Чиныджы ныффыста: «Ме 'фсад, — ацы бонмæ уыл мæ бар цыд, —
Уе 'ппæт, хистæрæй-кæстæрæй, — чи уæ сонт у, чи та — кардзыд, —
Ме 'муд, ме 'нувыд хæстонтæ, иумæ 'рбамбырд ут уæ бардзы
Æмæ байхъусут, уæ зæрдыл фидар бадарут мæ бардзырд!
У мæ къухæй фыст а чиныг, хъуыды чиныджы разыны.
Фод уæ сæрылхаст уе спаспет, — мæн куы бадарат азымы:
Хъуамæ баивон рæстæгтæй цъусдуг цæл æмæ нуазыныл,
Искуы хибарæй минасыл, фат æмæ 'рдынæй хъазыныл.
Афæдз ахæтын ыстæры домынц уе 'лдарæй йæ хæстæ,
Хъуамæ иунæгæй фæцæуон, ме стыр балцы 'мгъуыд æрхæстæг,
Æмæ уе 'ппæтæй цы курын, уæд цæуыл уын у мæ лæгъстæ:
Фидар хъахъхъæнут мæ фæстæ тохты не знæгтæй нæ бæстæ.
Шермадины уын мæ бæсты уадзын хистæры бынаты,
Мард уон æз æви сæрæгас, уый — уæ сæрхъызой бæгъатыр,
Хурау уе 'ппæты рæвдаудзæн, уарди не 'мпылдзæни, хатын,
Фæлæ хивæндæн, мæнгардæн, зонут, никуы кæндзæн хатыр!
Уæвгæ, 'мбарут æй уæхæдæг, — уый у ме 'фсымæр, мæ кæстæр,
Мæн куыд нымадтат, раст афтæ ут йæ коммæгæс мæ фæстæ:
Сида уадындзæй фæдисы, — уайтагъд рарæвдз-иу ут хæстмæ.
Æз куынæ зынон, — æмбæлы, калат сау цæссыг уæ цæстæй».
Номы 'взаггæлæн йæ чиныг ууыл ахицæн и, балхынцъ.
Роны бафснайдта сыгъзæрин æмæ бабадти йæ бæхыл.
Радта цуан кæныны бардзырд æмæ быдыры уæрæхы
Мæнæ йе 'фсадимæ иумæ, уадау, саг лæппу фæтæхы.
Бæх фæурæдта фæстагмæ æмæ йе 'фсадæй фæхицæн;
Загъта цагъартæн: «Ныууадзут мæн ам иунæгæй мæхицæн».
Æмæ хъамылы фæаууон, ныр кæм цæудзæни, кæм хитдзæн,
Тинатины уарзтæй уадзыг уым йæ сонт зæрдæ нæ чъиодзæн.
Атахт атагъайы уайтагъд, адард, аныкъуылдта лæппу.
Иунæг фенæг æй нæ фæцис, цæст нæ фæхæцыд йæ гæппыл.
Тохы карды бын фыдтасæн никуы чъил кодта кæд æппын,
Абон уарзты раз фæтасыд æмæ нал уыдис йæ чеппыл.
Фесты цуангонд æмæ 'рфарстой æфсад-хицауæй кæрæдзи,
Фæлæ хурдзæсгом кæм фесæфт, иу дæр уый фенæг нæ фæци.
Зилынц, алы ран ысгарынц, агурынц — йæ бон кæмæн циу.
Хъæлдзæг хъал ма та сæ чи у, се 'ппæт — сагъæссаг, æнæ цин.
«Цæй, кæм агурæм, — дзыназынц, — ныр нæ сæрхъызой домбайы?!»
Къордæй къорды 'хсæн фæдисы тагъд-тагъд фидиуджытæ уайы.
Фæлæ нæй æмæ фæстаг ныфс зæрдæты сындæггай тайы
Æмæ хæстонты цæстытæй маст уыраугæ цæссыг сайы.
Шермадин йæхимæ басидт балхон, разагъта уæздæттæм,
Систа, равдыста сын чиныг, загъта 'рхæндæгæй æппæт дæр.
Уый сын сагъæссаг кæм нæ уыд æмæ зæрдæты ныфссæттæн!
Кодтой еу-додой, сæ сæртæ хостой утæппæт æфсæдтæ.
Загътой: «Хицауы фæлыгъдæй махыл масты цæхæр разæй,
Фæлæ, зонæм æй, йæ бынат не 'мбæлд никæмæ дæ разæй
Æмæ, коммæгæс цагъартау, ныр дæ бæрны стæм æгасæй!»
Ард ын бахордтой йæ разы иумæ фидары ныхасæй.