Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 07.12.2010 | прочитано 2864 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ДЫУУÆ ЭТЮДЫ

АГЪНАТЫ Гæстæн 

Журнал «Мах дуг», 2009, №12 

 

 

ХЪАРИАН, КÆНÆ ÆРТÆ ФÆЛТÆРЫ СУСÆГДЗИНАД
 

Мæ фыдымад уыд Хъаратæй, æмæ йæ иууылдæр хуыдтой Хъариан. Æз æм йæ ном Сæнайæ сдзургæ никуы никæй фехъуыстон. Мах дæр æй, йæ цоты цот, хуыдтам Хъариан. 

Æвæццæгæн, йæ ном йæхицæй дæр ферох. Фæцард фондзыссæдз азæй фылдæр. Æз ын йæ ном базыдтон æрæджиау — йæ амæлæтæй бирæ фæстæдæр. Азтæ — æгъатыр уæззау, ницы сын быхсы, æндон дæр баихсыйы, дур дæр сæ тайы. Кæддæры бæрзонд, рæхснæг, æлвæст хъæддых сылгоймаг фæгуыбыр, цыд лæдзæджы æнцæйтты. Бахус. Баруад. Фæлæ йæ цæстыты рухс, йæ цæстыты æрттывд, цалынмæ сæ æнустæм æрæхгæдта, уæдмæ нæ ахуыссыд. Йæ фæстаг боны онг йæ цæстытæ цæрдхуыз уыдысты, цыдæр æнахуыр æрттывдрухс сæ калд. Уæвгæ, цалынмæ ма хуыйын, сынк кæнынмæ арæхсти, уæдмæ, йæ судзины бын ын исчи æндах аласа, уый сæр æй никæд бахъуыд. Базæронд, æруатон, уæддæр ма дзы нæ бинонтæ стъæлфыдысты, йæ алы ныхас дæр нын уыд бардзырды хуызæн. Йæ рæстæджы уый уыд, дурæй дон рауадздзæн, лæджыхъæдджын сылгоймаг у, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм. 

Мæ фыдыфыды æфсымæртæ уыдысты æртæ. Æртæ гуыппырсар лæппулæджы. Хъариан — файнустыты хистæр, фондз сывæллоны мад. Иннæ файнустытæй иуæн — æртæ, иннæмæн — дыууæ сывæллоны. Сабитæй чи — дзидзидай, чи хъæбысыхæсгæ, чи фыццаг къахдзæфтæ кодта. Уыцы рæстæг Ирыстоны сыстад æбуалгъ низ — тиф. Зарæг æмæ фæндыры цагъд нал хъуыст, фæлæ кæуын, хъарæг, сылгоймæгты марой. Адæм цагъды кодтой. Тæвдниз сæ иувæрсты нæ ацыд мæ фыды фыдæлтæн дæр: æртæ æфсымæры кæрæдзийы фæстæ амардысты. Æртæ æрыгон сылгоймаджы сидзæргæстæй баззадысты. Хъарианмæ стыр хæдзары бинонтæн уынаффæ кæнын æрхауд. Стæй уыцы бар, æвæццæгæн, дæтгæ дæр никæмæн ракодтаид. Рæстæг — суйтæ, куырмæлхынцъытæ. Адæм æддæг-мидæг ауадысты, раст æмæ зылын кæрæдзийæ раиртасæн нал уыд. Адæм кæрæдзиуыл нал ауæрстой. Къæрныхтæ æмæ абырджытæ балбирæгътау лæбурдтой, æфсарм нал зыдтой. Хъарианыл хуыссæг нал хæцыд: æртæ кусæг æфсымæрæн баззад æртæ бæхы. Уæдæ сæм стуртæ дæр куыд нæ уыд, фыстæ... Куы ничи сын сæ адавид. Æмæ уæд йæ дæлдæр-уæлдæр сидзæртæ цы фæуыдзысты? Куыд цæрдзысты? Давæг тæригъæд нæ зоны, куы сфæнд кæна, уæд ын бауромæн нæй. Нæ! Хъариан йе ’нахъом сабиты æнæ урсаг нæ ныууадздзæн. Сæ бæхтæ — сæ хæдзардарæг, æмæ уыдон абырджыты хай фæуой, уый нæ бауадздзæн. Æртæ æфсымæры сæ фæстæ цы сидзæртæ ныууагътой, уыдон уымæ кæсынц. Æмæ скарста: æхсæв хуысдзæн скъæты, йæ бæхты, йæ фосы цур, йæхицæн хуыссæг нæ садджын кæндзæн, йæ цæстытæ не ’рæхгæндзæн, сæ джидæ фæрæт — йæ хæцæнгарз, æдзухдæр уыдзæн йæ фарсмæ. 

Скъæт скъæт у. Цас хъарм уыдзæн зымæгон æхсæв? Хъариан алы дзаумæтты, алы пысулты йæхи бæргæ стыхтытæ кæны, фæлæ уæддæр уазал буары хизы. Кæд та æрбарухс уыдзæн? Охх, зымæгон æхсæв, куыд даргъ дæ, кæрон дын куыднæуал вæййы... Цæмæй æгæр ма уазал кæнай, уый тыххæй рацу-бацу кæн, змæл. Æрмæст дæ хайуантæй, дæ фосæй макæй бахъыгдар: хъавгæ дæ къах айс, дæ къахфындзтæ æмæ дæ къухтæй дæ развæндаг сгар, агур. Æгæр уазал кæныс, уæд хъугыл банцой кæн, дæхи йæм нылвас, цыма йын хъæбыс кæныс. Дыууæ стуры хуыссынц, уæд се ’хсæн дæхи æруадз, сæ хъармæй ды дæр фæхайджын уыдзынæ. 

Саудалынг. Цæсты къух фæтъыссæн нæй, фæлæ Хъариан уæддæр сæ бæхтæ, сæ фосæй алкæй дæр зоны: цыма сæм хуры рухсмæ кæсы, афтæ сæ уыны. Зоны сæ сæ улæфт, сæ фезмæлд, сæ уæнгты æвæрдæй, сæ базмæлдæй. Мæнæ уый сæ зæронд хъуг у. Иу æхсæв æддæ никуыма баззад, сабыр, уæздан, цыбырсыкъа, асæй стыр нæу, фæлæ æхсырджын, æмбаргæ. Мæнæ уый Зыгъар у, сæ бæх, талынджы йæ ныхыл йæ урс зыгъар зæрдæйы хуызæн нæ зыны, фæлæ йæ Хъариан уыны. Йæ бæрцытæ иннæ дыууæ бæхы бæрцытæй — даргъдæр, уыцы лæгъз, цыма сæрвасæнæй фаст сты, фырсауæй сойæ сæрсты хуызæн, хурмæ цæхæр фæкалынц. Æмæ хъуамæ Зыгъар æмæ иннæ дыууæ стуры кæйдæр амæттаг фæуой? Уымæн та йæ бинонтæ ихы сæр аззайой?.. Нæ-æ! Æмæ ма иу хатт дæр — нæ! Ног цард, зæгъгæ, адæм сбирæгътæ сты, кæрæдзимæ лæбурынц. Адæм ма искæд кæрæдзи бамбардзысты? Искæд ма адæм фæстæмæ адæмы хуызæн суыдзысты? Æмæ Хъарианæн йæхицæн цы у? Фæлæ сывæллæттæ, сывæллæттæ... Ног цард исты хуызы бындуронæй куы æрфидар уаид. Æмтъеры, змæст рæстæг... Кæд фæуыдзæн? Дуне — æдзæм сабыр. Нæ, нæу æдзæм сабыр: сæ гал сынæр цæгъды. Гал у, уый йæ йæ уынæрæй зоны. Ехх, кæд та æрбабон уыдзæн! Æмæ йæ файнустытæ дæр фæзæгъынц: мах дæ раивæм, радæй хъахъхъæнæм, фæлæ — нæ... уыдон æрыгондæр сты, æмæ сыл не’ууæнды: хуыссæг сыл куы фæуæлахиз уа. 

Хъарианæн йæ хистæр лæппу Æмзор — цалдæр хатты афæнд кодта: «Ахсæв æз цæуын нæ фос хъахъхъæнынмæ», — фæлæ йæ мад дзурын дæр не суадзы. Нырма йыл цы цæуы? Æртындæс азы, æмæ мын йæхицæй лæг аразы. Давджытæ хатыр нæ зонынц, æмæ йæ хистæр хъæбулыл исты фыдбылыз куы ’рцæуа, уæд æй йæхицæн никæд ныббардзæн, фæлтау æй ацы дунейыл ницы хъæуы. 

Хъариан кæвдæсмæ бахызт. Уазал. Хосы муртæ, цыдæр бызгъуыртæй йæхи æрæмбæрзта æмæ æдзæмæй бады. Хуыссæг... сихорыл иу сахат афынæй кæндзæн. Ныр... ныр та сæ бур хъуг цæгъды сынæр. 

Уый... Хъариан нал улæфы. Цыдæр уынæр... фосы уынæр нæу. Давæг, уый давæг у. Уæлдæф сылгоймаджы хъуыры акъуыбар. Цыдæр гыбар-гыбур... йæ зæрдæ... йæ зæрдæ риу хойы, æддæмæ тоны, йæ хъæрæй йын ницыуал хъусы. Æнхъæлдæн, æнхъæлмæ цы ’хсæвмæ каст, уыцы æхсæв у. Сæ куыдз Къуыбырхъус кæм и? Цæуыннæ рæйы? Æхсæвдзу давæгыл йæхи цæуыннæ æппары? Йæ хъæлæсы йæ цæуыннæ ахæссы? Скъæты дуар мидæгæй æвдузæнæй æхгæд æмæ йæ чидæр гом кæны. О, о, чидæр æй гом кæны. Æмæ, дæ къух æдде мидæмæ æрбакæн æмæ йæ байгом кæн, уый чи зоны? Хъариан æй йæхæдæг тыххæй куы бакæны, йæхæдæг æм тыххæй куы сарæхсы. Уый... Уый зонгæ чидæр у. Æнæмæнг. Æмæ куыд? Йæ хъæлæс араугæ куыд ацæуа, афтæ ныцъцъæхахст, ныхъхъæр кæна... Нæ! Хъариан йæ мадæн чызгæн нæ райгуырд, уый афтæмæй куы ауадза. Скъæты дуар æрбазыхъхъыр, æнæуынæрæй æрбайгом, æмæ дыдзы рухс мидæмæ æрбайвæзт. Сылгоймаг æнæуынæрæй, цыма аууон у, афтæ фæцæуы. Нæ! Фæхъуызы. Гæды мыстмæ куыд фæхъуызы, афтæ. Йæ джидæ фæрæт... Æрбайрох дзы. Æмæ байрох уæд, фæстæмæ йæм нал разилдзæн. Рæстæг... 

Скъæты дуар тынгдæр æрбайгом æмæ дзы аууоны хуызæн нæлгоймаджы æндæрг фæзынд. Зонгæ уыдзæн. Æмæ иунæг у æви цалдæр сты. Мин дæр уæнт. Хъариан сæ ницæмæй тæрсы. Бæхтæм... бæхтæм у йæ хъавд. Кæд иунæг у, уæд Зыгъармæ æрбацыд. Сыхы, хъæуы нæлгоймæгтæй йæм бирæ чидæртæ хæлæг кæнынц, сæ цæстытæ дзы нал фæисынц. Нæ! Хъариан сæ бæхы давын нæ бауадздзæн, ноджы уый йæ цардæмбалы бæх у æмæ... фæлтау мæлæт ссардзæн. Йæ цардæмбал нал и, фæлæ йæ бæх... Æрыгон, тæнтъихæг сылгоймаг бæхмæ бахæстæг, цыма аууон у. Давæг ын йæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ æмæ йæ тыхулæфтæй ма фæтæрсæд, æндæр... нæ йæ ауадздзæн. Зыгъары... Зыгъары давы. Нæ! Цъаммар, нæ дын бантысдзæн! Бахъуыд æй... сæ хуыздæр бæх æй бахъуыд. Давæг аууон бæхмæ къахдзæфы онг бахæстæг, ныртæккæ йын йæ бæттæн кæвдæсæй сыхалдзæн æмæ... 

— О, цъаммар! — сылгоймаджы хъæлæс араугæ ацыд, æнхъæлдæн, скъæты хъæмпын сæр йæ уæлæ систа æмæ æддæмæ аивылд. Иу къухæй бæхы æхсæвбæттæн ацахста, иннæмæй давæджы æфцæггот, æмæ йыл ныххæцыд, ныффидар ыл, цыма йæ аркъауæй нылхъывта. Йæ тых, йæ бонæй йæ ныууыгъта. Æмæ йæм уыйбæрц тых æмæ ныфс кæцæй февзæрд? Бæхы дæр æмæ давæджы дæр нæ ауадздзæн. Давæг, цыдæр уысм, цыма цырт у, афтæ æдзæмæй аззад, æвæццæгæн, ахæм фембæлдмæ æнхъæлмæ нæ каст, стæй, æвæццæгæн, йæхи фембæрста æмæ сылгоймаджы къухтæй йæхи тоны, йæхи æддæмæ æппары, йæ сау, цъаммар цæсгом æмбæхсы. Ма йæ æмбæхс, уæддæр дæ Хъариан базондзæн, афтæмæй дæ нæ ауадздзæн. Йæ къухтæ йыл афтæ нындæгъдысты, афтæ фидар ыл хæцынц, æмæ йæ дæс лæджы дæр нæ атондзысты. Цъаммар. Йе ’взаг аныхъуырдта æмæ дзы иу ныхас нæ хауы. Йæхи тоны, хъуырдухæн кæнынц. Нæ йæ ауадздзæн, ницы хуызы, фæлтау амæлæд. Хъуырдухæнгæнгæ скъæты дуары къæсæрмæ рахæццæ сты. Нæ, Хъариан æй не суадздзæн. Мит æмæ мæйы рухсмæ давæджы цæсгом фæзынд. Æмæ... О, дунескæнæг Хуыцау, уый цы хабар у! Адæм бынтондæр бирæгътæ фестадысты, табуйаг сын зæххыл æппын куы ницыуал ис. Цавæр рæстæджы цæрæм? Давæг... сæ сыхаг, сæ хæрз сыхаг лæппу. О, мæ бон куыд бакалд! 

— Худинаг дын нæу, Хадзыбечыр?! — сылгоймаджы хъæлæс ризы, йæ аркъаукъухтæ лæппуйæ феуæгъд сты æмæ йæ уæрджытыл æрхаудтой, йæ уæрджытæ ныххоста. Охх, куыд ма цардæуа! 

Хадзыбечыр... Хъарианы хистæр лæппу Æмзорæй æртæ-цыппар азы хистæр, йæхи лæппуты хуызæн æй уарзта, йæ хъарм цæхджын хæринаг дзы никæд бамбæхста, æдзухдæр сæм цыд уыцы хионхуызæй. Æмæ дын уый та — гъа... 

— Ды... цу, фесæф! 

Лæппу йæхи иуварс аппæрста. Зымæгон уазал æхсæв æй аныхъуырдта, фæтары. 

Къуыбырхъус сылгоймагмæ хæстæг æрбацыд, йæхи йыл ахафта, цыма, давæгыл кæй нæ рæйдта, скъæтмæ йæ кæй бауагъта, уый тыххæй дзы хатыр куырдта. Æмæ... уый дæр сыхæгтыл æууæнды æмæ... Цы аххосджын у, æндæр æй Хъариан лæдзæгдзагъд фæкæнид. 

— О, мæ бон, цы рæстæг цæрæм, цы! — ныууынæргъыдта сылгоймаг, йæ армытъæпæнтæй йæ цæсгом амбæрзта: скæуынмæ йæ бирæ нал хъæуы. Дæ хъæлæсы дзаг ныббогъ кæн, фæлæ не скæудзæн: йæ бинонтæ йæ куы фехъусой... Уыдон хъуамæ æппындæр мацы зоной. Бонивайæнтыл сæм давæг æрбацыд, æмæ чи? Сæ хæрз сыхаг — Хадзыбечыр. Нæ! Ничи сæм æрбацыд. 

Хъарианы уæнгты цыдæр æнахуыр уазал риз ацыд, йæ буар ныддыз-дыз кодта. Æдзæмæй лæууы, цыма уадзыг баци. Хадзыбечыр... сæ сыхаг — давæг. Никæмæн æй зæгъдзæн, йæ дзыхæй никæд схаудзæн. Йæ цот, йæ файнусты цот — сæ тæккæ рæзыныл, сæ тæккæ æррайыл, æмæ уыцы æвзæримæ се ’хсæн исты куы ’рцæуа. Хуыцау бахизæд. Уыдонæн сæ цард нырма разæй и æмæ... Нæ-æ... Никæд æй зæгъдзæн. Никæмæн æй зæгъдзæн. 

 

***
 

Æмæ уыцы сусæгдзинад бирæ азты дойнаг дурау йæ риуы фæхаста. Куыд нæ йыл уæз кодта, йæ риу ын куыд нæ сыгъта, уæддæр йæ дзыхæй никæд схауд. 

Æруатон, кæддæр арты хуызæн, лæджыхъæдджын, бинонтæ дарæг, бинонтæ хæссæг сылгоймаг уадзыгæй хуыссыд, сынтæг æй йæхимæ нылвæста. Йæ хъæлæс къæзыд, дзырдта ма тыххæй. Бамбæрста: йæ царды фæстаг бонтæ æрхæццæ сты, æмæ мæ фыд Æмзормæ фæдзырдта. Уаты чи уыд, рынчынфæрсджытæ, уыдонæн йæ къухы змæлдæй ацамыдта: ацæут уал, мæ фыртимæ мæ иу чысыл рæстæг хицæнæй бауадзут. 

...Уат — æдзæм сабыр. Æрмæст хъуысы зæронд усы риуы хæр-хæр, йæ тыхулæфт, йæ дзыхæй уæлдæф ахсы. Хæрдмæ, цармæ джихæй кæсы, йæ цæстытæ дзагъыр — нæ сæ ныкъулы, æмæ фырт фæтарст: 

— Хъариан, — йæ мæллæг, стæгдар къухтæ йын йæ армытъæпæны æхсæн бакодта, цыма сын уазал у. Æмæ, æцæгдæр, цы уазал сты. Мад æдзæм, джихæй цармæ кæсы. Æмзоры ’рдæм йæ сæр разылдта, йæ цæстытæ йыл æрæвæрдта, йæхимидæг базмæлыд, тыхстызмæлд. Цыдæр æнахуыр мидхъуырдухæн кæны. 

Бирæ азты фæстæ, ныр, мæ фæззæг нæ, фæлæ мæ зымæджы къæсæрыл куы лæууын, мæ сæры иу сау хал куынæуал и, уæд бамбæрстон: мæ фыдымад лæууыд цардæй мæлæты арæныл æмæ артæй доны æхсæн бахауд. Цы кæна? Кæддæр сын сæ сыхаг Хадзыбечыр сæ бæх куыд давта, уый зæгъа æви нæ? Уыцы сусæгдзинад мæрдтæм йемæ ахæсса æви йæ схъæр кæна? Йæ фырт... йæ фырт ныр гъæйтт-мардзæ лæг у, сонт, æнæрхъуыды ми нæ бакæндзæн, æнæууылд ныхас дзы нæ сирвæздзæн. Уадз... уадз зонæд æцæгдзинад. Æрмæст йæ дзыхæй макæд схауæд. Æмзорæн дæр, Хадзыбечырæн дæр — цот, цоты цот, къабæзтæ, æмæ цард хъахъхъæнын хъæуы. 

Æмæ Хъариан, йæ хъæлæс къæзыд, уæлдæф-иу йæ хъуыры акъуыбар, йæ ныхас æрдæгыл скъуыд, афтæмæй радзырдта, кæддæр сын сæ сыхаг сæ бæх куыд давта, уый. Æмзор æдзæмæй бадт, уыцы хабар ын уыд арвæй дур æрхауæгау: уый та куыд? Йæ хорз, йæ иузæрдион сыхаг кæй æнхъæлдта, уый... Фæлæ дзы иу ныхас не схауд. Йæ мад — мæлыны къахыл, æмæ йын уый йæ зæрдæйæн — дыккаг рæхуыст. 

Цалдæр сахаты фæстæ Хъариан йæ цæстытæ бахгæдта. 

***
 

Мæ фыд Æмзор æруæззау, æруатон. Кæддæр, дæргъæй-дæргъмæ хъайваны иу кæрон-иу чи æрхæцыд æмæ-иу æй æнцонæй иуварс чи байста, нæ! — баппæрста; бæхты бричкæйы къорыпп, нартхорæй йедзаг æмæ, цæмæй бæхтæ æнцонæй разилой, уый тыххæй-иу бричкæйыл æд къорыпп фæсте чи схæцыд æмæиу æй цалдæр метры иуварс чи бахаста, уыцы домбай, хъаруджын лæгæн йæ лулæ райсын дæр стыр зын сси. Æрхæццæ сты мæ куыстдзагъд фыдæн йæ фæстаг бонтæ, æмæ скарста: кæддæр йæ мад Хъариан дойнаг дурау йæ риуы цы сусæгдзинад фæхаста æмæ кæддæр ууыл кæй баууæндыд, уый йе ’нусон дунемæ йемæ нæ ахæсдзæн: уадз, йæ цотæй йæ чидæр зонæд. Æмæ мæм фæдзырдта. Уаты иунæгæй куы баззадыстæм, уæд мын радзырдта ацы хабар. Æнахуыр хабар. Йæ мад æмæ йæхи сусæгдзинад. 

 

***
 

Мæ фыд ацы дунейæ ацыд 1987 азы. Уæдæй фæстæмæ æз дæр уыцы сусæгдзинад хæссын мемæ, мемæ æмдзу кæны. Æртæ фæлтæры сусæгдзинад. Чи зоны, исчи зæгъа: «Æмæ уым диссагæй цы ис? Адæм кæрæдзийы куы марынц, адæймаджы мард бындзы мардæй уæлдай куынæуал у, æфсымæр æфсымæрмæ топпы кæсæнæй кæсын куы райдыдта...». 

Æмæ раст сты. Чи зоны, уадиссагæй дзы ницы ис. Фæлæ уый — æддаг бакастæй, æнæ бæлвырд ахъуыды кæнгæйæ, æнæ райсомыл асагъæс кæнгæйæ. Ныхас сырддонцъиу нæу, суагътай йæ — спæр-пæр кодта æмæ атахт. Нæ, афтæ нæу. Ныхас топпы нæмыг у, фæстæмæ раздахæн ын нал и. Ныхас хъамайы рæхуыст у. Абон нæ, фæлæ райсом цы расайдзæн, уый дæр — хъуыдыйаг. 

Æз дæр Хадзыбечыры хорз зыдтон. Æнусон ницы ис, нал сты нæ хистæртæ, азтæ дугъон бæхау тæхынц. Хадзыбечыр раджы амард, амард йæ бинойнаг дæр. Нæ сыхæгтæ, æмæ, ай-гъайдæр, сæ зианты сæмбæлдтæн. Сæ цот — æртæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Дыууæ дзы — иу лæппу æмæ иу чызг — ацы дунейæ ацыдысты. Иннæтимæ, уæлдайдæр дыууæ лæппуимæ — мæнæй хистæр сты — арæх сæмбæлæм. Цæрæм горæты. Æмæ нæ куы циндзинад иу кæны, куы — зындзинад. Уæдæ, нæ райгуырæн хъæуы исты хъуыддаг куы вæййы, уæд уырдæм дæр æнæ цæугæ куыд уыдзыстæм. Мæ бон сæ æвзæр зæгъын ницы у: уæздан, æфсармджын, æгъдаудæттæг лæппутæ. Кæрæдзиуыл бацин кæнæм, уавæр куыд фæамоны, афтæ аныхас кæнæм. Фæлæ, диссаг. Адæймаг... адæймаг æнахуыр диссаг у: цæмæндæр мæ зæрдыл æрбалæууы, сæ фыд Хадзыбечыр нын кæддæр нæ бæхы куыд давта, уый. Цæмæн, цæмæн æрбалæууы, цымæ, мæ зæрдыл? Уæдæй нырмæ цæйбæрц рæстæджытæ рацыд, уæддæр. Никуы никæмæн æй загътон, фæлæ йæ ныр ныффыстон. Æрмæст нæ кæддæры сыхагæн йæ ном аивтон. Уадз, æртæ фæлтæры сусæгдзинад сусæгдзинадæй баззайæд. Æви нæ — ныр сусæгдзинад нал у. 

 

2009 аз, июнь-июль 

 

 

 

МÆ ФЫДЫ ЦÆСТЫТÆ
 

Нæ бинонтæй, мæ зæрдæмæ хæстæг адæмæй ацы дунейæ чи ацыд, уыдоны мæлæтыл цас фылдæр рæстæг цæуы, афтæ мæ дарддæр нæ кæнынц, фæлæ... хæстæгдæр. Æрмæст мæм уыдон нæ хæстæгдæр кæнынц, фæлæ æз... Не ’хсæн цы рæстæг и, уый иу бонæй иннæ бонмæ цыбырæй-цыбырдæр кæны, фæндаг тайы. Афтæ у цард. Æрдзы æнæфыст закъонтæ цыфæнды, суанг сызгъæринæй фыст закъонтæй дæр, тыхджындæр сты, мингай æмæ мингай азты дæргъы нæ ивынц, æххæстгонд цæуынц зæххы къорийы алы ран дæр. 

Рæстæг, дам, хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у. Чи зоны, чи зоны, кæмæндæр, фæлæ... Нæ! Уый бынтон раст нæу. Хатгай, цалдæргай сахæттæ нæ, фæлæ бонтæ мæ фырт Уырызмæг æмæ, мæ зæрдæмæ хæстæг чи уыд, уыдонимæ баст хъуыдыты æвджид бахауын, æртыхсынц мыл, æрбагуылф кæнынц. Æз вæййын сæ уацайраг. Æвиппайды, æнæнхъæлæджы нæ бинонтæй чи ацыд ацы дунейæ, уыдонæй куы сæ иу, куы сæ иннæ мæнæн вæййы æгас. Фæхъусын ын йæ хъæлæс, йæ ныхас; фæуынын йæ чысыл змæлд дæр, йæ улæфт мæ зæрдæйыл фембæлы. Чи сæ кæд ацыд, раджы æви æрæджы, уый нымад нал вæййы. Рæстæджы цалх фæстæмæ æрзилы, ивгъуыд сног вæййы, фæцæрæм иу рæстæг. 

...Мæ фыд Æмзор сабыргай йæ лæдзæджы æнцæйтты сыстад. Хатгай сыстын нæ фæфæразы, æмæ бинонтæй йæ цуры исчи куы вæййы, уæд æм йæ цæнгтæ сивазы, æмæ йæ уый æнæзæгъгæйæ фæзоны: сыстын æй фæнды æмæ йын феххуыс хъæуы. Бинонтæй йæ цуры ничи и, уæд адзуры: 

— Кæм стут? 

Æмæ чи фæразæй уа, уый йæ цуры алæууы, уый йын йæ цæнгтыл схæцы, уый йын йæ дæлæрмтты йæ къухтæ бакæны æмæ йын сыстынæн феххуыс кæны. 

Æрхауд, бынтондæр æрхауд Æмзор нæ мады амарды фæстæ, цыма йын исчи йæ къæхтæ цæвæгæй ракъуырдта: йæ зæнгтæ æппындæр йæ коммæ нал кæсынц, сæцæгæлон ын сты, нал æй хæссынц, йæ быны кæрдæджы хæлттау фæдыдагъ вæййынц. Кæддæр метры дæргъæн къахдзæфтæ чи кодта, уымæн ныр уыдисны йас дæр нал сты йæ къахдзæфтæ. Лоджæмæ кæнæ балкъонмæ ацæуа, уымæн æй бахъæуы цалдæр минуты, йæ алы акъахдзæф дæр ын — зын, хъизæмайраг. Хауæгау бандоныл æрбады æмæ йæ мигъбадт цæстытæй æнæныкъулгæйæ джихæй æддæмæ, кæдæмдæр фæкæсы, кæдæмдæр нымдзаст вæййы. Æмæ афтæ — сахатгæйттæ... Æдзæмæй фæбады. Æмæ æддæмæ кæсдзæн æмæ кæсдзæн. Йæ цуры исчи ис æви нæй, исчи йæ хъусы æви нæ, уæддæр фæзæгъы: Чендзе куыд æрæгмæ цæуы. 

Æмзор бандоныл йæхи æруагъта. Нæ! Æрхауд. Æмæ цыма цыдæр уæззау уаргъ йæ уæхсчытæй ахауд, æмæ йын фенцон, афтæ йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, ныууынæргъыдта. Цалдæр къахдзæфы ацæуын дæр ын хохы сæрты ахизæгау у. Азтæ! Азтæ! Куыд æгъатыр стут. Цæмæй йын фæтæрсын: бандоныл, куыд æмбæлы, афтæ куы не сбада, бандон æй куы фæсайа. Æмæ хæдзары куы вæййын, уæд, куыд ницы бафиппайа, афтæ йæ фæстæ кæнæ йæ фарсмæ фæцæуын — ацахсынæввонг. Йæхиуыл мæ хæцын нæ уадзы, йæ сæрмæ йæ нæ хæссы. Йæ бон ницыуал у, кæддæры домбай, бæрзонд, сæвджын лæг баруад, тайы, фæлæ ма уæддæр бирæ лæгтæй бæрзонддæр, фæтæнуæхскдæр æмæ уæззаудæр у. 

Сбадт. Йæ цæнгтæ йæ уæрджытыл сабыргай хъавгæ æруагъта, цыма уыдон ауæдзы галтæ сты æмæ сæ фæллад уадзынц, афтæ мæм кæсы. Æмæ та ныджджих, йæ цæстытæ нæ ныкъулы, афтæмæй, гом рудзынгæй дард кæдæмдæр, æрвгæронæй йæ мигъбадт цæстытæ нæ исы. Æдзæмæй бады æмæ кæсы, æмæ кæсы, йæ лулæ дымын дæр дзы байрох. Æз... æз æй хорз зонын, кæдæм æмæ цæмæ кæсы, уый: мæ мады, йæ цардæмбалы агуры, уымæ æнхъæлмæ кæсы — цыма æрвгæрон фæзындзæн, æрбацæйцæудзæн... 

— Чендзе... Чендзе куыд æрæгмæ цæуы, — мæнырдæм сабыргай йæ сæр разылдта, йæ цæстытæ мыл æрæвæрдта æмæ мæм æдзæмæй кæсы. — Чендзе нырмæ кæм и?.. — фæрсы мæ, агуры мæ дзуапп. Æмæ канд йæ цæстæнгасæй, йæ хъæлæсы уагæй нæ — йæ буары алы стъæлфтæй дæр. Фæрсы мæ: дæ мад афтæ куы никæд фæстиат кодта, уæд ныр кæм и? Кæдæм ацыд? Кæд фæзындзæн? Æнхъæлмæ кæсынæй мæ цæстытæ куы ныуурс сты... 

Мæ фыд мæ агуры дзуапп, бæлвырд дзуапп. Нæ, дзуапп уыйбæрц нæ: мæ фыд мæ агуры æххуыс. Æмæ... Æмæ цы кæнон? Дунейыл ын мæ бон баххуыс ницæмæй у. Зæххы скъуыды ныххау æмæ... 

Æмзор мæ йæ цæстытæ нæ исы: цæуыннæ исты дзурын, дзуапп ын цæуыннæ дæттын? Æмæ йын цы зæгъон? Ехх, йæ цуры куынæ фæуыдаин ацы минут! Зындоны минуттæ. 

— Тагъд æрбацæудзæн, ма тыхс. Тагъд æрбацæудзæн. — Ацы цалдæр ныхасы фыццаг хатт нæ зæгъын, уæддæр мын мæ хъуыр æхгæнынц. Тыххæй... тыххæй мæ схауынц. Æмæ мыл ныртæккæ арв рафæлдæхдзæн, мæ буар ризы. 

— Хорз уæдæ. — Æмæ мæм фыццаджы хуызæн æдзæмæй нал кæсы, йæ цæстытæй мæ тыхфарст нал кæны, тыхагуырд мæ нал кæны дзуапп. Цыма йæ цæстытæ чысыл фæрухсдзастдæр, фæцардхуыздæр сты, цыма, цы бæзджын фæлм мигъ сыл ныббадт, уый атайынмæ хъавы. Æмæ кæсы, кæсы æрвгæронмæ. Чендзе уырдыгæй фæзындзæн æмæ... Æз... азгъор, нæ лоджæйæ мидæмæ дæхи аппар. Нæ! Уыциу гæпп акæн æмæ сынтæгыл ныххау, дæ цæсгом базмæ нылхъив æмæ хорз фæку, дæ хъæлæсыдзаг ныббогъ кæн. Фæку афтæ, æмæ куыд сафтид уай. Фæку афтæ, æмæ, ногæхсад хæцъил хуры зынг цæстмæ куыд ахус вæййы, афтæ куыд бахус уай. Фæлæ... Нææ, мæнæн уый гæнæн нæй: уæд нæ фатер иууылдæр кæуын фестдзæн. Уæддæр цæстытæ доны зилынц. Æмæ цæмæй ма скæуон, уый тыххæй ме ’нгуылдзтæ здухын, цъæл сæ кæнын. Уадз, асæттæнт. 

Лоджæйæ, мæ фыды цурæй хъуызæгау рацыдтæн, мæ цæсгомыл уазал дон скалдтон. 

О мæ уæздан, мæ фæрнджын фыд! Сайын дæ, сайын дæ, æмæ мын ныббар, ныххатыр мын кæн. Мæ бон æндæр ницы у. Зонгæ-зонын дæ фæливын æмæ цы кæнон. Дæуæн дæ цардæмбал, æртиссæдз азы «а» æмæ «о»йæ кæимæ фæцардтæ, æртиссæдз азы царды гакъон-макъон фæндæгтыл кæимæ фæцыдтæ, фараст сывæллоны дын чи балæвар кодта, мæнæн та мæ мад — Чындз, «Чындз» æй хуыдта дæ мад æмæ цæрæнбонтæм Чындзæй баззад, ды дæр æй Чендзе уымæ гæсгæ хуыдтай уый... уый кæдæм ацыд, уый у ацу æмæ ма ’рцуйы фæндаг, уырдыгæй фæстæмæ здæхæнтæ нал и. Дзæгъæлы, дзæгъæлы ма йæм æнхъæлмæ кæсыс, дæхицæн ма дзæгъæлы ныфсытæ æвæрыс. Уый нæ æнустæм ацыд, уырдыгæй рацæуæнтæ нал и. 

Арæх дызæрдыджы бахауын: Æмзоры, нæ мад нал и, уый-иу дзы рох фæци, æви... Æвæццæгæн, æвæццæгæн-иу дзы ферох. Æви, амард, уый йæ нæ уырныдта, æгас æнхъæл ма йын уыд æмæ йæм æнхъæлмæ каст. Нæ-æ, уымæн нæ амард! Мæнæ ныртæккæ æрбацæудзæн, йæ фарсмæ æрбаддзæн æмæ сабыр, фæлмæн хъæлæсæй цæуылдæр дзурдзысты, ныхас-иу куы сæ иу айсдзæн, куы сæ иннæ. 

Фæлæ нæ гыццыл, нæ фæлмæн мад нæ зынд. Фæлæ йæм нæ фыд уæддæр æнхъæлмæ каст. Æнхъæлмæ йæм каст, сывæллон йæ мады æрбацыдмæ куыд фенхъæлмæ кæсы, афтæ. Нæ мад-иу йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд-иу, бæргæ, уыцы рæстæг йæ цуры куынæ фæцадаин. Фæлæ-иу цæмæндæр арæх, тынг арæх уæд йæ цуры фæдæн! Æви мæнмæ афтæ каст... 

Нæ бинонтæ иууылдæр, бæргæ, архайдтам, цæмæй нæ фыд йæхимæ ма ныхъхъуса, æнкъард сагъæсты азары ма бахауа. Фæлæ... Нæ мад йæ зæрдæйы, йæ царды цы бынат ахста, уый афтидæй баззад, уыимæ йæ царды иу хай ахауд. Æмæ нæ фыд нæ мады амарды фæстæ æххæст лæг нал уыд. 

...Уыцы мигъбадт, æнкъард сагъæсæй се ’мыдзаг дынджыр цæстытæ... Æнхъæлмæ кæсынц. Æнхъæлмæ кæсынц æдзæмæй, дард кæдæмдæр æрвгæронмæ нымдзаст сты. Чысыл ма, æмæ доны разилдзысты, ставд къуыбар цæссыгтæ сæ æрызгъæлдзæн: «Куыд æрæгмæ зыны Чендзе?..» Æмæ йын цы зæгъон? 

 

***
 

Аз æмæ æрдæджы фæстæ мæ мад æмæ мæ фыд сæмбæлдысты: мæ фыд æм йæхæдæг батагъд кодта. 

Æз уæд уыдтæн Коктебелы фысджыты сфæлдыстадон хæдзары. Æмæ — теллеграммæ: мæ фыд нал и. Тагъддæр! Тагъддæр сæмбæл! Æмæ схæццæ дæн сихорыл, уæлæуыл йæ фæстаг бон. Йæ цурмæ бацыдтæн, сылгоймæгтæ тынгдæр ныккуыдтой, Бутаты Тамарæ ныхъхъарæг кодта. 

Æз цæмæндæр сылгоймæгты фарсмæ сбадтæн æмæ мæ фыды ныхыл, йæ рустыл мæ уырзтæ хастон. О, зонын æй, æнæмæлгæ дуне нæй, фæлæ уæддæр... Мæлæт, афтæ æгъатыр цæмæн дæ? Нæ мад нал и. Ныр та нæ фыд фæцæуы. Фæцæуы, нæ бинонты, нæ хæдзарвæндаг нын кæмæй зыдтой, нæ хæдзар фæрнджын кæмæй уыд, уый фæцæуы... 

Иу рæстæг... Цыма Æмзорæн йæ цæстытæ байгом сты, афтæ мæм фæкаст. Фæлурс, мигъбадт, фæллад, сагъæсæй се ’мыдзаг цæстытæ. Æмæ æгас куы уыд, уæд-иу мæ куыд фарстой, афтæ мæ фæрсынц: 

— Чендзе кæм и? Куыд æрæгмæ зыны?.. Кæд æрбацæудзæн? — Æмæ йæ уæззау цæсты уæлтъыфæлттæ æрæхгæдта. 

Æз мæ армытъæпæнтæй мæ цæсгом амбæрзтон, ирон æфсарм мæ нæ урæдта, уæд чырыны цурæй мæхи иуварс аппæрстаин. 

Фæцæуы, фæцæуы нæ фыд Æмзор йæ царды фæстаг фæндагыл, фæлæ ма уæддæр йæ зæрдæ æхсайы: æнхъæлмæ кæсы нæ мад, йæ иузæрдион цардæмбал Чындзмæ — Чендземæ. Агуры йæ. Фæстаг хатт ма йæ агуры уæлзæхх дунейы. 

Цы уыд уый? Мæ фыды цæстытæ æцæг байгом сты æви мæнмæ афтæ фæкаст? Йæ цæстытæ ма нæ мады фæстаг хатт агуырдтой æви... Нæ зонын. Абон дæр ын ницы зонын. 

Цæуы рæстæг, азтæ кæрæдзийы ивынц. Фæлæ уыцы цæстытæ, мæ фыды цæстытæ, æнкъард, фæллад, сагъæсæй се ’мыдзаг мигъбадт цæстытæ... Нымдзаст мæм вæййынц æмæ мæ фæфæрсынц: 

— Кæм и? Кæм и Чендзе? Кæд æрбацæудзæн? Куыд æрæгмæ зыны?.. 

Æмæ сын цы дзуапп раттон? Цы сын зæгъон?.. 

 

2009 азы июль 



<==    Комментарии (1)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»