(Аргъау)
Иу лæг донбылты фæцæйцыд. Кæсы, æмæ дын иу сынт мыст фæхæссы. Лæг ыл дур фехста, сынт фæтарст æмæ мысты суагъта. Уый доны ныххауди, лæг æй уырдыгæй систа æмæ йæ сæхимæ æрбахаста. Зæнæг ын нæ уыд æмæ скуывта: «Тæхуды, ацы мыст мын чызг куы фестид!» Æмæ мыст чызг фестади. Чызг куы байрæзт, уæд æй лæг иуахæмы бафарста: «Моймæ фæцæуын дæ кæмæ фæнды?» Чызг ын дзуапп радта: «Дунейыл æппæты тыхджындæр чи у, уымæ». Лæг хурмæ фæцыд æмæ йæм бахатыди: «Хур! Мæ чызг дунейыл æппæты тыхджындæрæй мой скæнинаг у, æмæ а дунейыл дæуæй тыхджындæр нæй. Ракур мын мæ чызджы!» Хур ын дзуапп радта: «Æз æппæты тыхджындæр нæ дæн. Мигътæ мæ бамбæрзынц».
Лæг мигътæм фæцыд æмæ сæм бахатыди: «Мигътæ! Сымах алкæмæй тыхджындæр стут. Ракурут мын мæ чызджы!» Мигътæ йын дзуапп радтой: «Нæ, мах алкæмæй тыхджындæр не стæм. Дымгæ нæ йæ уæлныхты ахæссы».
Лæг дымгæмæ фæцыд æмæ йæм бахатыди: «Дымгæ! Ды алкæмæй тыхджындæр дæ. Ракур мын мæ чызджы!» Дымгæ йын дзуапп радта: «Æз алкæмæй тыхджындæр нæ дæн. Хæхтæ мæ бауромынц».
Лæг хæхтæм фæцыд æмæ сæм бахатыди: «Хæхтæ! Мæ чызджы мын ракурут! Сымах алкæмæй тыхджындæр стут». Хæхтæ йын дзуапп радтой: «Махæй тыхджындæр — уыры. Æхсынын нæ байдайы».
Лæг уырымæ фæцыд æмæ йæм бахатыд: «Уыры! Ды алкæмæй тыхджындæр дæ. Мæ чызджы мын ракур!» Уыры сразы и. Лæг чызгмæ æрбаздæхт æмæ йын загъта: «Уыры алкæмæй тыхджындæр у: хæхты æхсыны, хæхтæ бауромынц дымгæйы, дымгæ йæ уæлныхты ахæссы мигъты, мигътæ бамбæрзынц хуры, æмæ уыры разы у дæ ракурыныл». Чызг батыхстис: «Уæууа, уæдæ ныр цы кæнон? Уырыйæ куыд смой кæнон?» Лæг скуывта: «Тæхуды, мæ чызг та ногæй мыст куы фестид!»
Чызг мыст фестад, æмæ мыст уырымæ моймæ фæцыд.