Абдул-Месси — кæс Шавтели.
Адам æмæ Ева — библимæ гæсгæ, адæм кæмæй рацыдысты, уыцы фыццаг нæлгоймаг æмæ сылгоймаг.
Адæм нал исынц сæ цъæхтæ... (1490 строфа) — контекст куыд амоны, афтæмæй фыдохы бон ацы бæстæйы сауты бæсты дардтой цъæхтæ.
Азабæлас — таурæгътæм гæсгæ мардæгасгæнæг, низтæсурæг бæлас, зайы дзæнæты.
Алфæн — охыл, сæраппонд, тыххæй.
Амирбар — æфсæддон флоты хистæр.
Амирспасалар — административон хицау æмæ æфсæдты хистæр.
Аспироз — Венерæ, Бонвæрнон (Боброн), астрологи йæ нымадта фидыц æмæ уарзты планетæйыл.
«Ацы хорз таурæгъ — хуры къæртт — персæй рафтыди гуырдзымæ» (9 строфа) — кадæджы ацы рæнхъыл руставелолæгтæ быцæу кæнынц абоны онг. Сæ фылдæры хъуыдымæ гæсгæ поэт афтæ зæгъы барæй, йæ уæндон хъуыдыты фæдсафынæн: нырмæ бæрæг нæу персмæ æнгæс таурæгъ.
Æвдадз — аргъæуттæм гæсгæ æнахуыр удæгасгæнæг хос.
Æвзаггæл — куырыхон, дзырдарæхст лæг.
Æргъæу — рæсугъд, зынаргъ дуры мыггаг.
Барбит — хъисын фæндыры æнгæс инструмент.
Буд — тропикон бæласы хæрздæф чъиу, судзынц æй дингæнджытæ аргъуанты.
Визир — паддзахы галуаны стыр хицау.
Вельзевул — дины чиныгмæ гæсгæ хæйрæджыты хистæр.
Вис — хурыскæсæйнаг роман «Вис æмæ Рамин»-ы хъайтар.
Габаон — диссаджы рæсугъд бынат Палестинæйы, йæ кой ис Библийы.
Галуан — иуæй — паддзахбадæн хæдзар, иннæмæй та — паддзахы бинонтæ æмæ барджын хицæуттæ иумæ.
Геон — цæугæдон Аму-Дарья.
Даредзаны фырт Амран — кæс Хонели Мосе.
Дари — зынаргъ зæлдаг хъуымацы мыггаг.
Дауыт — Дауыт Сослан, иры паддзахы фырт, Тамар-паддзахы лæг (XII æнусы). Автор ын йæ хорзы кой кæны кадæджы райдианы дæлгоммæ (3 строфайы) æмæ кæронæй та — æргом.
Дивнос — кæнæ псевдо-Дионис Ареопагаг, Ш. Нуцубидземæ гæсгæ у чырыстон дины философийы иууыл стырдæр минæвæртгæй сæ иу — гуырдзиаг моладзан Петр Ибериаг. Руставели амоны, зæгъгæ, уый раргом кодта царды сусæгдзинад — дун-дунейы ис æрмæстдæр иунæг райдиан — хæлар райдиан, æмæ, зæгъгæ, уый та у Хуыцау...
Диларгет — кæс Тмогвели.
Драхмæ — æхцайы æмæ уæзы иттæг къаннæг иуæг.
Дзæнхъа — урс зынаргъ æрттиваг дуры мыггаг.
Дзæнхъавг — рухсдзыд зынаргъ авг (хрусталь).
Дзинкъуыр — хæйрæг.
Евфрат — фурд Чысыл Азийы.
Ева — кæс Адам.
Залдзæг — цæгбыд æфсæн хæдон (хæстон уалæдарæс).
Зин — дæлимон.
Зуал — Сатурн (Кронос), астрологийы нымад у фыдбылызхæссæг планетæйыл, уыйадыл æй хонынц тар, саудалынг, кæд æцæгæй урс тæмæнтæ калы, уæддæр.
Къаба — зæронд Гуырдзыстоны нæлгоймаджы дарæс, цухъхъайы 'нгæс.
Каджитæ — кадæгмæ гæсгæ хин, кæлæнгæнæг адæмы мыггаг.
Каджет — каджиты бæстæ.
Каин — (æви Каис?) Низамийы кадæг «Лейли æмæ Меджнун»-ы хъайтар.
Лал — зынаргъ, хуызджын дуры мыггаг.
Марих — планетæ Марс, астрологийы — хæсты бардуаг.
Миджнур — уарзон (араббаг æвзагыл).
Муштар — Юпитер, нымадтой йæ амонддæттæг планетæйыл, рæстдзинады бардуагыл.
Налхъуыт-налмас — иттæг зынаргъ дуры мыггаг.
Нарди — хурыскæсæйнаг хъазæнгарз.
Отарид — Меркурий, хурмæ иууыл æввахсдæр планетæ, нымадтой йæ зонд æмæ арæхсты, амондфыссæджы бардуагыл.
Перпера — хурыскæсæйнаг сыгъзæрин æхца.
Платон — рагон бердзенаг философ, идеализмы антикон системæ скæнæг.
Порфир — паддзæхты зынаргъ сырх дарæс.
Равг — зæрдæйыуаг.
Рамин — кадæг «Вис æмæ Рамин»-ы хъайтар (кæс Вис).
Ростом — Фирдоусийы кадæг «Рустем æмæ Зориб»-ы сæйраг хъайтар.
Руствели — Руставелийы зæронд гуырдзиаг фелхъывдгонд формæ.
Сала — Низамийы кадæг «Лейли æмæ Меджнун»-ы архайæг.
Саламан — роман «Саламан æмæ Абсал»-ы хъайтар.
Сарыхъхъ — хæстон æфсæн худ.
Сафран — бур дидинæг.
Скиптрæ — паддзахы лæдзæг.
Спаспет — æфсады хистæр.
Стъалыбардз Мыдзбыр (1316 строфа) — ацы стъалыбардзы хур вæййы 22 июны, афтæмæй ам архайд цæуы уыцафон — сæрды райдианы.
Тамар — Гуырдзыстоны ус-паддзах (XII æнус). Кадæгæй куыд зыны, афтæмæй уый фыст у Тамар æмæ йæ сæры хицау Дауыт Сосланы ном арынæн. Уыдон сты прототиптæ иуæрдыгæй Тариел æмæ Нестан-Дареджанæн, иннæрдыгæй та — Автандил æмæ Тинатинæн.
Тауби — уæлдæрлæууæг, уæздæтты минæвар.
Хауыс — дам-дум, хахуыр.
Тигр — Евфраты фурды фæрсагдон.
Тмогвели Саргис — XII æнусы гуырдзиаг поэт, кадæг «Диларгет»-ы.
Удæвдз — аргъæутты удæнæхцон хæдцæгъдгæ уадындз.
Фидиуæн — уац, фидиуæг цы хабар хъусын кæны, уый латун — æхсин.
Хонели Мосе — XII æнусы гуырдзиаг фыссæг, хонынц æй «Даредзанты Амран»-ы героикон романы автор.
Чанги, чагъана — хъисын фæндыры 'нгæс инструменттæ.
Шавтели — XII æнусы гуырдзиаг поэт, кадæг «Абдул-месси»-йы автор.
Эзрос — XII æнусы райдианы поэт, йе 'мдзæвгæты æмбырдгонд.
«Дивнос» («Дионос») рацыд араббаг æвзагыл.