тыххæй бахъахъхъæнын хъуыд традицион «бæрзонд» æмæ «ныллæг» шаирийы (гуырдзиаг æмдзæвгæвæрды 16-онгон хуыз) гармони, стæй строфайы цыппар æмхуызон рифмæйы дсер. Кадæджы текст рафæлгъауыны хъуыддаджы мын баххуыс, сæйраджы, оригинал æмæ, йæ алыварс руставелологон литературæйы цы быцæутæ цыд, уыдон сахуыр кæнын, стæй йæ ирон тæлмацы традици (куыстой ма йыл Хозиты Яков, Плиты Харитон, æнæхъæнæй та йæ раивта Саулохты Мухтар) æмæ, æппынфæстаг, йæ бирæ уырыссаг тæлмацтæ зонын.
«Стайыцармдарæг» мæ йæхимæ сæйраджыдæр ныббаста канд йе стыр идейон-аивадон миниуджытæй нæ, фæлæ дзы мæ зæрдæйæн лымæн, иумæйаг кавказаг уд, уый нæ, фæлæ ма Иры кулътурæйæн, Иры кæддæры нæргæ историйæн хицон миниуджытæ кæй федтон, уымæй дæр.
«Стайыцармдарæг» раивын æз сæйраджы нымайын мæ нацийæн ахъазы хосыл. Руставелийы гени бирæ хæрзиуджыты бацæудзæн ирон зонд æмæ зæрдæйæн, уый æмрæстæджы тæлмацы нысан у ирон æмæ гуырдзиаг адæмы хæлардзинады æнусон мæсыгыл ноджы иу дур сæвæрын, уымæн æмæ кадæг фыст у гуырдзы æмæ иры рагон туглымæндзинады иууыл бæрзонддæр æвдисæндарты — Тамар æмæ Дауыт Сосланы номарынæн.
Тæлмац, зæгъгæ, ацы нысæнттæм чысылдæр фæхæццæ, уæд æз мæхи нымайдзынæн амондджыныл.